Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд советон æмæ уæрæсейаг ахуыргонд, Бæрзондхæххон геофизикон институты зонадон къухдариуæггæнæг Михаил Залихановимæ.

Политикон, зонадон æмæ æхсæнадон архайæгæн æгас цу зæгъгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта йе стыр æнтыстытæ.

«Ды Советон Цæдисы адæмæн раздæр цы сарæзтай, æмæ дæ абоны архайад дæр, сты стыр аргъы аккаг. Æмæ дын Социалистон фæллойы Хъайтары ном лæвæрд кæй æрцыд, уый дæр дзурæг у ууыл, æмæ ды стыр гоймаг кæй дæ. Мæнæн тынг æхсызгон у демæ фембæлын æмæ дын мæ фæндиæгтæ зæгъын, цæмæй нын ноджы бирæ азты дæргъы нæ зæрдæтæ рухс кæнай де ‘хсæнадон æмæ зонадон архайдæй», – банысан кодта Президент.

Михаил Залиханов радзырдта Хуссар Ирыстоны тыххæй йæ тæлмæнтæ æмæ нæ паддзахадон университетимæ æмгуыст кæныны фæндондзинады тыххæй дæр.

«Æз ам бирæ хæттыты уыдтæн. Æмæ мын ныр тынг æхсызгон у, Хуссар Ирыстоны столицæ ногæй кæй рæзы, ног арæзтадтæ кæй уынын. Мах бабæрæг кодтам университет, тынг мæ зæрдæмæ фæцыд. Æруынаффæ кодтам алыгъуызон фарстытыл æмæ уæлдæр ахуыргæнæндонæн нæ бон цæмæй у баххуыс кæнын, уыдæттыл», – банысан кодта уый.

 

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.