Мыхуыры рацыд æмæ та йæ чысыл хæлæртты зæрдæтæ барухс кодта сабиты уарзон журнал «Ногдзау»-ы ацы азы æртыккаг, юбилеон номыр. Зындгонд куыд у, афтæмæй журнал цæуын райдыдта 1937 азы æмæ йын йæ бæрæгбоны сæраппонд арфæ кæны Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, ис дзы йæ къам дæр. Йæхи рады «Ногдзау»-ы редакци дæр арфæйы ныхас загъта йæ чысыл хæлæрттæн. Дарддæр дзы мыхуыр æрцыд уац «Сабитæн хуындзау», йæ автор Касаты Аслæнбег кæсджыты зонгæ кæны журналы историимæ, сты дзы райдианæй абоны онг йæ редакторты къамтæ дæр. Уыдон та уыдысты Тотраты Хадзыбатыр, Епхиты Тæтæри, Мамсыраты Дæбе, Хацъæты Валодя, Дзанайты Сергей, Токаты Асæх, Икъоты Юри, Дзасохты Музафер, Томайты Сергей æмæ ныры редактор Бигъаты-Сæлбиты Дианæ.

«Нæ редакцийы цардæй» – ахæм рубрикæйы бын кæсджытæ базонгæ уыдзысты журналы кусджытæ æмæ йæ хæлар уазджыты къамтимæ. «Кæстæрты æгъдау», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын ис уац «Цы æгъдау æвдисæн хъæуы ныхасгæнгæйæ» æмæ дзы амындæуы, ныхасы рæстæджы цы хорз æгъдæуттыл хъуамæ уай хæст, æппæт уыдæттæ. Æвзонг поэзиуарзджытæн та дзы мыхуыр æрцыдысты Багъæраты Созуры æмдзæвгæ «Зæрди дуар» æмæ Баситы Зæлинæйы æмдзæвгæ «Ногдзауы юбилеймæ». Рубрикæ «Нæ хурты хуртæн»-ы бын та лæвæрд цæуы аргъау «Гули æмæ Сыфи».

Зындгонд куыд у, афтæмæй Донецкы     сывæллæтты иу къорд уазæгуаты сты Цæгат Ирыстоны республикон реабилитацион центр «Тæмиск»-ы. Редакцийы кусджытæ фембæлдысты семæ, цæмæй Ирыстоны тыххæй сæ тæлмæнтæ радзурой æмæ уыдон тынг разæнгардæй загътой сæ хъуыдытæ.

«Зæрдæйæн адджын у йæ номæй дæр»-ахæм къаннæг уацы «Ногдзау»-æн арфæ кæны УФ-йы Журналистты æмæ Фысджыты цæдисы уæнг Гасанты Валери, мыхуыр ма дзы сты йæ æмдзæвгæтæ «Фæндырдзæгъдæг» æмæ «Ирыхъæуы».

«Ногдзау»-ы ацы номыр йæ цæст ахаста журналы райдианмæ, уæд хуынд «Сырх дидинæг» æмæ кæсджыты зонгæ кæны, уæд дзы цы уацмыстæ æрцыд мыхуыргонд, уыдонимæ. Ам бакæсæн ис ахæм уацмыстæн: Берозты Аслæнбеджы æмдзæвгæ «Дидинæг», Боциты Бароны «Сабийы зарæг», Бæдоаты Хъазыбеджы «Сæгъы аргъау», Ардасенты Хадзыбатыры «Лагерты», Мамсыраты Дæбейы «Кути», Хъайтмæзты Аслæмырзæйы «Сидзæр», Къубалты Алыксандры «Фесæф зивæг!», Базон-базонтæ æмæ Хъазбегты Хъазыбеджы æмдзæвгæ «Ног бон». Уыдон фæстæ журналкæсджытæн мыхуыр æрцыд Бесаты Тазейы аргъау «Ка устурдæр æй?». «Æнæмæлгæ полк»-ы та сты ирон сахъгуырд хæстонты къамтæ. «Кувæг лæг»-ы та дзырдæуы кувæг лæджы æвæрццаг миниуджытыл. «Ногдзау»-ы ма ноджыдæр ис цымыдисон æмæ æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ ахæм рубрикæты бын, куыд «Ахуыр кæнæм ирон æвзаг», «Æмбисæндтæ», «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ», «Гæрныйы хъазт», сканворд æмæ дзырдбыд.

«Ногдзау» аивадон æгъдауæй сфæлгонц кæныныл хорз бакуыстой нывгæнджытæ Мамсыраты Хасан, Айларты Владимир æмæ Абайты Аркади.

                                               ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.