УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Бестауты Андрей ссис, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Мæскуыйы чемпионаты уæлахиздзау. Иууыл уæззаудæр уæзы категорийы архайæгйæ, тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг фæуæлахиз иннæ ирон хъæбысæйхæцæг Чилæхсаты Аланыл.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Бестауты Андрейæн ацы ерысты рæстæджы лæвæрд кæй æрцыд Уæрæсейы спорты дæсныйы кадджын ном.

ДЗЮДО

Радон æнтыст та бафтыд хуссарирыстойнаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæйы къухты. Уый ссис, 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменкæты ‘хсæн Централон Федералон зылды чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Брянскы. Аланæйæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд иууыл уæззаудæр уæзы категорийы.

Уый раздæр та фæуæлахиз Дзуæджыхъæуы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты номарæн турниры. Æлборты Аланæйы тренертæ сты Тъуриты Тенгиз æмæ Гæбæраты Автандил.

ССИС ЕРЫСТЫ УÆЛАХИЗДЗАУ

    Ирон барæг Тугъанты Влаимир бæхты спортæй ссис Абу-Дабийы конкурæй уагъдцæуæг дунеон ерысты уæлахиздзау. Ерысты финалы уый иу рæдыд дæр нæ фæкодта æмæ фенын кодта иууыл хуыздæр рæстæг – 46,60 секунд.

Тугъанты Махарбегæн 2021 азы дунеон турниры ацы уæлахиз ссис фыццаг. 

ТУРНИР БАСКЕТБОЛÆЙ

    Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд турнир баскетболæй. Ерыстæ æрвылаз дæр ауадзы Цхинвалы администрацийы спорты хайад.

Спорт

«Мах фæнды, цæмæй спорты ацы рæсугъд хуызæй архайой нæ республикæйы дæр. Уымæ гæсгæ йæ фæуадзæм æрвылаз дæр. Уыцы хъуыддаг ахуырдзаутæ зонынц æмæ развæлгъау сæхи фæцæттæ кæнынц. Ныр дæр ерыстæ рауадысты хорз», – банысан кодта Цхинвалы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Битеты Гурам.

Ацы аз турниры хайад райстой 5 скъолайы командæйы. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ уыдон кæрæдзиимæ акодтой фæйнæ иу хъазты. Турниры фæлгæтты йæ хъæзтытæ иууылдæр рамбылдта гимназ «Альбион»-ы командæ æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Дыккаг бынат бацахста 6-æм астæуккаг скъолайы командæ æмæ æртыккаг бынатыл та ацыдысты 2-æм скъолайы ахуырдзаутæ.

Ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кæныны церемонийы хайад райстой спорты фарстаты фæдыл президенты æххуысæгæнæг Джиоты Руфин, 6-æм астæууккаг скъолайы директор Бедойты Элеонорæ æмæ сæйраг тæрхонгæнæг Дзабиты Роланд.

Командæтæй дарддæр ма сæрмагонд призтæ райстой ерысты хуыздæр хъазджытæ. Уыдон иууылдæр сты гимназ «Альбион»-ы командæйы уæнгтæ: Козаты Арсен, Цхуырбаты Андрей, Александр Гогинов æмæ Тасойты Арсен.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.