Хуссарирыстойнаг спортсментæ хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой Цæгат Ирыстоны Олимпиаг резервы скъолайы чемпионаты. Барьертимæ 60 метры дæрццæгмæ згъорынæй сыгъзæрин майдан рамбылдта Джиоты Марат. Дыууæ сыгъзæрин майданы бафтыд Бекъойты Александрайы къухты. Уый та фыццаг бынæттæ бацахста 600 м æмæ 1000 м лидзынæй. Æфсæйнаг къори æппарынæй рамбылдта Гæззаты Мария. Ноджы ма фæйнæ сыгъзæрин майданы бафтыд Уалыты Сослан æмæ Гæззаты Любовы къухты. Уыдон лыгъдысты барьертимæ 60 метрмæ згъорынæй. Хуссарирыстойнаг рогатлеттæ ма ноджы рамбылдтой 9 æвзист æмæ дыууæ та бронзæ майданы.

 

ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы Фыццаг дивизионы 20-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» 1:1 хыгъдæй ахъазыд Тольяттийы «Акрон»-имæ. Дзæуджыхъæуккæгты сконды расгуыхт Гуырцъыты Батраз. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ хъазтæй фондз боны размæ йæ куысты бынатæй кæй ацыд командæйы сæйраг тренер Олег Василенко. «Акрон»-имæ хъазтмæ командæйы цæттæ кодтой Хапсаты Витали, Дзуццаты Алан æмæ «Алани-2»-йы тренер Бететы Сослан.

«Алани» 32 очкоимæ турнирон таблицæйы цæуы 6-æм бынатыл.

Ныр Фыццаг дивизионы райдыдта зымæгон паузæ. Чемпионат сног уыдзæн 3-æм марты. Ныр та уал Ирыстоны сæйраг футболон командæйæн клубы къухдариуæгад агуры ног сæйраг тренеры.

 

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Каспийскы уагъд æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. Уым хайад райстой ирон богалтæ дæр. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Уалыты Сослан (55 кг), Теблойты Даниэль (63 кг) æмæ Гугкаты Давид (72 кг). Æвзист призер та ссис Теблойты Давид (72 кг). Ерыстæ уыдысты грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионатмæ æвзарæнтæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.