Президент Бибылты Анатоли хайад райста Хъалонты æмæ æмбырдты  фæдыл комитеты хыгъдон æмбырды, цыран хыгъд сарæзтой 2021 азы архайдæн. Æмбырды хайад райста Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Пухаты Эрик.

Хъалонты æмæ æмбырдты фæдыл комитеты сæрдар Кадзты Владимир бавдыста бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд. Уый æрдзырдта 2021 азы ведомствойы хатдзæгты статистикæйыл 2020 азы аналагон рæстæгимæ абаргæйæ, æмæ банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджетмæ ахыгъдты æмæ хъалонфидджыты нымæц кæй фæфылдæр ис.

Йæ ныхæстæм гæсгæ 2022 азы 1-æм январæй Хъалонты æмæ æмбырдты фæдыл комитеты хъалонон хыгъды сты 5023 хъалонфидæджы.

«2021 азы Хъалонты æмæ æмбырдты фæдыл комитет Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджетмæ бахаста 1 млрд 281289,9 мин сомы плангонд 1 млрд 223260 мин сомы бæсты, кæцы у планон фæстиуæджы 104, 7 проценты.

2020 азы аналагон рæстæгимæ абаргæйæ хъалонтæ æмбырд кæнын фæфылдæр ис 192342,9 мин сомы кæнæ 17,7 проценты», – загъта Кадзты Владимир.

Хъалонон æфтиæгтæ фылдæр кæныны сæйраг факторыл уый банымадта, хъалонты бафыстытæ кæй фæхуыздæр сты, афтæ ма хъалонфидджыты нымæц кæй фæфылдæр ис уый, кæцытæ 2021 азы рахызтысты хъалонтæ фидыны хуымæтæг системæмæ.

Хыгъдмæ байхъусгæйæ Бибылты Анатоли æвæрццаг аргъ скодта комитеты архайдæн æмæ кусджытæн бузныджы ныхæстæ загъта сæ куысты тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Паддзахадон бюджетмæ цы хъалонтæ бацыд, уыдон дих цæуынц соци-алон къордтæм гæсгæ.

«Фæстаг 5 азы хъалонтæ фидыны хъуыд-даг кæй фæхуыздæр, уымæ гæсгæ махæн бантыст республикæйы бюджет 800 милуан сомы фæфылдæр кæнын. Æмæ уый, у сæ сгуыхтдзинад. Уæ эффективон фæллойы фæрцы махæн нæ бон вæййы пенситæ, сывæллæттæн, инвалидтæн бафыстытæ æмæ æндæртæ фæфылдæр кæнын. Ис фадат проблемæтæм хъус æрдарынæн, цæмæй паддзахадæн йæ бон уа йæ социалон хæстæ æххæст кæнын хи фæрæзтæй», – загъта Президент.

«Æфтиæгтæ фылдæр кæныны сæйраг фактор у экономикæйы рæзт. Æмæ уыцы здæхты мах цæудзыстæм размæ. Бакуыстгонд æрцыд серьезон программæ, 4 млрд сомы. Нæ экономикæйы рæзтæн Уæрæсе хицæн кæны æхцайы фæрæзтæ, кæцыйы фылдæр хай здæхт уыдзæн хъæууон хæдзарады рæзтæн. Æнæдызæрдыгæй, æхцайы фæрæзтæ хицæн æрцыдысты сæудæджерадон арæзтад, туризм æмæ æндæртæн.

2021 азы ивындзинæдтæ хаст æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонон кодексы 394 æмæ 395 статьямæ, кæцытæ дæдтынц хъалонтæ фидыны хуымæтæг системæмæ рахизыны бар, кæцыйы æфтиаг ивгъуыд азы фараст мæймæ уыд 15 милуан сомæй фылдæр. Уый размæ хъалонтæ фидыны хуымæтæг системæмæ рахизыны фадаты æфтиаджы лимит уыд 6 милуан сомы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.