Ногазон улæфтбонты дæр æдзух сæ куысты уæлхъус уыдысты арæзтадон организаци «Интурист-Аланийы»-йы кусджытæ. Æртæ боны баулæфыны фæстæ уыдон æрæвнæлдтой уазæгдон «Ирыстон»-ы арæзтадмæ. Зæгъын хъæуы уый æмæ канд ацы бæрæгбонон улæфтыты нæ, фæлæ сабат æмæ хуыцаубоны дæр фæкæнынц кусгæ. Тындзынц сæ  куыстæгтыл кусджытæ, уымæн æмæ арæзт та хъуамæ фæуа ацы азы кæронмæ. Арæзтадон куыстытæ та дзы райдыдтой аивгъуыйгæ азы уалдзæджы. Аразджытæ чысыл фæстейæ аззадысты графикæй, уымæ гæсгæ архайынц сæ улæфт бонтæй спайда кæныныл дæр. Кусджытæ ныфс æвæрынц куыстыты темптæ ноджыдæр кæй фæтынгдæр уыдзысты æмæ уавæр кæй рараст кæндзысты. Сæ разы ницы цæлхдуртæ лæууы. Арæзтадон æрмæджытæй ифтонг æрцæуынц рæстæгыл, финансон хъуыддаджы дæр не ‘ййафынц зындзинад. Арæзтадон компанийы къухдариуæггæнæг Бердиаты Алан куыд зæгъы, афтæмæй сплангонд куыстыты гуырахст æнæмæнг сæххæст кæндзысты сфидаргонд æмгъуыдты. Бердийы фырт ма куыд бафиппайдта, афтæмæй æртыккаг уæладзыджы уыдон тагъд бакæндзысты æппæт монолитон куыстытæ дæр æмæ æрывналдзысты агъуысты сæр æмбæрзæн куыстытæм. Уыцыиу рæстæджы дыккаг уæладзыджы кæнынц къултæ амайыны куыстытæ, уадзынц æм электрохæххыты, къултыл та æвæрынц гипсокартон. Ахæм куыстытæ баконд æрцыдысты объекты ныккæнды дæр. Куыд зонæм, афтæмæй  уым та уыдзысты хæдзарадон ифтонггæрзтæ. Объектмæ уагъд æрцыд газ, арæзт æрцыдысты æппæт коммуникацитæ дæр.

Арæзтадон компанийы къухдариуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй объекты æдæппæт кусы 60 адæймаджы. Уыдонæн сæ зынгæ хай сты бынæттон цæрджытæ. Уыдон дих кæнынц цалдæр бригадæйыл: иутæ амайынц систæ, иннæтæ кæнынц сантехникон куыстытæ, хицæн бригадæйæ кусынц электриктæ дæр. Зымæгон уазæлттæ сæ  нæ къуылымпы кæнынц мидæггагон куыстытæ бакæнынæн. Хатæнты æвæрд сты хъармгæнæнтæ æмæ уый фадат дæтты æмбæлонæй сæ куыст бакæнынæн.

Нæ республикæйы цæрджыты домæн хынцгæйæ, уазæгдонæн бахъахъхъæд æрцыд йе ‘ддаг хуыз, фæлæ мидæгæй та арæзт æрцæудзæн ног проектмæ гæсгæ.

Бердиаты Алан куыд зæгъы, афтæмæй æртæуæладзыгон уазæгдонæн йæ арæзтадон фæзуат у 6 мин квадратон метры бæрц. Уый арæзт цæуы 47 бынатæн. Уыдонæй 11 хатæны уыдзысты нæ республикæмæ æрцæугæ уазджытæй официалон адæймæгтæн. Иннæ ха-тæнты дæр уыдзæнис хорз уавæртæ.

Уазæгдоны фыццаг уæладзыджы та уыдзæнис кафе-бар. Уырдæм йæ бон æрбацæуын уыдзæн нæ республикæйы цæрæг æмбæстæгтæй алкæмæн дæр. Уыдзæнис дзы хæрæндон. Дыккаг уæладзыджы та фæнд кæнынц фитнесзал саразын.

Объектты арæзтадæн 430 милуан сомы рахицæн æрцыд Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Иннæ æхцайы фæрæзтæ та бадзырдмæ гæсгæ самал кæндзæнис соинвестор Бердиаты Вадим, кæцы къухдариуæг кæны арæзтадон компани «Интурист-Аланиæн». Уыцы компанийæн Цæгат Ирыстоны уазæгдæттæ аразыны хъуыддаджы ис стыр фæлтæрддзинад.

Бадзырдмæ гæсгæ уазæгдон «Ирыстон» куы сырæза, уæд 25 азмæ уыдзæн соинвесторы дæлбар, уый фæстæ цы æфтиæгтæ иса, уыдонæн сæ 15 проценты цæудзысты паддзахадон бюджетмæ.

Бæрцæй ма афæдз, æмæ Театралон фæзуат рафидаудзæн уазæгдон «Ирыстон»-ы ног бæстыхайæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.