НЫХАС   –  ФИДÆНЫ    СЪЕЗДЫЛ

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд “Иры Стыр Ныхас”-ы координацион советы радон æмбырды боны фæткы сæйраг фарст уыд радон съездмæ бацæттæ кæнынимæ баст.

Ныридæгæн, бæрæг куыд у, афтæмæй радон съезд уыдзæн 2018 азы августы кæрон Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры ногарæзт бæстыхайы. Ирон адæм ма съезды уæлдай уыцы бонты кадджын уавæры бæрæг кæндзысты Хуссар Ирыстоны республикæйы хæдбардзинады дæс азы юбилей дæр. Радон съезд Хуссар Ирыстоны ауадзыны фæндон 9-æм съезды рæстæджы бахаста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ йыл советы уæнгтæ æмхуызонæй схъæлæс кодтой.

Æмбырды архайджытæ бæстон æрныхас кодтой, съезды лыггæнинаг фарстатæн дзуапп чи дæтдзæн, сæ размæ цавæр хæстæ лæудзæн, алы районты æмæ хъæуты йæм куыд бацæттæ кæндзысты, цал делегаты арвитдзысты æмæ бирæ æндæр фарстатыл.

Съездмæ бацæттæ кæныны фæдыл координацион советы уæнгтæй арæзт æрцыд оргкомитет. Йе скондмæ бацыдысты “Стыр Ныхас”-ы сæрдар Кучиты Руслан, йæ хæдивджытæ Дзекъойты Юри, Зæгъойты Вячеслав, Еналдыты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр Цуциты Аслан æмæ Культурæйы министры хæдивæг Дудайты Чермен. Ногæвзæрст оркомитеты уæнгтæй алкæй размæ дæр æвæрд æрцыд бæлвырд хæстæ съездмæ бацæттæ кæныны фæдыл.

Æмбырды мæ ныхас цыд районты, хъæуты, мыггæгты Ныхасты куыстыл, нæ фæрнджын æгъдæуттыл, бирæ скъолаты ирон æвзаджы уроктæ кæй фæкъаддæр кодтой, раздæры колхозты быдыртæ хицæн адæймæгты кæй баисты æмæ адæмы фосæн хизæнуæттæ кæй нал ис, бирæ рæтты культурæйы хæдзæрттæ заууатмæ кæй æрцыдысты, фæсивæдæн хиирхæфсæн бынæттæ кæй нæй æмæ бирæ æндæр фарстатыл.

Мæздæджы районы Ныхасы сæрдар Гуцаты Фридон бахаста диссаджы фæндон. Нырæй фæстæмæ афæдзы кæрон “Иры Стыр Ныхас” йæхи сæрмагонд хæрзиуæгæй хорзæхджын кæнæд, Ирыстоны кад æмæ намыс чи бæрзонддæр кæны, йæ фарныл ын фарн чи æфтауы, ирон лæджы кад дунейы адæмты æхсæн йæ уæздандзинадæй, йе ‘нтыстытæй, æгъдау æмæ лæгдзинадæй чи уæлдæр кæны, ахæмты. Ахæм адæймаджы та адæм хъуамæ æвзарой сæхæдæг дзыллон хабархæссæг фæрæзты руаджы. Уый уæд уыдзæн æцæг адæмы хорзæх. Уыцы хæрзиуæг – ордены æддаг бакастыл йæхæдæг бакуыста Гуцайы-фырт йæхæдæг. Координацион советы уæнгтæ йыл æмхуызонæй схъæлæс кодтой. Кæд уæлдæр хицауад бар радтой, уæд рæхджы ног орден – хæрзиуæг царды уагъд æрцæудзæн æмæ агурдзæн йæ кавалерты.

Æмбырды кæрон Ныхасы сæрдар Кучиты Руслан куыд бафиппайдта, афтæмæй  амынд фарстатыл ныхас арæх цæуы, фæлæ иу михыл кау ничи бийы. Æмхуызонæй куынæ бавнала алчидæр ахæм вазыгджын фарстатæм, уæд афтид ныхæстæй ницы рауайдзæн. Нæ царды бирæ цæлхдуртæ аиуварс кæнынмæ искæмæ æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы, фæлæ алчидæр хъуамæ райдайа йæхицæй.

Æнæмæнг, ахæм фембæлдтытæн ис стыр ахадындзинад. Цæуыл дзырдтой, уыдоны се ‘ппæт сæххæст кæнын Ныхасы уæнгты къухы куынæ бафта, уæддæр сæ фæхæццæ кæндзысты уæлдæр хицауадмæ æмæ уым райсдзысты ахадгæ мадзæлттæ…

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.