Хуссар Ирыстоны архайæг Президент Бибылты Анатоли дæр 10 апрелы йæ бинонтимæ сæххæст кодта йе ‘мбæстагон хæс нæ бæстæйы президентон æвзæрстыты – 17 æвзарæн фады-джы, нæ горæты спортивон скъолайы.

Информацион фæрæзтимæ ныхасгæнгæйæ банысан кодта, зæгъгæ, махæн æвзæрстытæ сты, куыд бæрæгбон, афтæ:

– Абоны бон Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн политикон тох нæу, фæлæ нын у бæрæгбон. Хорз зæрдæйы уагимæ æрбацыдтæн æвзарæн фадыгмæ. Ныфс мæ ис, Хуссар Ирыстон абон кæй сараздзæн раст равзæрст æмæ уый фæстиуæгæн хъахъхъæд кæй цæудзæн нæ сомбон.

Централон æвзарæн къамисы информацимæ гæсгæ æвзæрстытæ цæуынц закъонмæ гæсгæ, æнæ бархалæн цаутæй.

Алы æвзæрстыты рæстæджы дæр не ‘хсæнад бæрæг кæны йæ сомбон, уæлдайдæр та президентон æвзæрстыты. Адæм бæлвырд кæнынц, кæимæ æмæ куыд размæ цæуой, ахсджиаг фарстатæ куыд бæстон кæной. Не ‘мбæстæгты уынаффæйæ бирæ кæнгæ у, уæлдайдæр нæ республикæйы размæцыды хъуыддаджы. Хуссар Ирыстоны адæм сты зондджын æмæ скæндзысты раст равзæрст.

Бибылты Анатоли куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ, раздæр азтау, æвзæрстыты фæуæлахизы рæстæджы нæ фæивдзæн йæ куысты здæхт. Фылдæр хъусдард здæхт æрцæудзæн адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ. Уымæ гæсгæ нæ дарддæры къахдзæфтæ баст уыдзысты не ‘хсæнады равзæрстмæ гæсгæ, цæмæй хуыздæр кæнæм адæмы царды уавæртæ. Уый у нæ фыццаградон хæс.

Хуссар Ирыстоны иууыл ахсджиагдæр политикон цау – президентон æвзæрстыты активон хайад райстой нæ республикæйы районты цæрджытæ дæр. Цхинвалы районы Сатихъар æмæ Дменисы 71 æмæ 72-æм фадгуытæ райсом аст сахатыл сæ дуæрттæ бакодтой æвзарджытæн. Куыд федтам, уымæ гæсгæ адæм райзæрдæйæ цыдысты æвзарæн фадгуытæм æмæ æххæст кодтой се ‘мбæстагон хæс. Æвзарджытæ куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ уыдон ныфс ис, æмæ кæй сарæзтой сæ бæстæ æмæ сæ адæмы хæрзæбонæн, нæ бæстæйы рæзт æмæ размæцыдæн аккаг æвзæрст.

Сатихъары фадыгон æвзарæн къамисмæ хауæг хъæутæ Сатихъар, Хелцуа, Нанитæ, Къоркъула, Дисеу æмæ Ксуисы цæрджытæ се ‘мбæстагон хæс фыстой Сатихъары хъæуы астæуккаг скъолайы бæстыхайы. Фадыгон æвзарæн къамисы сæргълæууæг Уазæгты Марфа нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 10 апрелы боны æмбисмæ 462 æвзарæгæй се ‘мбæстагон хæс бафыстой  134.

Дменисы хъæуы æвзарæн фадыг та уыд ногарæзт администрацийы бæстыхайы библиотекæйы. Фадыгон къамисы сæргълæууæг Джиголаты Заремæ нын куыд загъта, уымæ гæсгæ æвзарджыты иумиаг нымæц 577 æвзарæгæй боны æмбисмæ се ‘мбæстагон хæс сæххæст кодта 185 æвзарæджы. Æвзæрстытæ цыдысты æнæбархалæн цаутæй, æххæст кодтой закъоны домæнтæ. Ацы фадыджы æвзæрстыты цыдмæ кæсынæн фадат уыд нырыккон фадæттæм гæсгæ, ома видеохъусдарды руаджы.

Ацы хъæуты территорийыл уыд ахæм цæрджытæ, кæцытæн, се ‘нæниздзинады аххосæгтæм гæсгæ, сæ бон нæ уыд бацæуын æвзарæн фадгуытæм. Æвзæрстыты закъонмæ гæсгæ уыдонæн фадат уыд, цæмæй, æвзарæн фадыгмæ куырдиат бадæттыны фæстæ, æвзарæн къамисы уæнгтæ боны 4  сахатæй фæстæмæ бацыдаиккой хæдзæрттæм.

Банысан кæнын хъæуы, уый, æмæ адæм тынг райзæрдæйæ, куыд бæрæгбонмæ, афтæ кæй цыдысты æвзæрстытæм.

Бибылты Анатоли дæр бафыста  йе ‘мбæстагон хæс

Знауыры районы 42 æвзарæн фадыг уыд районы администрацийы бæстыхайы. Ацы æвзарæн фадыгмæ хауынц Знауыры поселок, Знауырыхъæу, Азуат, Æлбортæ, Фарн, Алибар, Тигъуа, Шиндара, Кæвдæстæ, Циглат, Исахъы хъæу æмæ Сана.

Республикæйы территорийыл уыцы бон æвзæрстыты активон хайадисæг æмбæстæгтæй фæстæ нæ лæууыдысты ацы районы цæрджытæ дæр, чыртæ-чыртæй цыдысты районы территорийыл уæвæг æвзарæн фадгуытæм.

Знауыры центр – поселочы æвзарæн фадыджы 697 æвзарæгæй боны æмбисмæ се ‘мбæстагон хæс бафыстой 424 æмбæстаджы.

Ацы æвзарæн фадыджы ма конд æрцыд уæлæмхасæн номхыгъдтæ. Уым нымадæуыд 50 æвзарæджы бæрц.

Æвзарæн фадыджы сæргълæууæг Тыджыты Зоя нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æвзæрстытæ куыд уагъд цæуынц, уыцы процесмæ сæ хъус лæмбынæг дарынц, уыцы бон республикæмæ алы бæстæтæй цы бирæнымæц цæстдарджытæ æрцыд, уыдон. Ацы æвзарæн фадыг бабæрæг кодтой Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты минæвæрттæ, Мæскуыйы сенатортæ æмæ Цæгат Ирыстон – Аланийæ цæстдарджытæ. Уыдон æвзæрстыты рæстæджы нæ бахынцыдтой ницахæм фæткхалæн цаутæ.

Æвзæрстыты фæдыл нæ фарстæн районты цæрджытæ æмхъæлæсæй дзырдтой уый, æмæ сæ кæй хъæуы хорз разамонæг, кæцы тыхса адæмыл, тыхса хъæууон хæдзарадыл. Уыдон райгонд, сты абон сæ равзæрстæй, уымæн æмæ се ууæнк бафтыдтой, ацы бынатмæ аккаг кандидатыл. Хъæууон фæллойгæнæгæн сæйраг у уавæртæ аразын, æмæ сæ ныфс ис, ноджыдæр ацы фадыгмæ æмбæлон хъусдард здæхт кæй æрцæудзæн. Адæм се ууæнк кæуыл бафтауой, уымæн та дзырдтой æнтыстытæ æмæ хорз фæндиæгтæ бæстæ æмæ адæмы хæрзæбонæн.

 

***

Цхинвалы районы Къостайыхъæуы №62 æвзарæн фадыг райсомы 8 сахатмæ алцæмæй дæр уыд цæттæ æвзарджыты райсынмæ. Райдыдта хъæлæс дæттыны кампани æмæ æмбæстæгтæ дæр фылдæрæй-фылдæр кодтой. Мæнæ æвзарæн фадыгмæ æрбахызт æвзонг нæлгоймаг Джиоты Анатоли, раарфæ кодта алкæмæн дæр æмæ хорз зæрдæйы уагимæ сæххæст кодта йе ‘мбæстагон хæс. Нæ республикæйы фидæны цард æмæ йе ‘мбæстæгты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныныл чи бакусдзæн президен-тон кандидаттæй, уыдон тыххæй æвзæрстыты хайадисджытæй алкæмæн дæр уыд йæхи хъуыдытæ æмæ хъæлæс дæр лæвæрдтой уыдонæн. Ацы æвзарæн фадыджы ма хъæлæс кæнынмæ  фыццагдæр чи æрбацыд, уыдон нымæцы сты Тедеты Гарик, Мæлдзыгаты Ахмæт, йе ‘мкъай Къæбысты Эвелинæ, Коцты Индирæ, Джиоты Джемал, Сабанты Гурам, Мæлдзыгаты Никъала, Славик, Ты-былты хъæуæй Гæбæраты Ирæ æмæ æндæртæ. Боны 12 сахатмæ æвзарджытæй схъæлæс кодтой 141 адæймаджы, ома 27 проценты, 16 сахатмæ ноджыдæр схызт сæ нымæц æмæ æвзарджыты 58 проценты сæххæст кодтой се ‘мбæстагон хæс. Ацы æвзарæн фадыджы дæр æвзæрстытæ ацыдысты кæрæдзи æмбарыны уавæры.

                                          Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.