Мыхуыры рацыд сабиты уарзон журнал «Ногдзау»-ы ацы азы цыппæрæм номыр. Ирыстонæн кад æмæ ном чи скодта, нæ культурæйы рæзтыл удуæлдайæ чи тох кодта, уыдонæй иу уыд аивады дзырддзæугæдæр æмæ курдиатджындæр актер Тæбæхсæуты Бало. Уымæн йæ райгуырдыл сæххæст 110 азы æмæ журнал кæсджыты зонгæ кæны йе сфæлдыстадимæ. «Журналы уазæг» – ахæм рубрикæйы бын та редакцийы фарстатæн дзуапп дæтты «Ногдзау»-ы конкурс «Æмдзæвгæ мадæн»-ы уæлахиздзау Хуыдарты Сæрмæт. «Бæрæгбæттæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæимæ та мыхуыр æрцыд Ирыстоны уарзон бæрæгбонтæй сæ иу –  «Хетæджы бон». Нæ адæммæ бирæ хорз æгъдæуттæ ис æмæ уыдон æхсæн аккаг бынат ахсы арфæ кæнын, уыимæ редакци зонгæ кæны  нæ чысыл хурты.

«Ногдзау»-ы коллектив йæ хъусдард здахы, сфæлдыстадон тæвагæй хайджын чи у, уыдонмæ æмæ сын сæ уацмыстæн бынат саккаг кæны йæ фæрстыл. Ацы номыры дæр та рубрикæ «Æмдзæвгæтæ»-йы  уацмыстæ «Мæ уарзон Ирыстон» æмæ «Гæлæбу»-йы автортæ сты Дзæуджыхъæуы 28-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Гæджиты Валерия æмæ Дзæуджыхъæуы 18-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Мсойты Тамерлан.

   Рæзгæ фæлтæр цæмæй ирон зарæджы зæлтæм æмхиц уой, ууыл тынг архайы редакци æмæ та ацы номыры дæр мыхуыр æрцыд Джимиты К.-йы фыст æмдзæвгæ «А-ло-лай»-йæ нотæтимæ. Ирыстоны иу цины фынг дæр æнæ æртæ чъирийæ нæ фидауы æмæ рубрикæ «Ирон этикет»-ы дзыр-дæуы «Æртæ чъирийы» егъау нысаниуæгыл. «Таурæгъ»-ы рубрикæйы бын та йæ уацмыс «На-мыс куыд домы, афтæ цæр», ныммыхуыр кодта Æрыдоны 1-æм астæуккаг скъолайы 4-æм «В» къласы ахуырдзау Уырысты Зæринæ, æмæ «Мыст æмæ цæргæс»-ы аргъауы автор та у Дзæуджыхъæуы 43-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Бозырты Екатеринæ. Рубрикæ «Радзырд»-ы та Дзæуджыхъæуы 43-æм скъолайы 4-æм «В» къласы ахуырдзау Джиоты Миланæ йæ уацмыс схуыдта «Кокос».

 «Хистæрты сфæлдыстад сабитæн», – ахæм рубрикæйы бын йæ уацмыстæ кæстæртæн лæвар кæны Пелиты Сабинæ. Ирон адæмон хъайтартæй иу у Кодзырты Таймураз æмæ уый тых-хæй кæстæр фæлтæр базонгæ уыдзысты рубрикæ  «Иры намыс»-ы бын. «Æфсымæрон адæмты сфæлдыстад»-ы бын та «Ногдзау» мыхуыр кæны Ереваны А. Д. Сахаровы номыл скъолайы 3-æм къласы ахуырдзау Микоян Ашоты уацмыс «Мæ сæрд». Аива-дуарзджытæ та базонгæ уыдзысты  ирон рагон кæфтытæй сæ иу – «Гогызы кафт»-имæ. «Ирон сахартæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы йæ уарзон горæт Дигорайы тыххæй дзуры 1-æм скъолайы 7-æм къласы ахуырдзау Бигъаты Кристинæ, рубрикæ «Ирон мыггæгтæ»-йы бын та йæ мыггаджы тыххæй фыссы Беслæны фыццæгæм астæуккаг скъолайы 8-æм къласы ахуыргæнинаг Хæмыцаты Виктория. «Ногдзау»-ы ма цымыдисон æмæ хъæугæ æрмæджытæ мыхуыр æрцыдысты ахæм рубрикæты бын, куыд «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ, «Базон-базонтæ», «Ахуыр кæнæм ирон æвзаг», «Æмбисæндтæ», сканворд æмæ дзырдбыд.

 «Ногдзау» аивадон æгъдауæй сфæлгонц кæныныл хорз бакуыс-той нывгæнджытæ Айларты Владимир, Абайты Аркади æмæ Мамсыраты Хасан.

                                                             ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.