6-æм июлы радон хатт Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фондз азы æмгъуыдмæ ректорæй равзæрстой Тедеты Вадим Ботазы фырты. Ахæм уынаффæ райста VI-æм зонадон-педагогон уæрæх конференци. 

Ректоры бынатмæ æвзæрстытæ цыдысты сусæг хъæлæсæппæрсты руаджы. 334 æвзарæгæй йын йæ кандидатурæйыл сразы сты 328 адæймаджы, дыууæйæ та схъæлæс кодтой йæ ныхмæ, æртæ бюллетены хæлд разындысты. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Тедеты Вадим Хуссар Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндоны сæргъ кæй лæууы 2013 азæй фæстæмæ æмæ йын йæ коллективы ‘хсæн ис тынг стыр авторитет.

Æвзæрстыты хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты уынаффæгæнæг Гобозты Вячеслав, Президенты æххуысгæнæг Беджызаты Батрадз, РХИ-йы экономикæйы райрæзты министр Тадтаты Дзамболат, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Галуанты Алыксандр, РХИ-йы Парламенты Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны комитеты сæргълæууæг Плиты Алыксандр, РХИ-йы Парламенты Ахуырад æмæ зонады комитеты сæргълæууæг Уырыгаты Инал æмæ студенттæ.

Конференцийы куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ Тедеты Вадим 5-æм июны зонадон советы йæ куыст æмæ архайды тыххæй сарæзта хыгъдон доклад æмæ йын аккаг аргъ скодтой йæ коллегæтæ.

Тедеты Вадим раарфæ кодта куыд ректор, афтæ йыл кæй æууæндынц æмæ йын аргъ кæнынц, уый сæраппонд. Хицæнæй арфæйы ныхæстæ загъта нæ паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Аланы номыл, йæ фарсмæ кæй балæууыд, уый тыххæй. «Дæс азы дæргъы арæзт цы æрцыдис, уыдон иууылдæр арæзтам иумæ. Уымæ гæсгæ мæ фæнды арфæ ракæнын университеты æппæт ахуыргæнджытæ æмæ студенттæн дæр. Æз дзырд дæттын, нæ иумæйаг куыст кæй адарддæр кæндзыстæм, нырмæ куыд цыдис, ахæм хуызы. Нæ разы цы хæстæ лæууы, уыдон æххæст кæндзыстæм нысанмæздæхтæй», – загъта Тедеты Вадим. Йæ ныхасы кæрон ма фæндон бахаста, цæмæй университеты зонадон советы ныры структурæ дарддæр дæр ахæм форматы архайа. Конференцийы æппæт хайадисджытæ æмхъæлæсæй сразы сты ректоры хъуыдыйыл.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.