Ӕхсардзинад ӕмӕ адӕмы иудзинады боны бӕстӕйы Национ банчы уыдис Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы тыххӕй номарӕн монетӕйы презентаци. Мадзалы хайад райстой бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан, Парламенты Сӕрдар Ӕлборты Алан, хъахъхъӕнынады министр Марат Павлов, Цӕгат Ирыстон-Аланийы республикӕйы минӕвӕрттӕ, уӕрӕсейаг 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйыл командӕкӕнынад ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Централон банг ӕмӕ акционерон ӕхсӕнад «Госзнак»-ы минӕвӕрттӕ.

Уӕрӕсейӕ нӕм ӕрцыдысты ӕфсӕддон уацхӕсджытӕ Руслан Гусаров, Андрей Степаненко ӕмӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хайадисджытӕ – батальонтӕ «Алания», «Шторм-Алания» æмæ «Сӕрмӕт»-ы хӕстонтӕ.

Гаглойты Алан банысан кодта, зӕгъгӕ, сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы номарӕн монетӕйӕн ис йӕхи ӕргъадтӕ, у уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг салдатты ӕфсымӕрдзинады символ ӕмӕ дзурӕг у Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны историон ӕмӕ монон бастдзинадыл.

Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ фыццаг номарӕн монетӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн Уӕрӕсейы Федерацийы Уӕлдӕр сӕйрагкомандӕгӕнӕг, президент Владимир Путинӕн.

Номарӕн монетӕйы презентаци – Ӕхсардзинад ӕмӕ адӕмы иудзинады боны кӕй цӕуы, уый хуымӕтӕджы нӕу.

«Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстонӕй сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы цы хӕстонтӕ исынц хайад, уыдон аккагӕй дарддӕр кӕнынц сӕ фыдӕлты хъуыддаг, ӕвдисынц хъӕбатыр-дзинад ӕмӕ сӕхиуыл ӕнауӕрдондзинады дӕнцӕгтӕ. Хъӕбатырӕй уӕхски уӕхск сӕ уӕрӕсейаг ӕфсымӕртимӕ тох кӕнынц Украинӕйы зӕххыл фашизмы ныхмæ, хъахъхъӕнынц не Стыр Фыдыбӕстӕйы иумийаг интерестӕ», – дзырдта Президент.

Ирон дӕлхӕйтты хӕстонтӕй цалдӕры бӕстӕйы сӕргълӕууӕг «Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы» майдантӕй схорзӕхджын кодта.

РХИ-йы Национ бангмӕ акционерон ӕхсӕнад «Госзнак»-имӕ ӕмгуыстад рӕзын ӕмӕ фидар кӕнынмӕ егъау хайбавӕрды тыххӕй Хӕлардзинады орденӕй та схорзӕхджын кодта «Госзнак»-ы генералон директоры хӕдивӕг Андрей Курятниковы.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг бузныджы ныхӕстӕ загъта нома-рӕн монетӕйыл чи куыста, уыдоны номыл дӕр.

Национ бангы директор Джиоты Жаннӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ банг цы историон нысаниуӕгджын монетӕтӕ рауагъта, уыдоны ‘хсӕн ацы монетӕйӕн сӕрмагонд бынат ис.

Нӕ хӕстонтыл, зӕгъгӕ, сӕрмагонд мисси ис ӕвӕрд – сабыр цард ӕмӕ сӕ сӕрмӕ сабыр арв цы у, уый чи ферох кодта, уыдон фервӕзын кӕнынӕн. Ныртӕккӕ махӕй рӕстӕг домы иудзинад, дунеон вазыгджын проблемӕтӕ ӕмбарын ӕмӕ нӕ ныфс ис, уӕлахиз кӕй бафтдзӕн нӕ къухты.

Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы минӕварады уынаффӕгӕнӕг Александр Журов куыд банысан кодта, зӕгъгӕ, уымӕ гӕсгӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы номыл монетӕ у историон фӕдфӕдылондзинад ӕмӕ нӕ фидӕны фӕлтӕрты историон мысынад фидаргӕнӕг.

Бузныджы ныхӕстӕ загъта номарӕн монетӕйы рауадзыны фӕдыл нӕ Республикӕйы разамынад ӕмӕ Национ бангы разамынадӕн.

Уӕрӕсейы Федерацийы Централон бангы минӕвар дӕр сын загъта бузныджы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, ацы куыст здӕхт у патриотикон удыхъӕд бӕрзонддӕр кӕнынмӕ.

Батальон «Шторм Осетия»-йы номӕй Плиты Денис  арфӕ ракодта Ӕхсардзинад ӕмӕ адӕмы иудзинады боны тыххӕй мадзалы хайадисджытӕн. Ахӕм нысаниуӕгджын бон йӕ цӕст бауарзта сабырдзинад ӕмӕ хӕрзиуджытӕ. Бузныг загъта бӕстӕйы разамынадӕн, Президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй ӕмӕ ӕмткӕй Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн, ӕппынӕдзух тохы быдырмӕ цы ӕххуыс ӕрвитынц, уый тыххӕй.

Ӕфсӕддон уацхӕссӕг Антон Степаненко дӕр ацы моне-тӕйы рауагъд банымадта иттӕг хорз ӕмӕ раст уынаффӕйыл, уымӕн ӕмӕ 2008 азы дӕр тох кодтам рӕстдзинады сӕрыл ӕмӕ ныр, сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы рӕс-тӕджы дӕр нӕ хъарутӕ уымӕ здӕхт сты. Тох дарддӕр цӕуы, фӕлӕ кӕцыфӕнды хӕст дӕр уыдзӕн махӕн уӕлахизхӕссӕг.

Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы тыххӕй номарӕн монетӕйы презентацийы рӕстӕджы цы видеоролик ӕвдыст цыд, уым дӕр дзырд цыд иудзинад ӕмӕ ӕнгомдзинадыл. Нысан дзы ӕрцыд, ӕппынӕдзух Хуссар Ирыстонӕй тохы быдырмӕ бӕстӕйы къудариуӕгад, парламент ӕмӕ Националон бангы минӕвӕрттӕ гуманитарон уӕзтӕ кӕй ӕрвитынц нӕ хӕстонтӕн.

Банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ ацы номарӕн монетӕ уагъд кӕй ӕрцыд Президент Гаглойты Аланы бахӕсмӕ гӕсгӕ. Йӕ иннӕ бахӕсмӕ гӕсгӕ та монетӕйӕ цы ӕфтиӕгтӕ ӕрбацӕуа, уыдон дӕр ӕрвыст ӕрцӕудзысты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хайадисджытӕн.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.