«2017 азы 31 марты Мæскуыйы къухтæ кæуыл æрфыстæуыд Æфсæддон фельдъегерон-постон бастдзинады къабазы æмгуысткæнынады фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады уыцы Сразыдзинады ратификацийы тыххæй», Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент уынаффæ рахаста:

  1. Райст æрцæуæд РХИ-йы закъон «2017 азы 31 марты Мæскуыйы къухтæ кæуыл æрфыстæуыд Æфсæддон фельдъегерон-постон бастдзинады къабазы æмгуысткæнынады фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн Сразыдзинады ратификацийы тыххæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон».
  2. Закъон æрвыст æрцæуæд РХИ-йы Президентмæ къух ыл æрфыссын æмæ йæ ныммыхуыр кæнынмæ.
  3. Уынаффæ йæ тыхы цæуы йæ райсыны бонæй.

 

РХИ-йы Парламенты Сæрдар

Гасситы Петр

г. Цхинвал

2017 азы 29 декабрь

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЗАКЪОН

2017 азы 31 марты Мæскуыйы къухтæ кæуыл æрфыстæуыд Æф-сæддон фельдъегерон-постон бастдзинады къабазы æмгуысткæнынады фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн уыцы Сразыдзинады ратификацийы тыххæй.

1 Статья

2017 азы 31 марты Мæскуыйы къухтæ кæуыл æрфыстæуыд Æфсæддон фельдгедерон-постон бастдзинады къабазы æмгуыст-кæнынады фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн уыцы Сразыдзинады ратификацийы тыххæй.

  1. Статья

Закъон йæ тыхы цæуы йæ ныммыхуыр кæныны бонæй

РХИ-йы Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

 

ФИДЫД

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хицауад ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауады ‘хсӕн ӕфсӕддон фельдъегерон-постон бастдзинады къабазы ӕмгуыстады тыххӕй

Республикам Хуссар Ирыстоны Хицауад ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауад, дарддӕр – Дыууӕ Фарсы,

Республикӕ Хуссар Ирыстон  ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ‘хсӕн Хӕлардзинад, ӕмгуыстад ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕныны тыххӕй 2008 азы 17 сентябры фыстӕрцӕуӕг Ба-дзырдӕй къухдариуӕггӕнгӕйӕ,

Республикæ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ‘хсӕн ӕфсӕддон къабазы ӕмгуыстады тыххӕй 2009 азы 15 сентябры фыстӕрцӕуӕг Фидыд хынцгӕйæ,

сусӕг æмæ службӕйон информацийӕн йӕ æрвитыны рӕстӕджы Дыууӕ Фарсы ӕфсӕддон баиугӕндты пайдайӕн хъахъхъӕнынад сифтонг кӕнынмӕ Дыууӕ Фарсы ӕмхуызон цымыдисдзинад хынцгӕйӕ,

ӕфсӕддон фельдъегерон-постон бастдзинады къабазы тыхтӕ баиу кӕныны ӕмӕ кӕрӕдзимӕ информаци ӕрвитыны хъуыдцаджы архайд ӕмразы кӕныны ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад нымайгӕйӕ, сразы сты дӕлдӕруӕвӕгыл:

Уац 1

Ацы Фидыды пайда кӕмӕй цӕуы, уыцы ӕмбарынадтӕ нысан кӕнынц: «вализӕ» – цыфӕнды хуызы дӕр ӕмбӕлон уагыл фӕлыст хызын, пакет, конверт, асыкк, голлаг, чумӕдан, кӕнӕ ӕндӕр ахӕм тыхтон, кӕцытыл ӕддейӕ ис ӕфсӕддон корреспонденцийы ӕддагон индентификацион нысӕнттӕ (фыст «Ӕфсӕддон корреспонденци») пломбӕ ӕмӕ (кӕнӕ) чи йӕ ӕрвиты, уый мыхуыр;

«ӕфсӕддон корреспонденци» – Дыууӕ Фарсы гарзджын тыхты ӕфсӕддон хӕйттӕ ӕмӕ организацитӕ, ӕфсӕддон управлениты органтӕ кӕй ӕрвитынц ӕмӕ исынц, уыцы сӕрмагонд ӕмӕ службӕйон корреспонденцитӕ ӕмӕ сӕрмагонд уӕзтӕ;

«ӕфсӕддон фельдъегерон-постон бастдзинады хызӕг (фельдъегерон кӕнӕ сӕрмагонд бастдзинады маршрутты хызӕг)» – иу Фарсы паддзахады гарзджын тыхты ӕфсӕддон хӕйтты фельдъегерон-постон бастдзинады дӕлхӕйтты иумӕйаг хызӕг (иугонд системӕйы бастуӕвӕг авиацион, ӕфсӕнвӕндагон ӕмӕ автомобилон маршруттӕ ӕмӕ Дыууӕ Фарсы бӕрнджын дӕлхӕйтты иумӕйаг хызӕг, кӕцытӕ ифтонг кӕнынц ӕрвитӕггӕгты нысангонд бынӕттӕм ӕрвитыны хъуыддаг), уыцы нымӕцы ӕппӕт хуызты ӕфсӕддон корреспонденцитӕ райсын, бакусын, ӕмӕ бынатмӕ фӕхӕццӕ кӕнынӕн арӕзтӕрцӕуӕг – иннӕ Фарсы паддзахады территорийыл уӕвӕг нысангонд маршруттӕ ӕмӕ райсыны фӕрӕзтӕ;

«службӕйон корреспонденци» – Дыууӕ Фарсы паддзахадты гарзджын тыхтӕ ӕфсӕддон хӕйттӕ ӕмӕ организацитӕм, ӕфсӕддон’ органтӕм ӕрвыстцӕуӕг хуымӕтӕг ӕмӕ регистрацицӕуӕг фыстӕджытӕ, бандеролтӕ ӕмӕ ӕрвитинӕгтӕ;

«сӕрмагонд уӕзтӕ» – сусӕг информаци кӕм ис, ахӕм ӕрмарӕзтытӕ, ӕрмӕджытӕ ӕмӕ сӕ компоненттӕ;

«сӕрмагонд корреспонденци» – алы къӕпхӕнты сусӕг информацийы нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм корреспонденцитӕ, афтӕ ма Дыууӕ Фарсӕй алкӕцыйы паддзахадты закъондӕдтынадтӕм гӕсгӕ хъахъхъӕд чи цӕуы, ахӕм ӕндӕр мидисимӕ корреспонденцитӕ;

«фельдъегертӕ (курьертӕ ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕ)» – иу Фарсы бӕрнджын органы кусджытӕ, кӕцытӕ уыцы Фарсы паддзахады закъондӕдтынадмӕ гӕсгӕ ӕххӕст кӕнынц ӕфсӕддон корреспонденци хӕссыны хӕстӕ.

Уац 2

Ацы Фидыд реализаци кӕныны нысӕнттӕн йӕ тыхы бацӕуыны бонӕй дыууӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ Дыууӕ Фарсы нысан кӕнынц бӕрнджын органтӕ, кӕцыты тыххӕй кӕрӕдзийӕн хъусын кӕнынц дипломатон каналтыл.

Уац 3

Иу Фарсы паддзахад, иннӕ Фарсы паддзахады территорийыл чи уа, йӕ уыцы ӕфсӕддон баиугӕндты пайдайӕн ӕфсӕддон корреспонденци ӕрвиты фыццаг Фарсы паддзахады ӕфсӕддон фельдъегерон-постон бастдзинады (фельдъегерон кӕнӕ сӕрмагонд бастдзинады маршрутты хызӕг) хызӕгыл, ӕфсӕддон фельдъегерон-постон бастдзинады (фельдъегерон кӕнӕ сӕрмагонд бастдзинады хызӕг) фӕрцы ӕфсӕддон корреспонденци ӕрвитыны тыххӕй Уагӕвӕрды (дарддӕр – Уагӕвӕрд) фӕткойтӕм гӕсгӕ, кӕцы у ацы Фидыды ӕнӕаскъуынгӕ хай.

Дыууӕ Фарсы паддзахадты бӕрнджын органты кӕрӕ-дзиимӕ бадзырдмӕ . гӕсгӕ гӕнӕн ис иу Фарсы паддзахады ӕфсӕддон корреспонденцийы арвыст иннӕ Фарсы паддзахады территорийыл чи ис, йӕ уыцы ӕфсӕддон баиугӕндты пайдайӕн ӕххӕст цӕуа дыккаг Фарсы паддзахады фельдъегерон- постон бастдзинады хызӕгыл (фельдъегерон кӕнӕ сӕрмагонд бастдзинады хызӕг).

Уац 4

Ацы Фидыдмӕ гӕсгӕ ӕрвыстцӕуӕг ӕфсӕддон корреспонденци у тобӕгонд ӕмӕ йын, Уагӕвӕрды нысангонд чи у, уыцы иуӕй-иу цауты рӕстӕджы йедтӕмӕ, нӕй бакӕнӕн, ӕруромӕн, афтӕ ма нӕй гӕнӕн ӕмӕ хауа арӕнгӕрон ӕмӕ таможнӕйон контролмӕ.

Ӕфсӕддон корреспонденци ӕрвыст кӕй территоримӕ цӕуы, уыцы Фарсы паддзахады арӕнгӕрон ӕмӕ таможнӕйон органтӕ иннӕ Фарсы паддзахады бӕрнджын органы фельдъегертӕн (курьертӕ ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕн) ацы Фидыды 5 уацы банысангонд документтӕ бавдисыны рӕстӕджы ӕххуыс кӕнынц, паддзахадон ӕмæ таможнӕйон арӕныл ӕнӕбахъыгдаргӕйӕ ахизынӕн ӕмӕ сын ахъаз кӕнынц ӕфсӕддон корреспонденци оперативонӕй фӕхӕццӕ кӕнынӕн, сӕ компетенцийы фӕлгӕтты сын кӕньнц ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕххуыс сӕ службӕйон хӕстӕ ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы.

Ӕфсӕддон корреспонденци ӕрвыст кӕй территоримӕ цӕуы, уыцы Фарсы паддзахады паддзахадон органтӕ ӕмӕ организацитӕ ифтонг кӕнынц:

а) иннӕ Фарсы паддзахады бӕрнджын органы фельдъегертӕн (курьертӕ ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕн) алыварсон фарсхӕцынад, уыцы нымӕцы:

ӕфсӕддон корреспонденцийы ӕрвыст организаци кӕнын ӕмӕ йын йӕ гарантигонд хъахъхъӕнынады уавӕртӕ сифтонг кӕнын, афтӕ ма сын ӕфсӕддон корреспонденци хӕссыны рӕстӕджы сӕ хæстӕ ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы ӕххуыс кӕнын;

ӕнӕрадӕй сын билеттӕ самал кӕнын, сфидаргонд тарифтӕм гӕсгӕ сын рауӕйгӕнгӕ;

гарзджын тыхбахасты рӕстӕджы (тыхбахастӕй тасдзинады) ӕфсӕддон корреспонденци, хӕцӕнгарз ӕмӕ нӕмгуытӕ бахъахъхъӕнын;

ӕфсӕддон корреспонденци арвитын кӕнӕ сын службӕйон информаци адӕттынӕн ӕндӕр фадат куы нӕ уа, уӕд сӕ автомобилон транспорт ӕмӕ бастдзинады фӕрӕзтӕй сифтонг кӕнын;

маршрутты кӕройнаг пункттӕ куынӕма уой, афтӕмӕй уӕлдӕфон науты ӕрбадыны ‘рӕстӕджы ӕфсӕддон корреспонденци бавӕрын ӕмӕ фельдъегерты (курьерты ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджыты) баулӕфынӕн хицӕн агъуыстӕй сифтон кӕнынӕн;

фельдъегертæ (курьертæ ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕ) кӕуыл хъуамӕ ацӕуой, уыцы уӕлдӕфон наутӕ ӕмæ поездтæ бар-æнабары куы фӕстиат кӕной, уӕд ӕфсӕддон корреспонденци ӕндӕр фӕрӕзтӕй фӕхæццӕ кӕнынӕн;

ӕ) фельдъегертæ (курьертӕ ӕмæ сӕрмагонд хӕсджытæ) кӕуыл цӕуой, уыцы транспорт аварийы куы бахауа, уӕд сын æнæмӕнгхъæуӕг ӕххуыс бакӕнын, чи сæм уа, уыцы æфсӕддон корреспонденци ӕмæ хӕцӕнгӕрзтӕ бахъахъхъӕнынӕн ахъаз кæнынӕн;

б) фельдъегерты (курьерты ӕмӕ сӕрмагонд хæсджытӕ) амæлыны рӕстӕджы мадзӕлттӕ райсын ӕфсӕддон корреспонденци бахъахъхъӕныны тыххӕй, ӕфсӕддон корреспонденци кӕй пайдайӕн ӕрвыст цӕуа, уыцы Фарсы паддзахады бӕрнджын органӕн ӕвӕстиатӕй фехъусын кӕнын.

Уац 5

Дыууӕ Фарсы паддзахадты æфсӕддон баиугæндтӕм ӕфсӕддон корреспонденци хӕссӕг фельдъегертӕ (курьертӕ ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕ), паддзахадон арӕны сӕрты ахизыны бар сын чи дӕтты, ахӕм документтӕ куы бавдисой, уӕд табелон хӕцӕнгарзимӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ хизынц Дыууӕ Фарсы паддзахадты территоритӕм ӕмӕ уырдыгӕй фæстӕмæ дӕр здæхынц Дыууӕ Фарсы паддзахадты закъондӕдтынадмӕ гӕсгӕ,

Фельдъегерты (курьерты ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджыты) табелон хӕцӕнгарз (ӕхсӕнгӕрзтӕ ӕмӕ сӕрмагонд фӕрӕзтӕ) ӕфснайын, дарын, пайда сӕ кæнын ӕмӕ физикон тыхӕй спайда кӕныны фӕтк бӕлвырд цӕуы, кæм уӕвынц, уыцы Фарсы паддзахады закъондӕдтынадмӕ гӕсгӕ ӕмӕ банысангонд фарстатӕ бӕстон кæныны фӕдыл уыцы Фарсы паддзахады ӕхсӕнадæмон бадзырдтӕм гӕсгӕ.

Фельдъегертӕм (курьертӕм ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕм) сӕ хӕстӕ æххӕст кӕныны рӕстӕджы хъуамӕ уа мыггаг, ном ӕмæ фыды ном, афтӕ ма се статус ӕмӕ сӕ ӕфсӕддон корреспонденцийы бынӕтты нымӕц, сконды бӕлвырдгӕ-нӕнтимӕ официалон документтӕ ӕмӕ ӕндӕр документтӕ, кӕцытæ бæлвырд ӕрцыдысты Дыууӕ Фарсы паддзахадты закъондӕдтынадмӕ гӕсгӕ.

Официалон документы нысангонд зонӕнтӕ хъуамæ фидаргонд уой ӕфсӕддон корреспонденци ӕрвитӕг Фарсы паддзахадон бӕрнджын органы дӕлхайы (ӕфсӕдон баиугӕнд) официалон цӕсгомы къухфыстӕй, афтӕ ма йыл хъуамæ уа йе ‘рвитæджы мыхуыр.

Ӕфсӕддон корреспонденци хӕссыны рӕстӕджы пайда цӕуы вализӕйӕ, кӕцыйыл хъуамӕ уа Дыууӕ Фарсы паддзахадты бӕрнджын органты дӕлхӕйтты адрес (ӕфсӕддон баиугӕндтӕ).

Дыууӕ Фарсы паддзахадон арӕнты сӕрты ӕфсӕддон корреспонденци хӕссыны тыххӕй домӕн у, цӕмӕй фельдъегертӕ (курьертӕ ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕ) Дыууӕ Фарсы паддзахадты таможнӕйон органтӕм бавдисой официалон документ ӕмӕ вализӕ.

Фельдъегертӕ (курьертӕ ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕ) ӕфсӕддон корреспонденци ӕрвыст кӕмӕ цӕуы, уыцы Фарсы паддзахады территорийыл цы рӕстӕджы уой, уыцы рӕстӕджы пайда кӕнынц, кӕм сты, уыцы паддзахады хъахъхъӕнынадӕй, нӕй йьн ахсӕн ӕмӕ бӕрндзинадмӕ ӕркӕнӕн. Уыдон хӕсджын сты, цӕмӕй ӕххӕст кӕной, кӕм сты, уыцы паддзахады закъондӕдтынад ӕмӕ сӕхи ма хӕццӕ кӕной йӕ мидӕггагон хъуыддӕгты.

Уац 6

Кӕд ацы Фидыд ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы Дыууӕ Фарсӕй иумӕ бахауа, ӕфсӕддон корреспонденцийы чи уа, иннӕ Фарсы паддзахады ахӕм сусӕг информаци кӕнӕ сусӕг информацимӕ бахауыны фадат, уӕд ахӕм информацимӕ ахаст ӕмӕ йӕ бахъахъхъӕнын ӕххӕст цӕуынц, сусӕг информаци иумӕ хъахъхъӕныны тыххӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хицауад ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауады ‘хсӕн 2010 азы 7 сентябры  фыстӕрцӕуӕг Фидыдмӕ гӕсгӕ.

Ацы Фидыд реализаци кӕныны рӕстӕджы Дыууӕ Фарсӕй иу кӕй райса, уыцы информацийӕ спайда кӕнӕн нӕй иннӕ Фарсы паддзахады суверенитет, ӕдасдзинад, ӕхсӕнадон фӕтк ӕмӕ ӕндӕр ахадӕн интересты ныхмӕ.

Ацы Фидыд реализаци кæныны рӕстӕджы иу Фарс иннӕ Фарсӕй кӕй райса, уыцы информацийӕн адӕттӕн ис искӕцы ӕртыккаг фарсмӕ, афтӕ ма юридикон ӕмӕ физикон цӕсгӕмттӕм дӕр, ӕрмӕстдӕр уӕд, кӕд ӕмӕ ахӕм информаци рарвитӕг Фарс уый тыххӕй фыст разыдзинад радта.

Уац 7

Ацы Фидыд реализаци кӕныны нысӕнттӕн Дыууӕ Фарсы паддзахадты бӕрнджын органтӕ ӕппынкъаддӕр 2 азы иу хатт, кӕнӕ, куыд бахъӕуа, уымӕ гӕсгӕ уадзынц иумиаг ӕмбырдтӕ.

Уац 8

Ацы Фидыд ӕмбарын кӕнын кӕнӕ дзы пайда кӕныны рӕстӕджы Дыууӕ Фарсы ‘хсӕн фӕзынгӕ быцӕуаг фарстатӕ скъуыддзаг цӕуынц баныхӕстӕ ӕмӕ консультациты фӕрцы.

Уац 9

Ацы Фидыд йӕ тыхы цӕуы, йӕ тыхы бацӕуынӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг мидпаддзахадон процедурӕтӕ сӕххӕст кӕныны тыххæй Дыууӕ Фарсы кӕрӕдзийӕн фӕстаг хатт фыстӕй куы фехъусын кæной, уыцы бонӕй.

Ацы Фидыдмӕ Дыууӕ Фарсы ӕмразыдзинадӕй гӕнӕн ис хаст ӕрцæуа ивындзинӕдтӕ, кӕцытӕ фидаргонд цӕуынц хицӕн суагъӕтӕй.

Ацы Фидыд арӕзт цӕуы 5 азы ӕмгьуыдмӕ ӕмӕ автоматикон ӕгъдауӕй дарддӕргонд цӕуы алы радон 5-азон ӕмгъуыдтӕм. Алы Фарсӕн дӕр йӕ бон у ацы Фидыдӕн йӕ архайд ӕрурома, йӕ архайд ӕруромыны фӕндоны тыххӕй, развӕлгъау, йӕ радон ӕмгъуыды фӕудӕй ӕппынкъаддӕр 6 мӕйы раздӕр иннӕ Фарсӕн фыстӕй куы фехъусын кæна, уӕд.

Фыст ӕрцыд сахар Мæскуыйы 2017 азы марты

«31» боны дыууӕ экземплярӕй, алкӕцы дæр дзы ирон æмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл, уымӕй дæр дыууӕ текстæн дæр ис æмхуызон тых.

 

УӔЛӔМХАСӔН

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад ӕмӕ

Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауады ‘хсӕн

фельдъегерон-постон бастдзинады къабазы

ӕмгуыстады тыххӕй Фидыдмӕ

 

У А Г Ӕ В Ӕ Р Д

Ӕфсӕддон корреспонденци ӕфсӕддон фельдъегерон-постон бастдзинады (фельдъегерон кӕнӕ сӕрмагонд бастдзинады маршрутты хызӕгтӕ) хызӕгыл ӕрвитыны тыххӕй

  1. Ацы Уагӕвӕрд бӕлвырд кӕны иу Фарсы паддзахадӕн иннӕ Фарсы паддзахады территорийыл чи ис, уыцы ӕфсӕддон баиугӕндты пайдайӕн фыццаг Фарсы ӕфсӕддон фельдъегерон-постон бастдзинады фӕрцы (фельдъегерон кӕнӕ сӕрмагонд бастдзинады маршрутты хызӕгтӕ) ӕфсӕддон корреспонденциты ӕрвитыны фӕтк.
  2. Ӕфсӕддон корреспонденци комкоммӕ хаст цӕуы, кӕй интерестӕн ӕрвыст цӕуы, уыцы Фарсы паддзахады ӕфсӕддон баиугӕндтӕ (дислокацийы пункт) кӕм сты, уыцы цӕрӕн пунктмӕ. Уымӕй дӕр иу Фарсы ӕфсӕддон хӕйттӕ ӕмӕ ӕфсӕддон фельдъегерон-постон бастдзинады дӕлхӕйттӕ (фельдъегерон кӕнӕ сӕрмагонд маршрутты хызӕгтӕ) ӕххуыс кӕнынц иннӕ Фарсы бӕрнджын органы фельдъегертӕн (курьертӕн ӕмӕ сӕрмагонд хӕс-джытӕн) ӕфсӕддон корреспонденци фӕхӕццӕ кӕнынӕн.

Ӕфсӕддон корреспонденци хӕссынц, куыд у, афтæ дыууӕ фельдъегеры (курьертӕ ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕ), кӕцытӕй сӕ иу нысан цӕуы ӕфсӕддон  корреспонденци фӕхӕццӕ кӕнын сӕххӕст кӕныны бӕрнджынӕй.

  1. Ӕфсӕддон корреспонденци кӕй пайдайӕн ӕрвыст цӕуы, уыцы Фарсы паддзахады ӕфсӕддон хӕйттӕ ӕмӕ ӕфсӕддон фельдъегерон-постон бастдзинады хызӕджы (фельдъегерон кӕнӕ сӕрмагонд бастдзинады маршрутты хызӕгтӕ) дӕлхӕйттӕ ӕфсӕддон корреспонденци иннӕ Фарсы паддзахады территорийыл хӕсгӕйӕ ӕххӕст кӕнынц мадзӕлттӕ йӕ хӕссыны ӕдасдзинад сифтонг кӕныны тыххӕй, кӕй территорийыл сты, уыцы Фарсы паддзахады закъондӕдтынадмӕ гӕсгӕ.
  2. Фельдъегертӕн (курьертӕн ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕн) ӕфсӕддон корреспонденци хӕссыны тыххӕй хӕс ӕххӕст кӕнгӕйӕ бар ис, цӕмӕй бахатой, ӕфсӕддон корреспонденци кӕмӕ хӕссынц, уыцы Фарсы паддзахады ӕдасдзинады, мидхъуыддӕгты органтӕм, арӕнгӕрон ӕмӕ таможнӕйон органтӕм, аэропортты (ӕфсӕнвӕндаджы вокзалты ӕмӕ автостанцты) хистӕртӕм. Банысангонд органтӕ ӕмӕ цӕсгӕмттӕ уыдонӕн ахъаз кӕнынц ӕфсӕддон корреспонденци оперативонӕй фӕхӕццæ кӕнын сорганизаци. кӕнынӕн, кӕнынц сын ӕнӕмӕнг-хъӕуӕг ӕххуыс сӕ службӕйон хӕстӕ ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы.
  3. Ӕфсӕддон корреспонденци къухы хӕссинагӕй кӕнӕ багажы ластӕуы:

а) уӕлдӕфон транспортыл ӕмбӕстагон авиацийы рейсон уӕлдӕфон наутыл бӕлцӕттӕласӕн салонты, хицӕн цауты рӕстӕджы та – ӕфсӕддон-транспортон хӕдтӕхджытӕ ӕмӕ верттӕхджытыл, сӕрмагонд ӕмӕ постон рейстыл;

ӕ) ӕфсӕнвӕндагон транспортыл бӕлцӕттӕласӕн ӕмӕ тагъдцӕуӕг поездтыл, хицӕн бӕлцӕттӕласӕн купейы, уыцы нымӕцы постон вагӕтты;

б)автомобилон транспортыл сӕрмагонд автомашинӕтыл, хицӕн цауты рӕстӕджы (службӕйон корреспонденци ӕнӕ табелон хӕцӕнгарзӕй ласгӕйӕ) – ӕмбӕстагон пайдакӕнынады автомобилон транспортыл.

 

  1. Фельдъегертӕ (курьертӕ ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕ) кӕуылты цӕуой, уыцы бынӕттӕ, афтӕ ма, цалынмӕ бӕлцӕттӕ ӕрбадой, уӕдмӕ ӕрбадыны тыххӕй 5 пункты банысангонд бынӕттӕй пайда кӕныны бартӕ ифтонг кӕнынц Дыууӕ Фарсы уӕлдӕфон, ӕфсӕнвӕндагон ӕмӕ автомобилон транспорты управлениты (организациты) органтӕ.
  2. Ластцӕуӕг ӕфсӕддон корреспонденциимӕ ӕрвыстцӕуӕг документтӕ иууылдӕр фыст хъуамӕ уой уырыссаг ӕвзагыл. Ӕфсӕддон корреспонденцийыл адрес ӕмӕ нысӕнттӕ ирон ӕвзагыл фыст куы уой, уӕд сыл хъуамӕ уа фыст уырыссагау дӕр.
  3. Ахӕм ӕфсӕддон корреспонденцийӕн ласӕн (транспортировкæ) нӕй, кӕцыйы, ласт кӕдӕм цӕуы, уыцы Фарсы паддзахады закъондӕттынадмӕ гӕсгӕ уа тӕссаг уӕзтӕ ӕмӕ ӕрмӕджытӕ (уыцы нымӕцы хӕцӕнгӕрзтӕ, наркотиктӕ ӕмӕ уыдонӕй пайда кӕныны ӕмӕ сӕ цӕттӕ кӕны-ны тыххӕй ӕрмӕджытӕ).

Ӕфсӕддон корреспонденцийыл хӕлд пломбӕ куы разына, кӕнӕ вализӕйыл та мыхуыр куынӕ уа, ахӕм цауты рæстӕджы ӕфсӕддон корреспонденцийӕн Дыууӕ Фарсы паддзахадты таможнӕйон арӕныл дарддӕр хӕссыны барӕн бындур хъуамӕ уа, ӕфсӕддон корреспонденци ӕрвитӕг Фарсы паддзахады бӕрнджын органы дӕлхайы (ӕфсӕддон баиугӕнд) фыстӕй барлӕвӕрд, кӕцы фельдъегертӕ (курьертӕ ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕ) дӕттынц уыцы Фарсы паддзахады бӕрнджын органы таможнӕйон органмӕ.

Таможнӕйон арӕныл хизгӕйӕ æфсӕддон корреспонденцийы иу Фарсы паддзахады территоримӕ (территорийæ) бар кӕмӕн нӕй, кӕнӕ ласыны (аласыны) бары фӕкъуындӕгдӕргонд баримӕ чи сты, ахӕм товартӕм серьезон зӕрдӕхсайдӕн бындур куы уа, уӕд, ӕфсӕддон корреспонденци кӕй паддзахады территоримӕ (территорийӕ) ласт (аласт) цӕуы, уыцы Фарсы арӕнгӕрон ӕмӕ таможнӕйон органтӕ уадзынц арӕнгӕрон ӕмӕ таможнӕйон контроль ахӕм фӕткмӕ гӕсгӕ, кӕцы фидаргонд у, ӕфсӕддон корреспонденци кӕй территоримӕ (территорийæ) ласт (аласт) цӕуы, уыцы Фарсы паддзахады закъондӕттынадмӕ гӕсгӕ.

  1. Фельдъегертӕм (курьертӕм ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕм) ӕфсӕддон корреспонденци ласгӕйӕ хъуамӕ уа табелон хӕцӕнгӕрзтӕ. Ӕфсӕддон корреспонденци ласт цы Фарсы паддзахады территоримӕ цӕуы, уыцы Фарсы паддзахадон арӕныл табелон хӕцӕнгарз хӕссынӕн бындур хъуамӕ уой официалон документтӕ (гоймаг бӕлвырдгӕнӕг ӕмӕ командировкӕйы кӕй ис, ахӕм гӕххӕтт къухфыстимӕ), кӕцытӕ лӕвӕрд цӕуынц Фарсы паддзахады бӕрнджын органты фельдъегертӕн (курьертӕн ӕмӕ сӕрмагонд хӕсджытӕн) ӕмӕ сын бар ис ӕфснайынӕн, хӕссынӕн, спайда сӕ кӕнынӕн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.