Мӕскуыйы, Уӕрӕсейы Олимпиаг комитеты цы уӕрӕх ӕмбырд уыд, уым ӕхсӕнады минӕвӕртты размӕ рахастой зындгонд спортсмен ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг, Олимпиаг хъӕзтыты дыууӕ хатты чемпион Андиаты Сосланы цард ӕмӕ архайды тыххӕй ног чиныг.

Ацы куыст бацӕттӕ кодта ӕхсӕнадон архайӕг, Паддзахадон финансты райрӕзты цӕдисы сӕрдар Дзгойты Валери. Уый бирӕ азты дӕргъы хӕлар уыд нӕ зындгонд спортсменимӕ, бӕстон ын зоны йӕ цард ӕмӕ спортивон ӕнтыстдзинӕдтӕ.

 «Андиаты Сосланы ном сӕрмагонд бынат бацахста фыдыбӕстӕйаг ӕмӕ дунеон спорты историйы азфысты. Йӕ уӕлахизтӕ ӕмӕ иннӕ ӕнтыстдзинӕдтӕй мах алкӕддӕр сӕрбӕрзонд уыдзыстӕм. Андиайы фыртӕн Ирыстоны цӕрджытӕ кад кодтой ӕрмӕст йе спортивон уӕлахизтӕн нӕ, фӕлӕ йӕ зыдтой, республикӕйы ӕхсӕнадон-политикон царды зӕрдиагӕй чи архайы, ахӕм ӕцӕг патриотӕй дӕр», – загъта Дзгойты Валери. 

Чиныг – Андиаты Сосланы цард ӕмӕ архайды тыххӕй

Фембӕлды Андиайы фырты тыххӕй зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ загътой ӕмӕ цымыдисаг хабӕрттӕ радзырдтой Уӕрӕсейы Олимпиаг комитеты президент Станислав Поздняков, Олимпиаг комитеты кадджын президент Виталий Смирнов, Спортивон хъӕбысхӕсты уӕрӕсейаг федерацийы президент Михаил Мамиашвили, УФ-йы Федерацийы Советы уӕнг Фадзайты Арсен, УФ-йы Паддзахадон Думӕйы депутат Гӕззаты Валери, Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады сӕрдар Абайты Алан ӕмӕ æндæр кадджын уазджытӕ.

***

Андиаты Петры фырт Сослан райгуырд Дзæуджыхъæуы 1952 азы 21 апрелы.

Скъолайы ахуыр кæнгæйæ, Сослан фæцалх баскетболæй хъазыныл. Фæлæ йе ‘фсымæрты амындмæ гæсгæ йæхи фæлварын райдыдта уæгъдибар хъæбысхæсты. Уæгъдибар хъæбысхæстмæ хæрз чысылæй бацыд. Афтæмæй Сослан ссис Дзгойты Аслæнбеджы ахуыргæнинаг. Уый амындмæ гæсгæ хъаруджын æмæ ныфсджын Сосланы арæхстдзинад бонæй-бонмæ рæзыдис.

Аслæнбеджы фæстæ Сосланы хъæбысæй хæцынмæ цæттæ кæнын райдыдта йæ хистæр æфсымæр Геннади. Уый руаджы Сослан йæ фыццаг сыгъзæрин майдан райста Советон Цæдисы фæсивæды чемпионаты, фæстæдæр та дунейы ерысты бацахста дыккаг бынат æмæ райста æвзист майдан.

Афтæ рауад, æмæ йе ‘фсымæртимæ иумæ æппæтуæрæсейон ерысты бацахста æгас пъедестал. Ахæм æнтыст уæдæй фæстæмæ никæйуал къухы бафтыд.

1973 азы  марты Сосланы нæ бæстæйы командæимæ арвыстой Америкæмæ  ерыстæм. Уым Сослан фæуæлахиз зындгонд уæззау уæзы хъæбысæйхæцæг америкæйаг богал Тейлорыл æмæ бацахста фыццаг бынат.

1974 азы дунеон ерысты Стамбулы Сослан рамбылдта æвзист майдан. Уый фæстæ фæд-фæдыл бацахста фыццаг бынæттæ: Æппæтдунеон ерысты Тбилисы, 1975 азы  Советон Цæдисы адæмты Спартакиадæйы, Минскы ерысты æмæ æндæрты.

Фæлæ уæддæр Сосланы спортивон курдиат йæ фыццаг Олимпиадæйы тынгдæр разындис. Сæ зæрдæ йыл дардтой Советон Цæдисы Олимпиадæйы комитеты уæнгтæ дæр. Сослан йæ командæйы богалтимæ тынг хорз рахæцыдис æмæ райста сыгъзæрин майдан. Сосланы сгуыхтдзинадæн Советон хицауад дæр хорз аргъ скодта – лæвæрд ын æрцыдис паддзахадон хорзæх – Адæмты Хæлардзинады орден.

1980 азы дыккаг хатт сси олимпаг чемпион. Советон хицауадæй йын лæвæрд æрцыдис Фæллойадон Сырх Тырысайы орден.

Сослан йæ лæгдзинад æрмæст спорты нæ равдыста. Ахуыр кæнынмæ бацыд Хæххон хъæууонхæдзарадон институтмæ, экономикон факультетмæ. Уый фæстæ бацыдис аспирантурæмæ, бахъахъхъæдта диссертаци æмæ сси экономикон зонæдты кандидат.

Йæхи аккагæй кæй февдыста йæ цардвæндагыл, уый тыххæй Андиаты Сосланы бар бакодтой ацы къабазимæ баст бæрнон бынæттæ. Уыдис Парламенты комитеты сæрдар, æхсæнадон кусæг, йе ‘нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй йын саккаг кодтой бирæ паддзахадон хæрзиуджытæ.

Сослан уыдис уæгъдибар хъæбысхæсты национ скъолайы номдзыддæр минæвар. Йæхиуыл фæуæлахиз уæвын чи нæ бауагъта, ахæм. Æцæг бæгъатыр! Йæ курдиатæй уæлдай ма уыдис стыр æмæ хæлар зæрдæйы хицау. Не ‘хсæн кæй нал ис, уый канд йæ бинонты рис нæу, Андиаты Сослан йæхицæн æхсæнады скодта æнæфæцудгæ кад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.