Чиныг «Здравоохранение Республики Южная Осетия: демография, заболеваемость, инвалидность”-ӕн  Sputnik-ы пресс-центры уыд презентаци, кӕцыйы бӕстонӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны бынӕттон цӕрджыты ӕнӕниздзинады проблемӕтыл. Мадзалмӕ фӕуазӕг сты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов ӕмӕ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр  Тотчиты Георги.

Ацы чиныгӕн ма ӕрӕджы Мӕскуыйы дӕр уыд презентаци ӕмӕ йын специалисттӕ скодтой стыр аргъ. Уымӕн ӕмӕ дзы ис тынг бирӕ алыварсон информаци. Ахӕм зонадон-практикон чиныг фыццаг хатт арӕзт ӕрцыдис Хуссар Ирыстоны ӕмӕ стыр ахъаз фӕуыдзӕнис ӕнӕниздзинад  ӕмӕ социалон сферӕйы дарддӕры прогнозтӕ ӕмӕ пълӕнттӕ аразынӕн. Чиныджы автортӕ сты Тотчиты Георги,  Ӕнӕниздзинады фарстаты фӕдыл Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Игорь Галь, УФ-йы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны минстры ӕххуысгӕнӕг Анатолий Гулин, Хуссар Ирыстоны сгуыхт дохтыр Зассеты Ӕхсар ӕмӕ цалдӕр фӕлтӕрд уӕрӕсейаг специалисты.

Марат Кулахметов куыд банысан кодта, афтӕмӕй Уӕрӕсейы Федераци ӕдзухдӕр архайы, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны системӕ размӕ цӕуа ӕмӕ йын алыварсонӕй ӕххуыс кӕнынц. «Ӕнӕниздзинад у иууыл сӕйрагдӕр къабаз, кӕцыйыл баст у Ирыстоны фидӕн. Ацы сферӕйы ныры онг дӕр бирӕ куыст ӕрцыдис, ӕнтыстытӕ дӕр нын ис, ӕмӕ ныр та ӕрӕвнӕлдтам дыккаг этапмӕ, – модернизацимӕ. Фыццаджыдӕр уал хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын адӕмӕн медицинон ӕххуысы гъӕд. Ацы хъуыддагмӕ хъӕуы бирӕ тыхтӕ радтын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕхцайы фӕрӕзтӕ дӕр дзӕвгар бахъӕудзӕн, фӕлӕ йын йӕ фӕстиуджытӕ рӕхджы хъуамӕ банкъарой Хуссар Ирыстоны адӕм», – загъта Марат Кулахметов.

2012 азӕй 2018 азмӕ Хуссар Ирыстоны адӕмы царды статистикон зонӕнтӕ, де-мографийы бӕрӕггӕнӕнтӕ, низфӕзындты хуызтӕ ӕмӕ дзы чи куыд парахат кӕны, инвалидты нымӕц ӕмӕ йӕ фӕзынды аххосӕгтӕ, – ӕпӕт адæттæ фыццаг хатт ӕр-цыдыст иумæ ӕмӕ, Тотчиты Георгийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныр дарддӕр приоритеттӕ сӕвӕрын бӕрӕг фенцондӕр уыдзӕнис. «Адӕмӕн алыварсон медицинон ӕххуыс бакӕнын зын у, фӕлӕ йӕ ныр фидарӕй зонӕм, фыццаграды нӕ цы аразын хъӕуы, уый. Махӕн адӕмы ӕнӕниздзинад у иууыл сӕйрагдӕр. Ног азы агъоммӕ эксплуатацимӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕнис гуырӕн хӕдзар. Сывӕллӕтты рынчындон ӕмӕ операцион-хирургион комплекс  ныридӕгӕн райдыдтой кусын. Адӕм хъуамӕ сӕхиуыл банкъарой нырыккон бӕрзондтехнологион медицинон ӕххуыс ӕмӕ сӕ бауырна, ӕнӕхъуаджы кӕй нæ фесты фӕстаг азты уадзгӕ мадзӕлттӕ медицинӕйы æмвæзад фӕхуыздӕр кӕнынӕн», – загъта Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр.

Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик дӕр раарфӕ кодта чиныджы автортӕн ахӕм егъау куыст бакӕныны тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, ацы статистикон информацийӕн кӕй ис стыр нысаниуӕг. «Ӕз, куыд статистикӕйы сферӕйы дӕсны, афтӕ йӕ фидарӕй зонын, ӕмӕ статистикӕ ницы вазыгджын фарстатӕ скъуыддзаг кӕны, фӕлӕ стыр ӕххуыс у алы сферӕйы куыст дӕр рӕстмӕ спълан кӕнынӕн. Ацы чиныг нын ирдӕй ӕвдисы хъӕндзинӕдтӕ, ӕвдисы нын, цахӕм къах-дзӕфтӕ хъӕуы аразын дарддӕр. Ӕнӕниз-дзинад хъахъхъӕныны министрадӕн стыр пайда ӕрхӕсдзӕн сӕ дарддӕры куысты», – загъта Пухаты Эрик.

Чиныджы автортӕй сӕ иу Игорь Галь банысан кодта, зӕгъгӕ, алы бӕстӕйы дӕр ӕнӕниздзинады системӕ ӕнӕмӕнгдӕр баст вӕййы статистикон бӕрӕггӕнӕнтимӕ, цӕмӕй куысты процесс ма къуылымпы кӕна ӕмӕ райсгӕ мадзӕлттӕ та уой эффективон. «Статистикон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ арӕзт ӕрцӕуы кадрон политикӕ дӕр, – рабӕрӕг вӕййы, цахӕм специалисттӕй ӕййафы системӕ хъуагдзинад. Ноджы ма базонын кӕны, цахӕм ӕнӕмӕнгхъӕуӕг медицинон техникӕ хъӕуы фыццаграды самал кӕнын. Ӕппӕт ацы зонӕнты фӕрцы бӕрӕг фенцондӕр вӕййы анализ кӕнын, ӕмӕ стӕй та – дарддӕры пълӕнттӕ аразын», – загъта Игорь Галь.

Тотчиты Георги ма ӕрдзырдта кадрон политикӕйыл ӕмӕ банысан кодта, ныри-дӕгӕн дӕр кӕй ӕрвитынц дохтырты сӕ квалификаци фӕбӕрзонддæр кӕнынмӕ. Ацы хъуыддаджы нын стыр ӕххуыс кӕны Уӕрӕсейы Федераци. Нӕ республикӕмӕ дӕр хуынд ӕрцыдысты уӕрӕсейаг специалисттӕ ӕмӕ, ам, бынаты цӕттӕ кӕнынц кадртӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрцӕудзӕнис рӕстӕг, ӕмӕ уыцы дохтыртӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзысты сӕ бӕстӕмӕ, фӕлӕ ам сӕ фӕстӕ куы ныууадзой аккаг специалисттӕ, уӕд уый стыр ахъаз фӕуыдзӕнис нӕ республикӕйы медицинӕйы къабазӕн.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад ма ныридӕгӕн кусы инвалидты льготӕты закъоны проектыл, кӕцы стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн ацы категорийы ӕмбӕстӕгтӕн. Ин-вестпрограммӕйы фӕлгӕтты арӕзт ӕрцыдысты бирӕ медицинон объекттӕ, кӕцытӕ ифтонг сты, нырыккон домӕнтӕн дзуапп чи дӕтты, ахӕм техникон гӕрзтӕй. Уыйбӕрц ног объектты дарынӕн хъӕуы ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕмӕ 2020 азы бюджет райсыны рӕстӕджы ӕркӕсдзысты ацы фарстамӕ дӕр. 

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.