Ирыстон фыдæлтæй фæстæмæ курдиаттæй цух никуы уыд. Ирон фæсивæдæн æнтыстытæ уыд æмæ абон дæр ис царды алы фадгуыты дæр – зонады къабазæй райдайгæйæ æмæ спорты къабазæй фæугæйæ. Уыдон, куыд сæ Райгуырæн Ирыстоны, афтæ Стыр Уæрæсейы алы горæтты ахуыр кæнгæйæ, сæ радтæг ирон адæмы, иумиагæй сæ Ирыстоны кад сисынц бæрзонд, цæстæвæрæн фæвæййынц сæ хорз ахуыр æмæ уагахастæй.

Царды алы ныййарæгæн дæр йæ иууыл стырдæр амонд æмæ хæрзиуджытæ сты йæ кæстæртæ раст фæндагыл куы нылæууынц, адæмы рæгъы куы рацæуынц æмæ зонæдты бæрзæндтæм куы схизынц, уый. Уæдæ ма цы уа, уымæй æхсызгондæр æмæ дæ кæстæр уæлдæр ахуырад райсынмæ дард балцы куы фæцæуа æмæ йын уырдыгæй дæр йæ хорзы кой, йе ‘нтыстыты тыххæй куы хъусай. Ахæм амондджын ныййарджытæ сты Дзауы поселокæй рацæугæтæ, ныртæккæ Дзæуджыхъæуы цæрæг Тедеты Геннади æмæ Джиоты Мадинæ. Уыдон сæ кæстæр фырт Тамерланы ахуыр кæнынмæ Санкт-Петербургмæ дард балцы куы æрвыстой, уæд ын цы зæрдæбын арфæтæ фæкодтой, уыдон ыл æрцыдысты æмæ абон сæ фыртæй сты сæрыстыр. Дыууæ цардæмбалæнæн Хуыцауы цæст бауарзта дыууæ фырты, кæцыты чысылтæй ныллæууын кодтой царды раст фæндагыл, фæлæ абон мæ дзырды сæр Тамерланыл у.

Тедеты Тамерлан райгуырд горæт Дзæуджыхъæуы 1997 азы. Каст фæцис Дзæуджыхъæуы 47-æм астæуккаг скъола сыгъзæрин майданыл. Скъолайы уыд цæвиттойнаг йæ ахуыр, йæ уагахастæй. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Санкт-Петербурджы Кировы номыл æфсæддон медицинон академийы æфсæддон-денджызон факультеты. Уæлдæр ахуырадон уагдоны дæр уайтагъд цæстæвæрæн фæцис. Уыд йæ ахуыргæнджыты уарзон студент. Ахуыры æмрæнхъ активон хайад иста академийы æхсæнадон царды дæр. Куыд уыд уый гæнæн, æмæ Тамерлан хайад ма райстаид уагдоны уагъдцæуæг алыгъуызон мадзæлтты.  2022 азы академи каст фæцис сыгъдæг фæндзтыл æмæ райста сыгъзæрин майдан. Йæ хорз ахуыры тыххæй йæ академийы ныууагътой кардиологийы здæхты ординатурæ рацæуынмæ. Æмæ дыууæ азы фæстæ ординатурæ каст куы фæуа, практикæ куы рацæуа, уæд службæ кæнын райдайдзæн, æрвыст кæдæм æр-цæуа, уыцы æфсæддон хайы. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Тедеты Тамерлан ЕГЭ-йы баллтæм гæсгæ (биологи, хими æмæ уырыссаг æвзагæй алкæцыйæ дæр райста 96 баллы, уыцы аз ахæм бæрзонд баллтæ рауагъдонтæй никæмæн уыд), уыцы иурæстæджы кæй бахаудта Мæскуыйы Сеченовы номыл паддзахадон медицинон университетмæ дæр. Фæлæ йæ зæрдæмæ æввахсдæр разынд Санкт-Петербурджы æфсæддон медицинон академийы æфсæддон-денджызон факультет. Йæ фыд Геннадийы ныхæстæм гæсгæ, Тамерланы йæ чысылæй фæстæмæ фæндыд, æрмæстдæр дохтыр суæвын æмæ йæ фæнд сæххæст кæнын йæ къухты бафтыд. Ныридæгæн ын ралæудтытæ вæййы Ютубы йæ дæсныйады фæдыл,   хатт уыдон аххæссынц 40 минуты бæрц.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Санкт-Петербурджы æфсæддон-медицинон академийы 150 рауагъдонæй æрмæстдæр сыгъзæрин майдантæ кæй райстой 5 адæймаджы. Уыцы фондз курсантæй сæ иу у  дзауаг лæппу Тедеты Тамерлан. Уыдонæн сæ рауагъды цытджын церемонийы зæрдæбын арфæтæ ракодта УФ-йы Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Тимур Иванов.

Тамерланы хистæр æфсымæр Дмитри та æнтыстджынæй каст фæцис Химкийы Уæлвæткон уавæрты министрады цур академи. Ныртæккæ службæ кæны Мæскуыйы областы уæлвæткон уавæрты министрады хаххыл. Йæ цардæмбал Гусаты Аланæимæ хъомыл кæнынц дыууæ сывæллоны – чызг æмæ лæппу.

Æнæ скойгæнгæ мын нæй Тамерлан æмæ Дмитрийы ныййарджытæ, Геннади æмæ Мадинæйы цардвæндаджы тыххæй дæр. Геннади Дзауы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологон факультеты. Институт каст фæуыны фæстæ дыууæ азы бæрц бакуыста ахуыргæнгæй, уыцы нымæцы Хъемултайы хъæуы астæуккаг скъолайы дæр. Уый фæстæ кусын райдыдта Дзауы районы æфсæддон камисариаты, иу азы бæрц та уыд ацы районы æфсæддон къамисар. Советон Цæдисы ныппырхимæ схæццæ цард æмæ Геннадийы дæр йæ хъысмæт службæ кæнынмæ ахаста Дзæуджыхъæуы уæвæг Уæрæсейы 58-æм армимæ, цыран штабы баслужбæ кодта 25 азы, ис ын хистæр прапорщикы цин. Йæ цардæмбал Джиоты Мадинæ дæр 17 азы дæргъы службæ кодта ацы армийы бастдзинады службæгæнæгæй. Уæдæ куыд уынæм, афтæмæй сывæллæттæ ацыдысты сæ ныййарджыты фæндагыл.

Ирыстоны зынгæ блогер Мæрзойты Олег социалон хызæг Телеграммы йæ фарсы сæрыстырæй ныффыста Тедеты Тамерланы æнтыстыты тыххæй: «Цæгат Ирыстон-Аланийы цæрæг Тедеты Тамерлан Санкт-Петербурджы æфсæдон-медицинон академийы 2022 азы рауагъды у Ирыстонæй иунæг ахæм рауагъдон, кæцы йæ профессийы фыццаг къахдзæфтæй фæстæмæ, йæ хорз ахуырæй скад кодта йæ чысыл райгуырæн бæстæйæн æмæ райста сыгъзæрин майдан. Уый дæр, йæ ныййарджытæ æмæ йæ хистæр æфсымæрау, равзæрста æфсæддон фæндаг. Æвзонг афицеры парадон денджызон кителыл конд ис дыууæ хорзæхы: «За отличное окончание военного ВУЗа-йы майдан, æмæ «За борьбу с пандемией КОВИД-19»-ы Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрады майдан, кæцы йын лæвæрæд æрцыд пандемийы рæстæджы равдисгæ удуæлдайдзинад æмæ профессионализмы тыххæй. Уый нырма курсант уæвгæйæ, æрдæг азы бакуыста Мæскуыйы ковидон госпиталы. Йæ ахуыргæнджытæ дзы хастой цæвиттон æндæртæн.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Тедейы фыртмæ кæй ис царды дарддæры рæсугъд фæндтæ. Ординатурæйы фæстæ фæнд кæны кандидатон диссертаци бахъахъхъæнын.

Уæдæ куыд базыдтам, афтæмæй фыды фæндиаг фæвæййы фырт дæр. Йæ хъæбулы хъæбултæй сæрыстыр у сæ Нана, Дзауы поселочы цæрæг Мæргъиты Оля, кæцы у æнахуыр уæздан сылгоймаг, хæстæджы хæстæгæн дæр лæггад чи кæны, ахæм ирон сылгоймаг.

Ирыстон кæддæриддæр сæрыстыр у Тедеты Тамерланы хуызæн кæстæртæй. Ахæмтæ ирон лæджы кад дæлæмæ никуы æруадзынц æмæ афтæмæй фæкад кæнынц сæхицæн дæр æмæ сæ радтæг Ирыстонæн дæр. Мах дæр арфæ кæнæм Тедеты Тамерланæн йе ‘нтыстыты тыххæй. Афтæ ма бузныг зæгъæм Тедеты бинонтæн, ахæм хорз хъæбултæ кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. Нæ зæрдæ сын зæгъы сæ царды дарддæры æнтыстытæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.