Ахуырады уæрæсейаг академийы президиум «Ахуырады уæрæсейаг академийы профессор»-ы кадджын ном радта Экономикон зонæдты доктор, Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан Уырызмæджы фыртæн.  «Ахуырады уæрæсейаг академийы профессор»-ы ном фидар æрцыд 2016 азы. Уый у ахуыргæндты лæггæдтæ банымайыны формæ, кæцытæ иртасæнтæ уадзынц ахуырады тыххæй зонæдты фадыджы. Кадджын нæмттæ лæвæрд цæуынц Академийы нысæнттæ æмæ архайды сæйраг хуызты реализацийы активон хайадисты тыххæй.

«Мах стыр аргъ кæнæм, Ахуырады уæрæсейаг академиимæ æмгуыстад кæй кæнæм, уымæн. Нæ иумæйаг нысан у фыдыбæстæйон ахуырады конкурентонхъомдзинад фæбæрзонддæр кæнын æмæ зонадмæ фæсивæды æрбакæнын. Академийæн стыр нысаниуæг ис паддзахадон проекттæ бакусыны æмæ стратегион паддзахадон уынаффæтæ райсыны рæстæджы», – банысан кодта ректор.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, 2020 азы Огъуаты Алан кæй ссис иумæйагнацион премийы лауреат, кæцыйы сфидар кодта уæрæсейаг профессорты æмбырд. Цæгат Кавказы федералон зылды азы ректор ссис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Огъуайы фырт 2011 азæй кæй уыд РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ зонады министр. 2015 азы нысан æрцыд РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæгæй. 2017 азы та æвзæрст æрцыд ЦИПУ-йы ректорæй. Уый у Республикæ Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.