Мыхуыры рацыд æмæ йæ кæсджытæм фæхæццæ сабиты уарзон журнал «Ногдзау»-ы ацы азы радон, æртыккаг номыр. Сæххæст Уæлахизы бæрæгбоныл 75 азы æмæ журналы уацмыстæ се ‘ппæт дæр сты ацы темæйы фæдыл. Минометæйæхсæг, ротæйы командир, Намысы ордены æххæст кавалер Хъалаты Семены райгуырдыл сæххæст 115 азы æмæ уый тых-хæй цыбыртæй дзырдæуы йæ тохы фæндæгтыл, ис дзы йæ къам дæр. Рубрикæ «Журналы уазæг» та йæхимæ райста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, Мæздæджы горæты кадджын æмбæстаг Гулуты Хизиры.

Ирон чиныгкæсæгæн зындгонд у Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъайы» æмæ ацы номыры æвзонг кæсджытæ базонгæ уыдзысты йемæ. Гæздæнты авд зынгхуыст æфсымæры цытæн ма журнал фыссы уыдоны тыххæй æмæ рубрикæ «Зарæг»-ы та æвзонг фæлтæр бакæсдзысты Расул Гамзатовы ныхæстыл фыст «Хърихъуппытæ», музыкæ та йын ныффыста Ян Френкель. Уацмыс мыхуыр æрцыд дыууæ æвзагыл, иронмæ йæ раивта поэт Тыджыты Юри, авайраг æвзагæй уырыссагмæ та – Наум Гребнев, сты дзы зарæджы нотæтæ дæр. Дарддæры рубрикæйы та «Ногдзау»-ы мыхуыр сты хæсты тыххæй ирон æмæ уырыссаг æмбисæндтæ.

Редакци лæмбынæг йæ хъус дары æмæ хорз æххуыс кæны , сфæлдыстадон куыстмæ йæ гæрзтæ чи рабаста, уыцы æвзонг райдайгæ автортæн. Ацы номыры дæр «Ногдзау» фæндаг радта Хетæгкаты Къостайы номыл ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты ирон æвзаджы кафедрæйы ахуыргæнæг, литературон преми «Булæмæргъ»-ы лауреат Бететы Фатимæйы æмдзæвгæ «Мады куывд», Цыколайы фыццæгæм скъолайы æвзонг ахуыргæнæг Дзираты Маринæйы «Уæззау хæст» æмæ поэт Тетцойты Таймуразы æмдзæвгæтæн хæсты темæйыл. Советон адæмæн бæрæгбон у 9-æм май æмæ рубрикæ «Бæрæгбæттæ»-йы кæсджытæ базонгæ уыдзысты ацы ахсджиаг бæрæгбонимæ. Рубрикæ «Хæсты Хъæбатыртæ»-йы «Ногдзау» мыхуыр кæны Советон Цæдисы Хъæбатыр Петр Барбашовы тохы фæндæгты тыххæй. Хæстон сгуыхтдзинæдтæ равдыста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Дауыраты Илитæ дæр, уыд хæдтæхæгскъæрæг, æвдыста хъайтардзинад, иурæстæджы йын кæд фашисттæ йæ хæдтæхæг æрæппæрстой, уæддæр парашютæй рагæпп кодта, их доны ленк кодта, стæй йæ фервæзын кодта нæхи донбынцæуæг бæлæгъ. Ирæн кад æмæ ном чи скодта, уыдонæй сты Милдзыхты Хадзымырзæ æмæ хъæбатыр ирон чызг Баситы Чабæхан æмæ сын «Ногдзау» дзуры се сгуыхтдзинæдты тыххæй.

«Ирон мыггæгтæ»-йы Цæлыккаты мыггаджы тыххæй фыссы Дзæуджыхъæуы прогимназ «Эрудит»-ы 2-æм къласы ахуырдзау Цæлыккаты Лейлæ. Рубрикæ «Ирон хъæутæ», зæгъгæ, уым та Джызæлы тыххæй фыссы ацы скъолайы 9 «б» къласы ахуырдзау Дриаты Миланæ. Журналы ма сты сканворд æмæ дзырдбыд хæсты темæты фæдыл, стæй ма æндæр ахсджиаг æрмæджытæ дæр.

   «Ногдзау»-ы ацы номыр дæр  аивадон æгъдауæй у хорз фæлгонцгонд æмæ йыл зæрдиагæй бакуыстой нывгæнджытæ Абайты Аркади æмæ Айларты Владимир.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.