Нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны боны цытæн Национ банг, финансон операцитæ аразын æмæ йæ клиенттæн лæггад кæнынæй дарддæр ма, ахадæн куыст кæны зынгæ историон цаутæ, зæрдылдарæн бонтæ æмæ Ирыстоны номдзыд хъæбултæн сæ номыл, сæ цытæн, зæрдылдарæн монетæтæ рауадзыны руаджы сæ нæмттæ сæнусон  æмæ пропагандæ кæныныл. Æмæ та ныр дæр, нæ республикæйы паддзахадон хæдбардзинад нын Уæрæсе куы банымадта, уыцы ахсджиаг боныл 15 азы сæххæсты боны хæдразмæ ацы историон цауы цытæн Национ банг рауагъта ног монетæ. Йæ презентацимæ ардæм æрбацыдысты РХИ-йы бæрнон кусджытæ, сæ сæргъ Хицауады сæрдар Джуссойты Константин, афтæмæй, УФ-йы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, республикæйы раздæры президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, акционерон æхсæнад “Гознак”-ы продукттæ размæ кæныны фæдыл офисы разамонæг Олег Сырченков, уазджытæ Приднестроваг Молдоваг республикæйæ, зонады æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Презентацийы райдианы Национ бангы сæргълæууæг Джиоты Жаннæ банысан кодта нæ адæмы царды 2008 азы 26 ав-густы боны ахсджиагдзинад, кæй йын уыд хъысмæт скъуыддзаггæнæн нысаниуæг æмæ æнустæм кæй баззайдзæн нæ адæ-мы историйы. Нæ адæм, зæгъгæ, аккагæй бафæрæзтой æппæт зындзинæдтæн дæр æмæ бахъахъхъæдтой, рæсугъд фидæн сын кæй хъуамæ уа, уыцы бар. Уыимæ ма банысан кодта, ацы бон æнустæм кæй баззайдзæн Хуссар Ирыстон æмæ Уæ-рæсейы адæмты удварны стырдзинады æмæ æфсымæрон æмзæрдæдзинады бонæй.

Дарддæр уый æрдзырдта, банг цы монетæ раугъта, уый тыххæй. Ацы монетæ, зæгъгæ, у юбилейон, æртынæм, у æвзист, йæ номинал – 25 зæрины.

Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин йæ раныхасы банысан кодта республикæйы хæдбардзинад банымайыны цытæн монетæ рауадзын кæй уыдис ахсджиаг хъуыддаг æмæ дарддæр æрдзырдта, нæ хæдбардзинад цахæм стыр аргъæй бафтыд нæ къухты. Фæлæ, зæгъгæ, мах бафæрæзтам æппæт уæззау фæлварæнтæн дæр, цæмæй нын нæ зæххыл уа цæрыны æмæ фæллой кæныны бар. Банысан кодта нæ адæм кæй никуы ферох кæндзысты нæ республикæйы сæрибардзинадыл чи тох кодта, уыдоны, афтæ ма æгæрон бузныг кæй сты Уæрæсейæ, ахæм хъысмæтскъуыддзаггæнæн уынаффæ кæй райста, уый тыххæй. Национ банг та цы монетæ рауагъта, уый та, зæгъгæ, у ацы историон цау сæнусон кæныны амæлттæй сæ иу.

Дарддæр Хицауады Сæрдар президенты номæй акционерон æхсæнад “Гознак”-ы продукттæ размæ кæныны фæдыл офисы къухдариуæггæнæг Олег Сырченковы схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй.

Куыд ацы монетæ, афтæ йæ размæ цы монетæтæ дæр рауагъдæуыд, уыдоны Марат Кулахметов йæ раныхасы рахуыдта Хуссар Ирыстоны историон фундамент.

Монетæйæ дарддæр ма Национ банг бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта, цы зæрдылдарæн монетæтæ йын бантыст рауадзын, уыдоны каталог ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Ам сты сæ хуызистытæ, сæ характеристикæтæ, сæ афыст æмæ историон-тематикон бæлвырдгæнæнтæ. Ацы монетæты банг уадзын райдыдта 2013 азæй фæстæмæ.

Фыццаг монетæ рауадзыны фæдыл цы куыст цыдис, уый тыххæй та йæ хъуыдытæ загъта Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт.

Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид сæ раныхæсты дзырдтой, республикæ, уыцы нымæцы национ банг дæр йæ сырæзтæй фæстæмæ цахæм фæндагыл рацыд, цы зындзинæдтыл сæмбæлд, уыдæттыл.

          БИАЗЫРТЫ Роланд

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.