Æндæр бæстæты æмрæнхъ ныртæккæ Хуссар Ирыстоны дæр актуалон у цæрæнуатæй ифтонг кæныны фарст. Ацы ахсджиаг фарстыл æвзæрæрдæм бандæвта, дæргъвæтин рæстæджы нæ бæстæйы æндидзынады бæсты сæрибардзинады сæрыл тохтæ кæй цыд, уый дæр. Йрон адæм тох кодтой, нæ бæстæ нын цы лæгсырдтæ хъавыдысты исынмæ, уыдоны ныхмæ æмæ нæ царды хабæрттæ иуварс аззадысты.

Уымæ гæсгæ сæрибар дуджы ралæудæй фæстæмæ нæ цардархайды алы фадыджы дæр фæтк æмæ æндидзынады фарстытæ æрбæстон кæныны æмрæнхъ бæстон æмæ биноныг æрцыд горæты администрацийы цæрæнуат рахицæн кæныны фæдыл къамисы куыст дæр.

2008 азы хæстон архайдтыты фæстæ горæт Мæскуыйы мэри Хуссар Ирыстонæн цы егъау «мæскуыйаг» микрорайон балæвар бакодта, уый уæды къухдариуæгады æнæраст фæндонмæ гæсгæ дих æрцыд уагдæтты кусджытæ æмæ хицæн æмбæстæгтыл. Æмæ администрацийы цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ рады рагæй фæстæмæ цы цæрджытæ уыд хыгъды, уыдон иуварс аззадысты.

Чизоны æмæ исчи ахъуыды кæна, æмæ мах, информацион фæрæзтæ – æмæ чи-фæндыдæр уæд, уымæн нысаниуæг нæй – æвзæрстыты агъоммæ стауæн ныхас кæнæм бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы куыст æмæ архайдæй. Фæлæ  уый хъаруйы руаджы фæтк æвæрд æрцыд, ацы ахсджиаг фарст куыд æмбæлы æмæ куыд хуыздæр у, афтæ йыл бакусынæн. Æмæ ныр цалдæр азы горæты администрацийы цæрæнуатон къамис, кæцыйы сконды сты æрмæст администрацийы кусджытæ нæ, фæлæ бæстæйы æмбæлон министрадтæ æмæ службæты минæвæрттæ кусынц, сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ администрацийы рады цы æмбæстæгтæ лæууы, уыдоны номхыгъдтыл.

Къамис кæны æвæллайгæ куыст, бæрæг цæуынц цæрæнуатæй хъуаг бинонтæ номхыгъдты категоритæм гæсгæ æмæ бирæ бинонтæ ныридæгæн баисты ногарæзт фатерты амондджын хицæуттæ. Ацы хæрзиуæгон куыст дарддæр кæны, æмæ цадæггай не ‘мбæстæгтæ бавæййынц райдзаст фатерты хицæуттæ.

Горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг, цæрæнуатон къамисы сæрдар Джиоты Эндрикы ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ къамис кусы, нæ горæты Гуыбаты æфсымæрты уынгыл ногарæзт цæрæн хæдзæртты фатерты хицæуттæ чи суыдзысты, уыдоны номхыгъдтыл. Уымæ гæсгæ ныртæккæ цæрæнуат дих кæныны фæдыл æхсæнадон къамис кусы уæхскуæзæй æмæ æнæрынцойæ.

Бирæ хатт вæййы афтæ, æмæ рады лæууæг бинонтæй бирæтæ афтæ фæнымайынц, æмæ иууыл тыхстдæр уыдон сты цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы æмæ уал къамис уыдоны фарстмæ, фыццаджыдæр, хъуамæ йæ хъус æрдара. Фæлæ афтæ нæу, радылæууæг бинонты номхыгъдтыл дарддæр кусыны бæсты къамис бакæны ахæмтимæ æмбарынгæнæн куыст дæр.

Сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ рады цы æмбæстæгтæ лæууы, уыдоны иумиаг æмæ иннæ хатырон номхыгъдты бинонтæ лæмбынæг бæрæг цæуынц. Къамисы уæнгтæ сын бынаты бæрæг кæнынц сæ цæрæнуатон уавæртæ æмæ уый фæстæ бæрæг уынаффæ ист æрцæуы, номхыгъдтæй йæ аиуварс кæнын хъæуы æви йæ цæрæнуатæй сифтонг кæнын хъæуы.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ бирæ хатт бæрæг бинонты æцæг уавæр рабæрæг кæныныл бахъæуы дæргъвæтин рæстæг, цæмæй къамисы уæнгтæ уынаффæ рахæссой сæ уавæры фæдыл. Уымæн æмæ бирæтæн, кæмæн сæ цæрæн хæдзæрттæ сæхиуыл фыст нæ вæййынц, кæмæн республикæйæн æддейæ рабæрæг вæййы фатер æмæ æндæр хъуыддæгтæ. Уымæ гæсгæ цæрæнуатон къамис сиды ахæм æмбæстæгтæм, цæмæй цæуой, æцæгæй цæрæнуатæй хъуагдзинад чи æййафы уыдоны уавæры дæр, æмæ къамисы куыст дæр рæуæгдæр æмæ рæстæгыл конд цæуа. Уымæн æмæ бирæ рæстæг ацæуы бæрæг бинонты исады фæдыл æмбæлон информаци æмбырд кæныныл.

Хорз уаид, æмæ ацы ахсджиаг хъуыддагмæ нæ æмбæстæгтæ æмбæлон зондахаст æмæ хъусдард куы здахиккой. Уымæн æмæ бирæ бинонтæ æнæрхъæцæй сты æнхъæлмæгæсæг, кæд бауыдзысты уыдон дæр сæхи къуымы хицау æмæ дзы амондджынæй кæд æрцæрдзысты. Уый хыгъд бирæтæн та ис æндæр зондахаст æмæ ис хæдзарæй ноджы тырнынц æндæр цæрæнуат самал кæнынмæ – «æмæ мæнæн цæмæннæ хъуамæ радта хицауад æнæаргъ хæдзар», – ахæм ныхæстæ æмæ хъуыдыимæ.

Нæ зæрдыл хъуамæ дарæм уый, æмæ Уæрæсейы Федерациимæ нæ республикæйы социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл инвестицион программæ дæр цæрæнбонтæм нæ архайдзæн æмæ алы фадыджы æндидзынадæн дæр кæрон уыдзæн, уæлдайдæр, ахæм вазыгджын рæстæджы – Стыр Уæрæсемæ алырдыгæй аныхъуырыны цæстæй куы кæсынц, уыцы рæстæджы.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.