РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта, Хуссар Ирыстоны бæрзондквалификациджын медицинон кадртæ цæттæ кæныны хайадисæг Уæрæсейы зонæдты академийы профессорты.

Цытджын церемонийы рæстæджы паддзахады сæргълæууæджы къухæй Хæлардзинады орден лæвæрд æрцыд УФ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады æдзухон профессионалон ахуырады фæдыл Уæрæсейы медицион академийы Президент Лариса Мошетовайæн.

Бибылты Анатоли йын бузныджы нæхæстæ загъта республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны рæзтмæ йæ хайбавæрды тыххæй æмæ ныфс бавæрдта РХИ  æмæ УФ-йы ‘хсæн дарддæры æмгуыста-дæй.

«Мæн ныфс ис, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн уыцы æмархайд арфдæр кæй кæндзæн. Ды цы куыст æххæст кæныс, уый у тынг эффективон», – загъта уый.

Йæ рады  Лариса Мошетова банысан кодта, ацы хорзæх ын æнæнхъæлæджы кæй уыд, уый.

«Бузныг дын  ахæм бæрзонд хорзæхы тыххæй. Ныфс мæ ис, мах пайда кæй уыдзыстæм Хуссар Ирыстоны адæмæн», – загъта уый.

Президент ма йæ къух æрфыста УФ-йы æнæниз-дзинад хъахъхъæныны æнæсцух профессионалон ахуырады фæдыл уæрæсейаг зонæдты академийы ректор Дмитрий Сычевы «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты цытæн» майданæй схорзæхджын кæныны тыххæй Барамындыл.

«Уый мæнæн стыр кад у. Мах алцыдæр аразæм, цæмæй размæ кæнæм Хуссар Ирыстоны æнæ-низдзинад хъахъхъæныны фæдыл республикæйы адæмы хæрзиуæгæн», – загъта Сычев.

Йæ рады уый та  паддзахады сæргълæууæгæн балæвар кодта чиныг, кæцы арæзт у, Стыр Фыды-бæстæйон хæсты рæстæджы адæмы цард чи ирвæзын кодта, уыцы æдзухон профессионалон ахуырады фæдыл уæрæсейаг медицинон зонæдты академийы дохтыртæ-рауагъдонтыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.