Куыд зонæм, афтæмæй фæстаг азты нæ республикæйы цы арæзтадтæ цæуы уæрæх масштабты арæзт, уыдон се ‘ппæт дæр арæзт цæуынц Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Уæрæсейы бюджетæй цы æхцайы фæрæзтæ хицæн цæуынц, уыдон реализацийы фæдыл æруынаффæчындæуы æхсæнхицауадон къамисы рабадты æмæ уый фæстæ программæйы фæлгæтты фæд-фæдылонæй арæзт æрцæуынц проекттæ. Ацы аз президентон æвзæрстыты аххосæй чысыл фæфæстæ сты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыс-тады фæдыл æхсæнхицауадон рабадтытæ.

Уый хыгъд Хуссар Ирыстоны хайы рабадт ныридæгæн æруынаффæ кодта, æввахс дыууæ азы Инвестпрограм-мæмæ цы сæйраг мадзæлттæ бахаудзысты, уыдоныл.

Хицауады пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Инвестпрограммæ-йы проектмæ хаст æрцыд 16 ног æмæ 6 та 2015-2017  азты нывæстæй ахизгæ мадзалы. Æппæт уыцы проекттæн лæвæрд цыд Уæрæсейы фарсæй 3,3 миллиард сомы бæрц. Хицауады рабадтæй сæ иуы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик куыд фехъусын кодта, афтæмæй: «Уыцы фæрæзтæ здæхт æрцыдысты, социалон-экономикон райрæзты хъуыддаджы республикæ цы инфраструктурон къуыхцыдзинæдтæ æййафы, уыдон аиуварс кæнынмæ, уыимæ иумæ экономикæйы реалон секторы райрæзт чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуыс, афтæ ма энергетикон æмæ инженерон инфраструктурæйы объектты арæзтад реконструкци æмæ капиталон цалцæгæн».

Хицауады Сæрдар ма банысан кодта, уыдон се ‘ппæт дæр арæзт кæй æрцыдысты республикæйы уагдæтты къухдариуæггæнджыты нывæстмæ гæс-гæ. Æцæг уыдон аргъ æмткæй ахызт фондз миллиард сомæй. Фæлæ уыдонæй æвзæрст æрцыдысты иууыл приоритетонтæ дæр.

Уæрæсейы кредитон фæрæзтæй арæзт цы уæрæх масштабон арæзтæдтæ хъуамæ æрцæуа, уыдонæй иу у уазæгдон «Ирыстон». Ацы уазæгдоны арæзтад йæ къухмæ райста Цæгат Ирыстон-Аланийы республикæйы æмбæстаг Берденты Вадим. Ног уазæгдон арæзт æрцæудзæнис йæ раздæры бынаты, фæлæ дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн, ома, уыдзæн цыппарстъалыйон агъуыст.

Ууыл уынаффæ цыд, июны æмбисы нæ республикæмæ кусæгон балцы Уæрæсейы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурков куы æрцыд æмæ нæ бæстæйы сæргълæууæгимæ куы фембæлд, уæд дæр.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, зæронд уазæгдон «Ирыстон» нырыккон домæн-тæн дзуапп кæй нæ дæтта, уазæгдон «Алани»-йы дæр нæй хæрзвадæттæ.

Уымæ гæсгæ республикæмæ уазджытæ куы æрцæуы, уæд сæ бахъæуы алы рæтты æрбиноныг кæнын. Хатт уазджыты бакæнынц не ‘мбæстæгты хисæрмагонд хæдзæртты бахсæвиат кæнынмæ дæр.

Æппæт цивилизацигонд бæстæты та уазæгдон хъуамæ дзуапп дæтта уазæджы домæнтæн. Инвестор, кæцы цæттæ вæййы искæцы бæстæйы инвестицитæ æвæрынмæ æмæ амалиуæгад райтынг кæнынмæ, бацымыдис кæны цахæм уазæгдон дзы ис, ис дзы æви нæ баулæфынæн æмбæлон уавæртæ æмæ а. д. Уæдæ уазæгдон аразын ныртæккæ у приоритетон.

Уазæгдон «Ирыстон» архитектурон арæзтад кæй у, уымæ гæсгæ хъахъхъæд æрцæудзæнис йе ‘ддаг бакаст. Цæгатирыстойнаг инвестор ныфс бавæрдта, бæстон кæй банымайдзæнис цас слæудзæнис уазæгдоны арæзтад æмæ æцæгæй дæр хъахъхъæд кæй æр-цæудзæнис йе ‘ддаг хуыз.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй Берденты Вадим у зынгæ амалиуæггæнæг, уазæгдæттæ арæзтады хаххыл ын ис стыр фæлтæрддзинад. Уый Цæгат Ирыстоны самадта æртæ уазæгдон æмæ ныртæккæ та архайы цыппæрæмы арæзтадыл.

Уæдæ тагъд нæ республикæйы арæзт æрцæудзæнис ног уазæгдон Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Ног уазæгдоны бæстыхай 25 азы æмгъуыдмæ лæвæрд æрцæудзæнис арендæйы инвесторæн. Паддзахад уæдмæ исдзæн æфтиæгтæ 15 %.

Уæзæгдоны арæзтадмæ бавналдзысты 2018 азы райдианы.

Хыгъдмæ гæсгæ ацы аз сентябры онг хъуамæ Арæзтады министрадмæ лæвæрд æр-цæуой экспертизæйы хатдзæгтæ. Ноябры мæйы та ныппырх кæндзысты зæронд бæстыхай. Кæд æмæ арæзтадмæ бавналой 2018 азы февралы мæйы, уæд эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис 2019 азы.

Куыд зонæм, афтæмæй ныртæккæ уазæгдоны цæры 16 лигъдон бинонтæ, уыдон хъуамæ конд æрцæуой æндæр бынæттæм. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад дæр кусы ацы бынаты æмæ уыдон дæр 1 ав-густмæ ссæрибар кæндзысты уазæгдон. Уыдон æрбынат кæндзысты сывæллæтты поликлиникæйы агъуысты.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.