Рæзы бонæй-бонмæ уазæгдон «Ирыстон». Йæ кусджытæ æрынцой нæ зонынц, æгæрыстæмæй, сабат æмæ хуыцаубонты дæр объектæй фæхъуысы сæхи æмæ сæ техникæйы хъæлæба. Æмæ сын æнтысгæ дæр уымæн кæны. Объекты арæзтадмæ кæд ивгъуыд аз уалдзæджы æрывнæлдтой, уæддæр ныридæгæн амад фесты йæ къултæ. РХИ-йы Арæзтады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд зæгъы, афтæмæйныртæккæ ам цæуынц объектты æмбæрзæн куыстытæ. Арæзт цæуы йæ каркас. Апрелы мæйы та æрæвналдзысты йæ æмбæрзыны куыстытæм.

Уыцы иурæстæджы объектты æххæст кæнынц мидæггагон куыстытæ дæр. Фыццаг уæладзыджы ауагътой электротелтæ, къултыл æвæрынц  гипсокартон, лæгъз цæуынц хатæнты астæрдтæ. Ацы куыстытæ баконд æрцыдысты объекты ныккæнды дæр, уымæн æмæ уым уыдзысты хæдзарадон дзаумæттæ. Ам арæзт æрцыдысты æппæт коммуникацитæ дæр. Ныртæккæ та æрæвнæлдтой дыккаг уæладзыджы къулсæрдæн куыстытæм, уагъд дзы цæуы электротелтæ, кæнынц сантехникон куыстытæ. Уыцы куыстытæ куыддæр фæуой, афтæ райдайдзысты æртыккаг уæладзыджы мидæггагон куыстытæ æххæст кæнын дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы объекты куыстытæ зымæджы бонты дæр кæй не ‘рлæууыдысты. Кусджытæ куыстой цалдæр бригадæйæ. Иутæ архайдтой сантехникон куыстытæ бакæныныл, иннæтæ къултыл хуыдтой гипсокартон, аннæтæ та ха-тæнты астæрдтæ лæгъз кодтой, ныр сæ цæттæ кæнынц ламинат сæвæрынмæ. Объектмæ уагъд æрцыд газ дæр. Кусджытæн сæ зынгæ хай сты бынæттон кусджытæ.

Ныридæгæн бæрæг у, уазæгдон кæй исы йæ раздæры хуыз, фæлæ мидæгæй та арæзт цæуы ног проектмæ гæсгæ.

Уазæгдоны иумæйаг фæзуат у 6446 квадратон метры. Арæзт та æрцæудзæн 43 бынатæн. Уыдонæй бæрæг хатæнтæ уыдзысты нæ республикæмæ æрцæуæг официалон адæймæгтæн. Иннæ хатæнты дæр уыдзæнис цæрынæн комфортон уавæртæ. Уыдзæнис дзы иу люкс бынат, 7 – æрдæглюкс бынæттæ, 8 – иубынатонтæ, 26 та – дыгайбынатонтæ.

Фыццаг уæладзыджы уыдзæнис кафебар. Уырдæм сæ бон æрбацæуын уыдзæн нæ республикæйы æмбæстæгтæй алкæмæн дæр. Уыдзæнис дзы хæрæндон дæр.

Объекты дыккаг уæладзыджы арæзт æрцæудзæн бизнес-центр. Ныккæнды та план цæуы фитнес-зал бакæнын.

Арæзтады аргъ у 430 милуан сомы аргъ. Уыцы æхцайы фæрæзты иу хай сты Инвестпрограммæйæн рахицæнгонд фæрæзтæй, иннæ фæрæзтæ та бадзырдмæ гæсгæ самал кæндзæнис инвестор Бердиаты Вадим, кæцы къухдариуæг кæны арæзтадон компани «Интурист Аланийæн». Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы компанийæн уазæгдæттæ аразыны хъуыддаджы ис стыр фæлтæрддзинад.

Ацы объект арæзт хъуамæ фæуа 2019 азы кæронмæ.

Уæдæ рæхджы уазæгдон «Ирыстон»-ы ног бæстыхайæ ноджыдæр фæаивдæр уыдзæн нæ республикæйы цæрджыты уарзондæр бынат – Театралон фæзуат.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.