РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Республикæ Абхазы уæлвæткон уавæрты фæдыл министр Лев Квицинияйы.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Абхазы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан, Республикæ Абхазы Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Боциты Олег, РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг Бестауты Ацæмæз.

Уазджытæн арфæ ракæнгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, хæларадон Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы уæлвæткон уавæрты ведомствоты кусджыты æмгуыстады руаджы хуыздæр кæны кусджыты фæлтæрддзинад.

«Сымах Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министрадимæ ауагътат иумиаг ахуыртæ. Нæ республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ уыдысты сымахмæ, Абхазы, куыстой доны дæр æмæ хæхты дæр. Æмгуыстад кæй тынгдæр кæны, уый æнтыст-джынæй æндавы саперты, ирвæзынгæнджыты фæлтæрддзинадыл», – загъта уый.

Уымæй дарддæр ма, хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг арфæйы ныхæстæ арвыста Абхазы Президент Рауль Хаджимбамæ æмæ æппæт абхазаг адæммæ. Бафæндыд æй уыдонæн дидинæфтыд æмæ сабырдзинад, сæрмагондæй, Республикæ Абхазы президентон æвзæрстытæ уадзыны рæстæджы. «Фæнды мæ, цæмæй æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны дæр æмæ Абхазы дæр ацæуой сабыр уавæрты, æнæ эксцесстæй», – загъта уый.

Йæ рады  Абхазы уæлвæткон уавæрты министр Лев Квициния арфæ ракодта Бибылты Анатолийæн, афтæ хъармæй йæ кæй райста, уый тыххæй.  Уый банысан кодта, зæгъгæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты ведомствоты ‘хсæн æмархайд райдыдта, министрадтæн бындур  æвæрд куы æрцыд, уыцы бонæй. «Ис нæм фидæны стыр плæнттæ. Мах æмбарæм æмæ уынæм уæ фарсхæцынад æмæ нæ ныфс ис дарддæры æмгуыстадæй», – загъта уый.

Лев Квициния ма Хуссар Ирыстоны Президентæн загъта Абхазы къухдариуæгады арфæйы ныхæстæ, æфсымæрон республикæты ‘хсæн æхсæнпаддзахадон æмæ хæларадон ахастыты рæзтмæ йæ хайбавæрд банысан кæнгæйæ. «Ды Абхазмæ куы æрцæуыс, уæд демæ æрхæссыс хъармдзинад æмæ энерги æрмæст махæн нæ, фæлæ Абхазы æппæт цæрджы-тæн дæр. Стыр бузныг дын зæгъын уый тыххæй», – загъта уый.

Республикæ Абхазы РХИ-йы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Боциты Олег Рауль Хаджимбайы бахæсмæ гæсгæ бакаст Абхазы Президенты Барамынд Бибылты Анатолийæн «Республикæ Абхазы кадджын æмбæстаджы» ном радтыны тыххæй. «Абхазаг-хуссарирыстойнаг æхсæнпаддзахадон ахастыты рæзтмæ, Фæскавказы регионы сабырдзинад æмæ стабилондзинад сфидар кæнынмæ йæ хайбавæрды тыххæй Бибылты Анатолийæн лæвæрд æрцæуæд «Республикæ Абхазы кадджын æмбæстаджы  ном», – дзырдæуы Барамынды.

Йæ рады Бибылты Анатоли дæр бахатыд, цæмæй Рауль Хаджимбайæн зæгъой йæ арфæйы ныхæстæ. «Æз ацы ном хæсдзынæн сæрыстырдзинадимæ æмæ араздзынæн æппæт дæр дыууæварсон ахастыты дарддæры рæзты тыххæй», – загъта уый.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.