Æрæджы «Иры Стыр Ныхас»-ы координацион советы иумæйаг уынаффæйæ, ацы æхсæнадон змæлды сæрдарæй æвзæрст æрцыд Ирыстоны зынгæ æхсæнадон архайæг, меценат, Парламенты депутат Уататы Зелим.

Нырмæ уал Ныхасы куыстæн дæргъвæтин рæстæг йæ хæстæ рæстæгмæ æххæст кодта Еналдыты Хъазыбег. Уый, ацы бонты æхсæнадмæ аккаг бавæрæн бахæссыны тыххæй хорзæхджын æрцыд Цæгат Ирыстоны кадджын хæрзиуæг «Во Славу Осетии»- йæ.

Уататы Зелимы хорз хъуыддæгтæ та дардыл дзуринаг сты, кæрон сын нæй. Стыр аргъ ын кæнынц адæм. 1992 азы, нæ сыхæгтимæ быцæуы рæстæджы дæр уыд Ирыстоны хъахъхъæнджыты сæргъы. Йæ уды хъарм æмæ дзыппы бæркад та æххæссынц дыууæ Ирыстоныл дæр. Уатайы-фырты чи зоны æмæ дзы хорз чи нæ зæгъа, ахæм адæймаг нæй.

Уæдæ нæ ныфс ис, Зелимы руаджы дыууæ Ирыстоны дæр Ныхасы куыст бæрзонд æмвæзадмæ кæй схиздзæн.

Координацион советы уæнгтæ ма снысан кодтой, ирон адæмы фарæстæм съезд кæд æмæ кæм ацæудзæн, уыдæттæ. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уыдзæн ацы фæззæджы. Уставмæ гæсгæ, Уататы Зелимы кандидатурæ сфидар кæндзысты съезды дæр.

 

ЗАВОДЫ  ИСБОНАД  НÆХИ  БАЦИС

2019 азы завод «Электроцинк» æхгæд куы æрцыд, уæдæй нырмæ йæ йæ хицæуттæ, урайлаг хæххон металлургон компани, уæй кæнынмæ хъавынц, фæлæ абоны онг уый сæ къухы нæ бафтыд. Республикæйы исбонадæн æй ныууагътаиккой, уый дæр сæ нæ бафæндыд. Цæгат Ирыстоны Хицауад сæм цалдæр хатты бахатыд, фæлæ нæ баныхас кодтой. Уæрæсейы Президент Владимир Путин дæр, æрæджы сæ фембæлды рæстæг, Сергей Меняйлойæн загъта, цæмæй республикæйæн йæхи мидæг равзарой ацы хъуыддаг.

Æмæ йæ равзæрстой. Заводы 554 бæстыхайы æмæ 76 гектары фæзуат лæвæрд æрцыдысты республикæйы исбонадмæ символикон аргъыл – 144 сомыл. Тынг æхсызгон хабар у, ахæм бадзырд скæнын нæ разамынды къухы куыдæй бафтыд, уый. Зæгъæн ис, компани йæ куыстуат Ирыстонæн балæвар кодта æмæ дзы республикæйы Хицауад стыр бузныгæй баззадысты. Ныртæккæ йæ раздæры хицæуттæ кæнынц, цы клинкер ма дзы баззад, уый ласыны куыст.

«Ацы фæзуаты арæзт æрцæудзысты цæрæн хæдзæрттæ, сæудæджерадон фæзтæ, индустриалон парк æмæ æндæртæ. Ныртæккæ Экономикæйы æмæ Арæзтады министрадтæ уыцы документтыл кусынц. Ацы ног фæзуат нымайгæйæ, нæ горæт дзæвгар фестырдæр уыдзæн», – банысан кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

                                                        Нæ  уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.