Зынаргъ сылгоймæгтæ, мæдтæ!

Айсут мæ зæрдиаг арфæтæ иууыл хъармдæр бæрæгбон – Мады боны цытæн!

Мад у хорздзинады æмæ хъармдзинады æгæрон дуне, куырыхондзинад, æгæрон удуæлдайдзинад, æвидигæ быхсындзинады æмæ тыхты гуырæн.

Мад у зæххон зæд, кæцы нын рухс кæны нæ царды фæндаг. Цыфæнды рæсугъд эпитеттæ дæр нæ равдисдзысты мады зæрдæйы уарзондзинад æмæ рæсугъддзинад. Æмæ цасфæнды кардзыд æмæ хæдбар ма уæм – мах алыхатт дæр хъæуы йæ æнувыд ахаст, мады къухты хъармдзинад, кæцыйæн йæ бон у æнкъарддзинад иппæрд кæнын, уд сдзæбæх кæнын æмæ нын ног тыхтæ радтын. Мады уарзондзинад нæ кæны тыхджындæр, ныфсджындæр, æххуыс нын кæны царды зындзинæдтæ иуварс кæнынæн.

Нæ зынаргъ мæдтæ!

Адæймаджы райгуырдæй фæстæмæ нæ сымах хъахъхъæнут æппæт бæллæхтæй. Æмæ нын ацы  бæрæгбон ноджы фадат дæтты бузныджы ныхæстæ зæгъынæн. Бинонты традицитæ æмæ бæстæйы аккаг æмбæстæгтæ хъомыл кæныны хъуыддаджы уæ хайбавæрд у æнæсаргъгæнгæ. Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын бирæсывæллонджын æмæ уæлдай хъусдард цы сывæллæтты хъæуы, уыдоны мæдтæн. Сымах æхсарджынæй исут хъысмæты цæф, кæцы домы арф кадкæнынад.

Мæ сæрæй уын ныллæг кувын! Уадз æмæ уæ цæстытæ алыхатт дæр æрттивой æмæ уæ мидбылхудт макуы фесæфа. Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, бирæ азты цæрæнбон æмæ уæ бинонты фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.