16-æм февралы Уæрæсейы Федерацийæ æрхуынд медиктæ – профессор, медицинон зонæдты доктор Ирина Холодова æмæ медицинон зонæдты кандидат Александра Горяйновайы йæхимæ райста РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Тъехты Алан. Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны фарстаты фæдыл æнæниздзинад хъахъхъæныны министры уынаффæгæнæг Игорь Галь, РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны фарстаты фæдыл Президенты уынаффæгæнæг Сиукъаты Радион, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон райрæзты министр Григори Кулиджанов æмæ йæ хæдивæг Плиты Агуындæ.

Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Тъехты Алан фыццаджыдæр уазджытæн загъта Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды арфæйы ныхæстæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, нæ бæстæйы къухдариуæгад æппæтдæр аразы, цæмæй нæ республикæ размæ цæуа. Стыр хъусдард здæхт цæуы æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазмæ. Уымæн æвдисæн сты æнæниздзинад хъахъхъæныны уы-цы объекттæ дæр , кæцытæ арæзт æрцыдысты æмæ дарддæр дæр арæзт цæуынц. Уымæй дарддæр ма тагъд рæстæджы байгом уыдзæн сывæллæтты рынчындон дæр. Ивгъуыд аз æмæ уый размæ азты районты арæзт æрцыдысты 18 фельд-шерон-акушерон пункты, арæзт æрцыд амбулатори, Куайса æфмæ Дзауы районы рынчындæттæ. Афтæ ма 2016 азы декабры мæйы къухтæ æрфыстæуыд 2017-2021 азтæн Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъа-хъхъæныны рæзты концепцийыл.

Тъехты Алан уазджытæм бахатыд, цæмæй дыууæ боны дæргъы цы куыст бакондæуыд, уыдоны фæстуджыты æмæ тæлмæнты тыххæй радзырдтаиккой.

Медицинон зонæдты доктор Ирина Холодова, фыццаджыдæр, стыр бузныг загъта ахæм стыр æууæнк сæм кæй равдыстой æмæ сæ кæй æрхуыдтой, уый тыххæй.

«Зæххыл бирæ специалисттæ, бирæ педиатртæ ис, æмæ стыр бузныг, Уæрæсейы медицинон академийы кæй равзæрстат, уый тыххæй. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ нæ академийы куыст кæй ис бæрзонд æмвæзадыл. Махæн тынг æхсызгон у, ардæм кæй æрцыдыстæм, мах алы хатт дæр цæттæ стæм ныхас кæнынмæ, нæ зонындзинæдтæ æндæртимæ дих кæнынмæ, уымæн æмæ уый у нæ куыст, нæ професси», – загъта Ирина Холодова.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстонмæ æрцæугæйæ, фыццаджыдæр фæхатыд Хуссар Ирыстоны кæй цæ-рынц тынг рæсугъд æмæ уазæгуарзон адæм.

«Дохтыртæ æмæ ныййарджытимæ ныхас кæныны рæстæджы бамбæрстам, проблемæтæ бирæ кæй ис, хъæуы æнæниздзинад хъахъхъæныны къабаз фæбæрзонддæр кæнын, фæлæ уæддæр басгæрсты æмвæзад æвзæр уавæры нæй.  Цæмæй рынчынæн диагноз сæвæрай, уый тыххæй, хъæуы фыццаджыдæр, зонындзинæдтæ æмæ клиникон æгъдауæй рынчыны басгарын. Æмæ уыцы хъуыддаджы та уæ дохтыртæ сты раппæлинаг. Медицинон картæтæм гæсгæ дохтыртæ хорз кæсынц рынчынтæм, мæхæдæг бакастæн клиникон симтомтæ, бакастæн рынчыны диагнозы хатдзæгты æмæ уыдон æххæстæй дæр сты мæ хъуыдыйы хуызæн. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ куыд специалисттæ, афтæ сæ зонындзинæдтæ кæй сты бæрзонд æмвæзадыл»,- банысан кодта Холодова.Уый ма хорзыл банымадта республикæйы клиницистты бæрзонд æмвæзад.

«Чизоны æмæ нæ фаг кæны цахæмдæр лабораторон-инструменталон базæ, фæлæ сымахмæ ис басгæрсты сæйраг методтæ, иннæтæ та сындæггай уæ къухты бафтдзысты. Фæлæ ныридæгæн гæнæн ис диагноз сæвæрынæн, хосгæнæн фæрæзты гуырахст уæм фаг ис, препаратты æргътæ сты нормалон. Æз мæ хъусдард аздæхтон кæцыдæр хосты æргътæм, кæцытæ Мæскуыйы сты бирæ зынаргъдæр»,- загъта Холдодова.

Медицинон зонæдты доктор радзырдта, зæгъгæ, лекцитæ уадзыны рæстæджы республикæйы педиатртæ загътой сæ фæндæттæ, цæмæй ахæм фембæлдтытæ дарддæр дæр уагъд цæуой.

«Тынг хъарм ахаст нæм равдыстой. Зæгъын мæ фæнды уый, æмæ нæ лекциты бакаст æнæхъуаджы кæй нæ уыд. Тынг хорз специалисттæ уæм ис, уыдон стыр цымыдисимæ хъуыстой æмæ дзуаппытæ лæвæрдтой, лекциты рæстæджы цы фарстатæ лæвæрд цыд, уыдонæн».

Григори Кулиджанов дæр банысан кодта, æввахс рæстæджы кæй скус-дзæн сабиты ног рынчындон æмæ баныфсæвæрдта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæггæнджыты æхсæн бадзырдты фæлгæтты ахæм фембæлдтытæ дарддæр уагъд кæй цæудзысты.

«Мæн фæнды, цæмæй нæ æмгуыстад дарддæр кæна. Стыр бузныг, сымах абон Хуссар Ирыстоны кæй стут, стыр бузныг уæ коллегæтæн дæр»,- загъта министр.

Сиукъаты Радион банысан кодта, зæгъгæ республикæйы сæргълæууæг бахæс кодта æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй, цæмæй сабиты ног рынчындоны конференцзалы арæзт æрцæуа видеоконференцбастдзинады кабинет.

«Æввахс рæстæджы æрласдзыстæм хъæуæг техникæ, æмæ нæ планмæ гæсгæ 13-æм мартмæ кусын райдайдзæн. Æмæ планмæ гæсгæ уагъд цæудзысты дистанцион  ахуыртæ медицинон кусджытæн»,- загъта сиукъаты Радион.

Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры уынаффæгæнæг Игорь Галь дæр банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны æнæ-низдзинад хъахъхъæныны рæзты концепцийы æхсæзæм пункты хынцыд æрцыд республикæйы кадрон ресурсы рæзт.

«Президент бахæс кодта Хицауадæн, цæмæй 1-æм мартмæ бакуыст æрцæуа æнæиздзинад хъахъхъæныны къабазы кадрон ресурсы рæзты стратеги. Æввахс рæстæджы сывæллæтты рынчындон эксплуатацимæ лæвæрд кæй цæуы, уымæ гæсгæ мах дæр аскъуыддзаг кодтам, куыд иууыл приоритетондæр вектор, афтæ педиартийæ райдайын»,- загъта Игорь Галь.

Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ йын планы ис сабийы мады æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл дунеон конференци Цхинвалы сорганизаци кæнын.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.