Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы кæд бирæ арæзт цæуы цæрæн хæдзæрттæ æмæ бирæтæ ифтонг цæуынц хæрзарæзт фатертæй, уæддæр нырма цæрæнуатон проблемæ карзæй лæууы нæ республикæйы æмæ бирæтæ лæууынц нырма дæр рады сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй. Æмæ, цæмæй æмбæлон уагыл, радмæ гæсгæ лæвæрд цæуой фатертæ, уый тыххæй Цхинвалы администрацийы йæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ рады чи  лæууынц, уыдон ногæй хъуамæ регистраци æрцæуой.

Горæты администрацийы сæргълæууæг, цæрæнуатон къамисы сæрдар Джиоты Эндрик куыд зæгъы, афтæмæй æмбæстæгты ногæй регистраци кæнын райдайдзысты 8 февралæй æмæ аххæсдзæн 1 маймæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы æмгъуыд лæвæрд цæуы, цæмæй æмбæстæгтæ æдыхстæй бацæттæ кæной сæ документтæ. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй рады слæууыны æмгъуыд нæ фæивдзæн, уый нымад цæудзæн сæ документтæ фыццаг хатт кæд бавдыстой, уыцы рæстæгæй. Нырмæ цы æмбæстæгтæ райстой фатертæ, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, ист æрцæудзысты номхыгъдæй æмæ уæд иннæтæ сæ рады фæраздæр уыдзысты. Уымæ гæсгæ сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн сты, уыцы æмбæстæгтæ хъуамæ бавдисой æмбæлон документтæ. Регистраци та ногæй уагъд цæуы, цæмæй бæлвырд æрцæуа, сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæркæнинаг сты, æви нæ, уый тыххæй. Вæййы афтæ æмæ бинонтæ цал сты, уый фæивы, фæзынынц сын сывæллæттæ, чи та республикæйæн æддæмæ цæрынмæ ацæуы. Æмæ ног документтæ куы æрбавдисой, уæд цæрæнуатон къамис бæлвырд кæндзæн цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнын кæмæн æмбæлы, уыдоны.

Ногæй хыгъды слæууыны тыххæй цы хъæуæг документтæ бацæттæ кæнын хъæуы, уыдон сбæлвырд кæныны тыххæй та бацæуын хъæуы горæты администрацимæ. Абоны бонмæ сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй рады лæууынц 2 мин адæймагæй фылдæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.