Куыд кæсын, афтæмæй абон адæмæн сæ зынгæ хай ницæмæй хъуаг сты. Кусынц, фæрæзтæ æмæ амæлттæ кæнынц, хæдзæрттæ аразынц, хæдтулгæтæ ивынц кухмæрзæнтау. Раст у, бирæ ис ахæм адæм дæр, æмæ мæгуырдзинад се ‘цæг æмбæлццон кæмæн у. Уый тыххæй дардмæ цæуын нæ бахъæудзæн, нæ алыварс акæсын нын фаг уыдзæн. Махмæ, Хуссар Ирыстоны афтæ фæдзурынц, æххормагæй никуы ничи амарди, зæгъгæ. Уый нæ нысан кæны, æмæ æнæхъæн дунейы цæрынæн æнæмæнг цы у, уый хъуагæй никуы ничи амæлы. Цæвиттон, иу боны мидæг зæххы цъарыл æххормагæй амæлы 24 мин адæймаджы, дойныйæ 1400 адæймаджы, низтæй  150 мин… Иумæйагæй, ацы æртæ аххосагмæ гæсгæ, амæлы дæсгай милуан адæймæгтæ.

Ацы уæззау зæрдæриссæн зонæнтæм бирæтæ сæ хъус нæ дарынц, нæ сæ фæнды сæ зæрдæйы равг фехалын. Фæлтау агурынц, сæ удæн æхцондзинад кæм райсой, ахæм хиирхæфсæн бынæттæ. Фæлæ диссаг уый нæу! Диссаг уый у, æмæ ацы адæм æппæтæй дæр дзурынц «нæй»: æхца нæй, амонд нæй, хорз адæм нæй, æгъдау нæй, хæлардзинад нæй, уарзт нæй, боныгъæд нал кæны, æууæнк нæй, царды мидис нæй, курдиæттæ нæй, Хуыцау нæй! Æмæ раст дзурынц, фыццагæй дарддæр сæм, æвæццæгæн ницыуал вæййы, фæлæ уымæй та «нæй» цæмæн дзурынц? Уый тыххæй зонд зонынæн хорз уаид Пушкины «Скупой рыцарь»-мæ æркæсын. Уымæн йæ чырынтæ дзаг уыдысты сыгъзæринæй, фæлæ ирон адæм куыд зæгъынц, афтæмæй уый æлгъыст у, ома сыгъзæрин. Адæймаг дзы не ‘фсæды æмæ йæм дзы бирæ куы вæййы, уæд дзурын райдайы «нæй». Æнгæс хабарыл ма дзырдæуы рагон аргъау «Золотая антилопа»-йы индийаг лæппуыйы царды хабæртты дæр. Уыцы ран хъæздыг лæджы фæндыд ноджы тынгдæр схъæздыг уæвын. Куы базыдта, йæ сæфтæджытæй сыгъзæринтæ кæмæн хауы, уыцы сæгуыты хабар, уæд æй æрцахсын кодта æмæ йæ сбаста. Сæгуыт æй бафæдзæхста, куыддæр зæгъа, фаг у, зæгъгæ, афтæ æрцæудзæн йæ кæрон. Уый йыл худæгæй бакъæцæл, куыд хъуамæ зæгъон «фаг у», зæгъгæ. Фæлæ йæ бахъуыди уыцы ныхæстæ зæгъын, æмæ афтæмæй байсæфти.

Уæдæ уымæй саразæн ис ахæм хатдзæг: цас адæймагмæ фылдæр æхца ис, уыйбæрц тынгдæр дзуры «нæй», уымæн æмæ ацы ныхасы фæрцы, уыцы адæм сæхи сæрибар кæнынц хæрзиуæг ракæныны хæсæй. Нæй æмæ нæй, дурæй хъæбæрдæр! Сæ алыварс цы тæригъæддаг адæм уынынц, уыдон сын агайынц сæ намыс, æмæ тæрсынц, сæ намыс куынæуал бафынæй уа, уæд сын æнцой нал дæтдзæн. Афтæмæй сæрæй кæронмæ дзурынц «нæй».

Уый æхцайы хабар у, фæлæ иннæ хъуыддæгтæй та цæмæн дзурынц, нæй нæм, раафтид стæм, скадавар стæм, зæгъгæ? Зæгъæм, æгъдау нæм нæй, уый фæдыл ныхас сæ зæрдæмæ цæмæн цæуы æмæ йæ цæмæн дзурынц? Уый та уымæн, æмæ сæхи нымайынц хæрзæгъдауыл хæст адæмыл. Уыдон цы нымайынц æгъдауыл, æрмæстдæр уый куы цæуид адæмы зæрдæмæ, æрмæстдæр уыдон куы уаиккой цæвиттойнаг, уымæн æмæ сæ удыхъæд фæивын иттæг зын хабар у, уымæн ницыуал амал арынц, æмæ иннæты та æнæгъдауыл банымайын у æнцондæр хъуыддаг. Афтæмæй сæхи хылгæнæг скæнынц æмæ тызмæгæй рацу-бацу кæнынц æхсæнады царды фæндæгтыл.

Уæдæ «нæй»-ы дуг æрхаста ноджы иу диссаджы дзуринаг: курдиæттæ нæм нæй. Ацы ныхас арæх фæдзурынц фысджыты тыххæй. Раст куы зæгъон, уæд мæм ахæм адæм тынг æнахуыр кæсынц, стæй йыл ныр цалдæр хатты æмæ цалдæр раны дзырд цыд, æмæ йæ рæгъмæ рахæссон, уый дæр мæ нал фæндыди, ацы бонты йæ иу аивадон журналы сæргълæууæгæй куынæ фехъуыстаин, уæд. Зæрдæйæн хъыг дæр уый у, æмæ йæхæдæг уырыссагау дзырдта ирон интеллигенцийы минæвар уæвгæйæ, æмæ уырыссагау дзурын æгады хъуыддаг никуы уыд, æрмæст алцæмæн дæр ис уаг æмæ æгъдау. Уырыссагау дзургæйæ нын ирон æвзаджы кой чи кæны, уыдонæн та ницы схонæн ис цæстмæхъус фарисейтæй дарддæр. Йæ дзырды сæр та уый уыди, зæгъгæ, ныртæккæ нæм «нормальный» фысджытæ нæй. Цымæ «нормальный» фысджытæ цавæртæ вæййынц, уымæй йæ бафæрс, уæд цы зæгъид?! Æз та афтæ зæгъдзынæн, æмæ ахæм адæм чингуытæ нæ кæсынц, æндæр, зæгъæм, Дыгъуызты Тенгизы «Къонайы хъарм», Бестауты Аланæйы «Тæхуды», Кокойты Эльзæйы «Поэзийы арт» чи бакæса, уымæн хъуамæ уаид, цы зæгъа, уый. Йе æмæ ныр бæрæг у, курдиæттæ нæм нæй, зæгъгæ, цæмæн дзурынц: нæ зонынц, чи сты уыцы курдиæтты хицæуттæ, æмæ уый!

Афтæмæй ныртæккæ «нæй» чи дзуры, уыдонæн сæ дæлгоммæ æфсон бæрæг у: сæхимæ нæй, æмæ æндæр цы зæгъой!

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.