ДЗЮДО

Хуссарирыстойнаг дзюдоист Уалыты Герман ссис дунеон турниры æвзист призер. Уымæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд Налцыччы уагъдцæуæг турнир «Кубок вызова Локомотив»-ы. Герман архайдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы. Акодта 5 тохы. Уыдонæй цыппары фæуæлахиз. Уалыты Германы тренертæ сты Хъотайты Дмитри, Касаты Ацæмæз æмæ Зассеты Æхсар.

«Ерыстæ ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Хайад дзы райстой иу мин спортсменæй фылдæр. Ахæм престижон ерысты Герман дыккаг бынат кæй бацахста, уый махæн у стыр æнтыст», – банысан кодта Хъотайты Дмитри.

ФУТБОЛ

Хæлттæ æппæрсты фæстиуæгæн бæрæг æрцы-дысты футболæй Бетсити-Уæрæсейы Кубокы финалы 1/8 хайы кæцы командæтæ фембæлдзысты, уыдон нæмттæ. Дзæуджыхъæуы «Алани» 1-3 марты фысымиуæг кæндзæн премьер-къорды хъазæг командæ Тулайы «Арсенал»-æн.

«Махмæ æнхъæлмæ кæсы хорз ныхмæлæууæгимæ ахъазын. Æнхъæлмæ кæсын цымыдисон хъазтмæ. Радон хатт та бафæлвардзыстæм нæ тыхтæ», – банысан кодта «Алани»-йы сæйраг тренер Гогниты Спартак.

ТЕННИС

Ирон теннисист Хъæрæцаты Аслан фыццаг хатт йæ спортивон карьерæйы профессионалон теннисисты ассоциацийы (АТР) рейтингы схызт 16 бынатмæ. Ивгъуыд къуырийы уый ахста 19 бынат. Ирон спортсменæн ис 2392 очкойы.

ДЗЮДО

Парижы уагъд æрцыд дзюдойæ Æфсæддон спорты æхсæнадæмон советы (СISM) дунейы чемпионат. УФ-йы гарзджын тыхты æмбырдгонды сконды ерысты уæлахиздзау ссис Тасойты Инал. Уый хæцыд +100 кг уæзы категорийы. Финалы ирон богал фæуæлахиз Бразилийы минæварыл.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.