Кæддæриддæр уæлæдарæсæн уыди йæхи сæрмагонд нысаниуæг, æмæ алы хъуыддаджы фæдыл ацæуынæн уыдис æмæ ныртæккæ дæр ис йæхи конд æмæ уынд. Мах цы æхсæнады цæрæм, хъыгагæн, уым нæ къухы не ‘фты, дарæсы æххæст уаг æмæ æгъдауæн дзуапп дæттын, чи йæ фырхъалæй, чи та – йæ цыбыркъухæй.

Фырхъал адæм дарæсы уаг æмæ æгъдауæн дзуапп уымæн нæ дæттынц, æмæ сын фылдæр хатт уæлдай нæ вæййы, цы ранмæ цы дарæс скæнын æмбæлы, уый. Афтæмæй, зæгъæм, фыдохы  мадзæлттæм  дæр æрбацæуынц хъæздыг фæлысты, зынаргъ къухдарæнтæ æмæ хъусдарæнты, нæ ауæрдынц сæхиуыл бриллианттæ ауындзыныл дæр. Цыбыркъух адæм та рагæй фæстæмæ хурæй хæдон, зæххæй дзабыр кæнгæйæ цæуынц, æмæ уый аххосæй иттæг нæ хъуыды кæнынц куыд хуыздæр скæноныл.

Кæй зæгъын æй хъæуы, дарæс раст дарынæн дæр зонындзинæдтæ хъæуы, æмæ уый тыххæй стыр разамонджытæн ис сæрмагондæй ахæм адæймæгтæ, кæцытæ сын амонынц, кæд цы скæной сæ уæлæ, уыдæттæ. Фæлæ бирæбæрцæй ацы хъуыддаг нæу тыхмийæ, кæд æмæ иу кæнæ иннæ уагдоны сæрмагонд дарæс дарыны уагæвæрд нæй, уæд. Кæд дæ фæнды, уæд дæ сæрыл голлаг дæр скæн, зæгъгæ, фæзæгъынц бирæтæ. Æмæ уый раст у. Чизоны æмæ кæмæндæр голлаг йеддæмæ скæнинаг ницы ис, уæд æндæртæн цы бар ис, æмæ сын уайдзæф кæной, ацы мæгуыр дзаумæттæ цæмæн дарыс, зæгъгæ. Кæддæр-иу скъоладзаутæ сæ фырæнæрхъуыдыйæ фидис дæр бакодтой ахуыргæнджытæн, ацы костюмæй хуыздæр дын ницы ис, зæгъгæ.

Æниу, ныртæккæ ахæм ракæнд чысыл къæбæдадзинады хуызæн у, кæд æмæ йæ уæд мах стыр æфхæрдыл нымадтам ахуыргæнæгæн, уæддæр. Ныртæккæ уæлæдарæс æмæ иумæйагæй æддаг бакасты алыварс цы диссæгтæ цæуы, уый афтæ сагъæссаг æмæ катайаг у, æмæ кæддæр цыдæр уыди, уый лæгмæ нымады дæр нал ис. Дзырдæн, зæгъæм, ныртæккæ æппæты кадджындæр дзаумайы конд у ахæм: куы райсиккам уæлæдарæсы искæцы хуыз æмæ йын куы слыг кæниккам йæ хуыдтытæй дарддæр дзы цы ис, уыдон! Иудзырдæй, дарæс нæ, фæлæ ма дзы цы баззади, уыцы кæройнаг уаццæгтæ!

Æрмæст мæм диссаг кæсы уый, æмæ цы пайда у ахæм дарæсы конд. Дард хъæддаг адæмтæн дæр ма сæ хъуырыл фæрдгуытæ вæййы, сæ сæртыл та – пакъуысистæ, стæй сæ буар та ахуырст вæййы сæрмагонд ахорæнæй, æмæ уыдонæй уыйбæрц ницыуал фæзыны. Уæдæ уыдонмæ æфсарм фылдæр разынди «размæдзыд» адæмæй æви æндæр истæйы аххос у, уый у цымыдисаг.

Уæлæдарæсы кой кæнын нæу стыр арфæйаг хъуыддаг, фæлæ куырмы ‘фсон кæнын дæр зын у ныры дуджы. Ныр ахæм уæлæдарæс йæ уæлæ чи скæны, уыдонæн иумæйагæй се ‘ддаг бакаст дæр диссаг вæййы. Ныр сылгоймагæй нæлгоймагæй иу низы ахæсты бахаудтой, æмæ силиконы фæрцы сныв кодтой сæхицæн ног хæмхудтæ. Æмæ цас рæсугъд у уыцы хъуыддаг, ууыл нал дзурын, фæлæ цас æнцонвадат у адæймагæн, уый мæ сагъæсы æфтауы. Адæймагæн йæ буары искæцы хайыл бындз куы абады, уæддæр куы фесхъиуы, уæд уыйбæрц æцæгæлон æрмæг цармы бын куыд ис бафæразæн…

Диссæгтæ нырма разæй уыдзысты, куыд кæсын, афтæмæй, фæлæ ма дзы цæсты тынг цы хауы, уый у кæнгæ æрфгуыты хъуыддаг. Бирæ дис фæкæнын уыцы хабарыл! Куыд ис уый гæнæн, æмæ зæххы цыппар фисыны ‘хсæн цыдæриддæр сылгоймæгтæ ис, уыдонæн уа иугъуызон, къæлæс нæ, фæлæ – тигъджын æрфгуытæ! Саутæ, буртæ, мыдгъуызтæ дæр куынæуал сты, уæд ма сын зарæджы цы фæлгæндзтæ рабæздзæн. Зарæджы хабар та афтæ у, æмæ кæнæ кады æмæ уарзты зарæг райгуыры, науæд та – худинаджы зарæг. Æмæ мæм афтæ кæсы, цыма ахæм чызджытыл кады зарджытæ скæнын хъæуы, уымæн æмæ дæхицæн ахæм фыдмитæ кæн æмæ уыцы стыр зындзинæдтæй ма фæтæрс, æнæауæрдонæй дæхи карды бын æрæвæр, уый стыр хъæбатырдзинад у. Æмæ уæдæ, гъе, мардзæ, зарæггæнджытæ, райсут уæ фыссæн систæ æмæ фысгæ кады зарджытæ. Науæд бирæтæ кадмæ бæлгæйæ, æгадæй … Мæлынц, зæгъгæ, сæ мæ цæст дæр нæ уарзы…

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.