УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хасавюрты уагъд æрцыд 2002-2004 азты гуырд спортсменты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уым хайад райстой Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы минæвæрттæ æмæ сын уыд хорз бæрæггæнæнтæ. Рамбылдтой 3 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 1 та бронзæ майданы.

65 кг уæзы категорийы финалы фембæлдысты дыууæ ирон богалы. Сыгъзæрин майданыл тох кодтой Цхуырбаты Батырбег æмæ Гобозты Арсалан. Фæуæлахиз Арсалан. 80 кг уæзы категорийы та Багаты Арслан рамбылдта дагъыстайнаг Бакар Османовы.

Ноджы ма иу сыгъзæрин майдан бафтыд Хуыбецты Сосланбеджы къухты. Уый 110 кг уæзы категорийы финалы фæуæлахиз Дагъыстаны минæвар Саид Гайдарбевыл. 71 кг уæзы æвзитст майдан рамбылдта Хъарданты Магомед. Бронзæйон призер та ссис Тыджыты Сослан (81 кг).

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ерысты фæстиуджытæм гæсгæ æвзæрст кæй æрцæудзысты 2002-2004 азты гуырд спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты хайадисджытæ.

 

ДЗЮДО

23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Екатеринбурджы уагъд æрцыд Уæрæсейы чемпионат дзюдойæ. Ерысты уæлахиздзау ссис Дыгурты Алан (+100 кг). Уый финалы тыхджындæр уыд Александр Антоновæй.

Ирыстоны дзюдойы скъолайы хъомылгæнинæгтæй æвзист майданы хицау ссис Хъайсынты Мадинæ (78 кг), бронзæ майдан та рамбылдта Светлана Селезнова (+78 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.