Æмбæлттæ салдаттæ æмæ сержанттæ!

Æмбæлттæ афицертæ æмæ инæлартæ!

Цытджын æмбæстæгтæ, зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын паддзахадон бæрæгбон – Республикæ Хуссар Ирыстоны боны цытæн!

33 азы рацыд, нæ адæмон депутаттæ адæмы фæндон царды биноныг кæнгæйæ, автономон областы Республикæ Хуссар Ирыстонмæ  раивыны тыххæй уагæвæрд куы райстой æмæ суверенитеты тыххæй та  деклараци куы райстой, уыцы историон бонæй.

1990 азы 20 сентябрь Хуссар Ирыстоны адæмæн ссис хъысмæтскъуыддзаггæнæн бон, бындзарыл фæивта нæ адæмы цард сæрибардзинады æмæ хæдбардзинады ‘рдæм.

Уый уыд, йæ райдайæн нысаниуæгджын – хъайтарон æмæ трагикон цаутæй бæрæг кæмæн æрцыд, ахæм ног дуджы райгуырд. Уыцы цаутæ емыдзаг уыдысты драматизм, бæрзонд патриотизм, хæстон удварн æмæ æмбæстагон сгуыхтдзинæдтæй.

Хуссар Ирыстонæн  суверенитет расидын уыд ныфсхаст дзуапп Гуырдзыстоны æрдыгæй националон дæлдзиныг æмæ культурон геноцидæн, дискриминаци, ирæттæн сæ мадæлон æвзагыл дзурын нæ уадзын, сæ национ культурæ сын дæлдзиныг кæнын æмæ сæ этниконæй куынæг кæнынæн æмæ Хуссар Ирыстоны бынтон скуынæг кæныны тыххæй гуырдзиаг лидертæ æргомæй сæ фæндон кæй загътой, уымæн.

Хуссар Ирыстоны æмæ йæ адæмы сæрибардзинад æмæ национ аккагдзинæдты бартæ  бахъахъхъæныны тыххæй хисæрмагонд паддзахад саразын уыд иунæг фæрæз.

Гуырдзыстон ирæтты ныхмæ геноцид сарæзта 1920 азы, уыцы Гуырдзыстон та дыууынæм æнусы кæрон  æппæт дæр арæзта, цæмæй нын ма уыдаид Райгуырæн бæстæ, национ аргъадтæ, фидæн, Хуссар Ирыстоны зæххы цъарæй схафтаид, нæ адæмы сæ зонгуытыл æрлæууын кодтаид æмæ сæ ныссастаид.

Ирæттæ сæ бартæ кæй хъахъхъæдтой, уый тыххæй сызнæтуæвæг гуырдзиаг хицауад Хуссар Ирыстоны барадон къахдзæфты ныхмæ пайда кæнын райдыдтой гуымир тыхæй, тугкалæн хæст расидгæйæ.

Гуырдзыстоны бодзтæ, сæ бирæнымæц гарзджын баиугæндты ныфсæй æнхъæлдтой   æнæ хæцæнграрз Хуссар Ирыстоны цыбыр рæстæгмæ ныддæрæн кæнын, фæлæ сæ сæ фын фæсайдта. Гуырдзиаг хæстонты раз æрлæууыдысты, тас чи нæ зыдта, нæ уыцы хæстонтæ æмæ сæ риуæй хъахъхъæдтой сæ Фыдыбæстæ.

Хуссар Ирыстоны адæмы фарс уыдысты иудзинад, æнгомдзинад, сæрибардзинадмæ тырнынад æмæ сæ рæстагон хъуыддагыл æууæндыны æнкъарæнтæ.

Хæст, блокадæ, æрдзон æнамонддзинæдтæ, уды зиæнттæ æмæ уæззау фыдæвзарæнтæ, æппæт уыдæттæ бавзæрстой нæ адæм, фæлæ сæ равзаргæ фæндагæй иу къахдзæф дæр нæ фæиппæрд сты.

Зынагъ æмбæстагонтæ, хæлæрттæ!

Нæ адæм никуы ферох кæндзæн йæ хъайтарты – сæрибардзинады æмæ хæдуагæвæрды змæлды ветеранты, Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад чи сарæзта æмæ йæ чи сфидар кодта, Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ чи растад, йæ уыцы хъайтар хæстонты, хæстон дуджы Хуссар Ирыстоны чи нæ ныууагъта, фæтæгены лампæты дыдзы рухсмæ æмæ æхстыты бын уæззау операцитæ цы дохтыртæ арæзтой, æхстыты бын скъолаты уроктæ чи уагъта, университеты та – лекцитæ, уыцы ахуыргæнджыты, дзул чи кодта æмæ уазал цехты хæцæнгæрзты чи цалцæг кодта, уыцы кусджыты, фæндæгтæ чи гæрзта æмæ æхстыты бын цæфты чи ласта, уыдоны.

Нæ адæм уæ бузныг сты уæ æхсардзинад æмæ фидар удыхъæды, кæронмæ уæ æмбæстагон æмæ хæстон хæс кæй æххæст кодтат, Республикæйыл кæй æууæндыдыстут, уæ хæстон хъайтардзинæдты æмæ удуæлдай куысты тыххæй.

Сымах кæддæриддæр цæвиттон уыдзыстут ног фæлтæртæн. Уыдон дæр, сымахау, цæттæ уыдзысты сæ райгуырæн Хуссар Ирыстоны бахъахъхъæнынмæ, сымахау сæ фæллойæ ифтонг кæндзысты сæ Фыдыбæстæйы рæзт æмæ дидинæфтыд.

Рухсаг уæнт, абоны райдзаст æмæ хъæлдзæг бæрæгбоны циндзинад чи нал æрæййæфта, йæ цард Хуссар Ирыстоны сабырдзинады тыххæй чи радта, уыдон,  рухсаг уæнт, йæ цард хæст кæмæн аскъуыдта кæнæ йæ зæрдæ кæмæн не сфæрæзта уæлахизы тыххæй монон æмæ физикон тыхты æдзухон æндыгъддзинад, уыдон.

Ссарæм сын сæ рухс ном.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Хуссар Ирыстоны адæмы саразгæ паддзахаддзинады бындур æвæрд æрцыдысты иумæйагадæймагон принциптæ æмæ национ идеятæ, дырысæй бæрæг æрцыдысты сæ нысæнттæ, æнæфæцудгæ фæндон æмæ равзаргæ фæндагыл æууæндындзинад нæ республикæйы æркодтой сæрибардзинадмæ æмæ нымад паддзахадмæ.

Хуссар Ирыстоны адæм фенын кодтой, сæ бон кæй у, æрмæст республикæ расидын нæ, фæлæ демократийы принциптыл сæрмагонд паддзахад саразын æмæ йæ ба-хъахъхъæнын, сæ бон кæй у экономикæйы райрæзын кæнын, нæ Фыдыбæстæйы зæхх ноджы рæсугъддæр кæнын.

Ивгъуыд дæсазонтæм акæсгæйæ, мах уынæм, нæ бæстæйы цы ивындзинæдтæ æрцыд, кæцы сæндидзыдта æртхутæгæй æмæ ныртæккæ сабырæй æмæ амонд-джынæй цæры. Республикæ чи сарæзта æмæ йæ бахъахъхъæдта, уыдон ацы сабыр æмæ амондджын царды тыххæй, сывæллæтты, зæнæджы зæнæджы тыххæй куыстой, æмæ сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, тох кодтой.

Иууыл уæззаудæр бонты нæ фарсмæ уыдысты нæ хæлæрттæ, фыццаджы фыццаг Уæрæсе, уыимæ нæ æнустæм  сбаста историон иудзинады хъысмæт. Уæрæсеимæ кæддæриддæр иумæ стæм сабыр царды рæстæджы дæр  æмæ хæстон азты дæр, циндзинады дæр æмæ уæззау фыдæвзарæнты дуджы дæр.

Алкæддæр уæззау рæстæджы Уæрæсейæн йæ бон цас уыд, уый дих кодта æфсымæрон адæмимæ, мæлæтæй тæссаг рæстæджыты-иу æрцыд æххуысмæ.

Уæрæсейы руаджы нæ адæм бафæрæзтой æмæ æрцыдысты уæлахизмæ, фæстæдæр та – Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй  нымад паддзахадон хæдбардзинадмæ. Уый мах никуы ферох кæндзыстæм.

Мах сæрыстыр стæм Уæрæсеимæ нæ æнгом хæлардзинад æмæ æмцæдисадæй, уыдон арæзт æрцыдысты иумиаг æргъадты иудзинады бындурыл, ивгъуыды иумиаг историйыл, бирææнусон хæстон æмхæларады бындурыл. Ахæм ахастытæн мах стыр аргъ кæнæм æмæ дарддæр дæр кусдзыстæм сæ размæцыд æмæ фидар кæныны здæхты.

Хуссар Ирыстонæн ацы нысаниуæгджын бон мæ хæсыл нымайын  ноджы æмæ ноджы Уæрæсейæн, йæ адæм æмæ сæ бæстæйы къухдариуæгадæн стыр бузныг зæгъын.

Цытджын хæлæрттæ!

Уæрæсейы æфсымæрон æххуысыл æнцой кæнгæйæ, мах æмбарæм, дард 1990 азы нæ хъысмæт нæхи сæрмагонд къухтæм райсгæйæ, сæрибардзинад æмæ хæдбар рæзты фæндаг равзаргæйæ, нæ адæм сæхæдæг дзуапп кæй дæттынц сæ Фыдыбæстæйæн, æмæ нæ бæстæйы сомбон æмæ ног фæлтæрты фидæны тыххæй дæр бæрндзинад нæхиуыл кæй ис.

Глобалон масштабы цы вазыгджын цаутæ цæуы, уыдонмæ нæкæсгæйæ, социалон-экономикон рæзты хъуыддаджы мах ныфсхастæй цæуæм размæ. Кæддæриддæр, алы рæстæджыты дæр нын нæ къух аразы нæ тыхтыл æмæ нæ адæмыл æууæнк.

Нæ истори, бирæ азты уæззау æвзарæнтæ æмæ æндыгъд куыст нын бахсыстой нæ адæмы  характер æмæ йæ сахуыр кодтой хъæддыхдзинадыл.

Нæ адæмы иудзинады руаджы мах адарддæр кæндзыстæм нæ фæндаг æмæ размæ цæудзыстæм, цадæггай нæ республикæйы æндидзын кæнгæйæ.

***

Ноджыдæр уын арфæ кæнын бæрæгбоны цытæн! Уадз, нæ Фыдыбæстæйы сæрмæ кæддæриддæр уæнт сыгъдæг арв, нæ бæстæйæ макуы рацух уæд иудзинад, разыдзинад æмæ фæрныгад! Уадз нæ адæмы сомбон уæнт хъæлдзæг æмæ амондджын!

Уæлахиз уæд Ирыстон!

Уæлахиз уæд Стыр Уæрæсеимæ нæ æнæхæлгæ цæдис!

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.