2008 азæй фæстæмæ 8-æм июлы Уæрæсейы Федерацийы банысан кæнынц Бинонты, уарзондзинад æмæ æнувыддзинады бон. Ацы бон Уæрæсейы хуыздæр æмæ æнгомдæр бинонтæн лæвæрд æрцæуы æхсæнадон хорзæх – уарзондзинад æмæ æнувыддзинады майдан. Йæ иу фарсыл ис бæрæгбоны символы ныв – урс дидинæг, æмæ иннæрдыгæй фарсыл та – сыгъдæг Петр æмæ Февронийы цæсгæмттæ. Бинонты  бон банысан кæнынц Хуссар Ирыстоны дæр. Бирæ амондджын æмкъæйттæ ис нæ республикæйы дæр, кæцытæ дæргъвæтин азты дæргъы цæрынц кæрæдзи æмбаргæ æмæ уарзгæйæ. Амондджын бинонтæ сты Цхинвалы  районы Тъбеты хъæуккаг Зæгъойты бинонтæ дæр. Дыууæ уарзæгой цардæмбалы Зæгъойты Батрадз æмæ Гæбæраты Ларисæйы ныр цалдæр азы зонын. Уæздан æмæ хиуылхæцгæ сты дыууæ дæр. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, лæг æмæ, дам, ус фæрæты хъæдæй барст вæййынц. Адæймаг æнæрахатгæ нæ фæуыдзæн тынг хъæрму-дæй кæй цæрынц, уый.

Зæгъойты Батрадз райгуырд Дзауы районы Машхарагомы Зæгъойты Тлийы хъæуы бирæсывæллонджын бинонты ‘хсæн. Йæ ныййарджытæ Зæгъойты Федыр æмæ Наниты Дарьяйæн уыд авд сывæллоны – 4 лæппуйы æмæ 3 чызджы. Абон ма мады зæнæгтæй сæрæгас сты 3 æфсымæры æмæ иу хо. Хотæй сæ иу, Козаты чындзы æд бинонтæ зæй фæласта 1989 азы Машхарайы хъæуы. Федыр 18 азæй фылдæр фæкуыста сæ хъæуы цыхтахсæгæй. Дарья та уыд хæдзарон æфсин. 1990 азы бинонтæ цæрынмæ рацыдысты Тъбеты хъæумæ. Ныййарджытæ сæ бирæ цоты раст фæндагыл бафтыдтой. Батыр Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы Хъæууонхæдзарадон институты экономикон факультетмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 1977 азы. Кусынмæ йæ арвыстой Смоленскы областы Гагарины районы Черногупцевойы хъæуы «Ленинский путь»-ы колхозмæ. Бакуыста дзы авд азы бæрц сæйраг экономистæй.

1979 азы йæ цард баиу кодта йæхи хуызæн уæздан æмæ хæрзæгъдау чызг Гæбæраты Ларисæимæ æмæ йе ‘мкъайы дæр акодта Смоленскы областмæ. Сæ фыццаг хъæбул Рустам дæр а-дунемæ уым фæзынд æмæ ма дыууæ æрыгон æмкъайæн сæ цинæн кæрон кæм уыд. Сæ ноггуырд сæ ноджы æрбангомдæр кодта, сæ уарзт фæтыхджындæр ис. Дыууæ æмкъайы куыстуарзаг кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сын кад кодтой Черногупцевойы хъæуы. Сæ хъуыддæгтæ кæд сæхи фæндиаг цыдысты, уæддæр сæ зæрдæ фæстæмæ æхсайдта фыды уæзæгмæ. Æмæ Батыры йæ куыстæй кæд нæ уагътой (нымад цыд йæ дæсныйады иттæг хорз специалистыл), уæддæр æрæздæхтысты  райгуырæн Ирыстонмæ, уымæн æмæ Фыдыбæстæйы ад зæрдæйæн ницы кæны, æндæр ран цыфæнды хорз цард куы уа, уæддæр.

Зæгъойты Батыр уайтагъд кусын райдыдта раздæры областон Хъæууон хæдзарады управленийы бухгалтерон хыгъды хайады хистæрæй. Ацы бынаты дыууæ азы бакусыны фæстæ йæ ракодтой уæды областон   планон къамисы хистæры хæдивæгæй æмæ дзы бакуыста суанг 2004 азы онг.  Уый фæстæ та кусын райдыдта Хъæууон хæдзарады министры хæдивæгæй (уæд министр уыд Пухаты Алыксандр). Ацы бынаты фæкуыста 18 азæй фылдæр суанг 2022 азы онг, ома, цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ. Æдæппæтæй йын куысты стаж ис 45 азæй фылдæр. Уал азы дæргъы йæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ паддзахадон хорзæхтæй. 2016 азы та йын Хуссар Ирыстоны раздæры Президент  Тыбылты Леониды Барамындæй лæвæрд æрцыд РХИ-йы сгуыхт экономисты кадджын ном.

Батыры цардæмбал Гæбæраты Ларисæ райгуырд Знауыры районы  Урсдуры (Куатетри) хъæуы. Зиулеты хъæуы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон хайады уырыссаг-ирон факультеты. Смоленскы областмæ куыддæр æрцыди, афтæ кусын райдыдта Черногупцевойы хъæуы сабидоны, бакуыста дзы цыппар азы. Хуссар Ирыстонмæ куы æрæздæхтысты, уæд Ларисæ кусын райдыдта Цхинвалы 6-æм рæвдауæндон-сабидоны. Фæстæдæр та куыста нæ горæты 2-æм сабидоны логопедæй.  Сабидон 2008 азы августы хæсты кæй бахъыгдард, уымæ гæсгæ дзы кусынæн уавæртæ нал уыд. Ларисæйы бахъуыд 5-æм сабидонмæ рахизын æмæ ныр 15 азы дæргъы уым цæсгомджынæй кусы хъомылгæнæгæй. Уарзы йæ куыст, сабиты æмæ йын йæхи дæр  уарзынц йæ хъомылгæнинæгтæ.

Дыууæ цардæмбалæн зæнæгæй Хуыцауы цæст бауарзта æртæ сывæллоны – дыууæ лæппу æмæ иу чызджы. Се ‘ртæ дæр сты царды раст фæндагыл лæуд. Сæ кæстæртæ дæр сæхиау рацыдысты  æгъдауджын æмæ куыстуарзаг. Хистæр фырт Рустам тынг хорз нысæнттыл каст фæцис гимнази «Рухс», астæуккаг Федыр (сæвæрдтой йыл йæ дадайы ном) та – 6-æм астæуккаг скъола æмæ сæ кæстæр хъæбул Заринæ та астæуккаг ахуырад райста 2-æм скъолайы. Æртæ дæр фесты уæлдæр ахуыртæ. Дыууæ лæппуйы райстой юристы дæсныйад æмæ сæ хо Заринæ та  каст фæцис Цæгат Ирыстоны медицинон академи, райста дохтыр-стоматологы дæсныйад. Федыр кусы РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон управленийы. Заринæ та – нæ горæты дæндæгты хисæрмагонд клиникæтæй сæ иуы стоматологæй, нымад цæуы хорз специалистыл. Рустам кæны амалиуæг-гæнæджы куыст. Уадзы «Фито-чай Тугъан». Рустам æмæ Федыр дыууæ дæр лæууыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты. 2008 азы дæр активон хайад райстой гуырдзиаг знæгты ныхмæ тохы.

Батыр æмæ Ларисæйæн ис цыппар хъæбулы хъæбулы. Сæ чындз Джуссойты Алинæ каст фæцис ХИПУ-йы филологон факультет, кусы 17-æм сабидоны хъомылгæнæгæй. Йæ цардæмбал Федыримæ сын ис дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг. Заринæ та чындзы фæцыд Гуфтамæ Битеты фæрныг хæдзармæ, йæ цардæмбал Сосланимæ хъомыл кæнынц иу лæппу.

Куы сæ афарстон, зæгъын, кæм базонгæ стут, уæд мын Ларисæ æфсæрмыгæнгæйæ радзырдта, зæгъгæ, Батыры хо Светланæ куыста Зиулеты астæуккаг скъолайы биологийы ахуыргæнæгæй, йæ зæрдæмæ, зæгъ, фæцыдтæн æмæ нæ уый бацамыдта кæрæдзийæн. Абон дыууæ цардæмбалы райгонд сты сæ цардæй. Сæ аудгæ ахастæй, зæгъæн ис афтæ дæр æмæ дæ цæст сау дæр кæрæдзийæн кæй никуы загътой. Æмæ ныр 45 азы дæргъы цæрынц амондджын æмæ хъæрмудæй. Сæ цинаджы фынджы фарсмæ сын цыдæриддæр хорз арфæтæ, хорз куывдтытæ фæкодтой, уыдон сыл иууылдæр æрцыдысты. Ныййарджытæ райынц сæ кæстæрты цинæй.

«Тынг диссаг мæм кæсы, иуæй-иу нæлгоймæгтæ сæ устытæм гуымир æвзагæй кæй фæдзурынц кæнæ та сæм сæ къух куы сисынц, уыцы хабар. Куыд гæнæн ис, æмæ уал азы дæргъы дæ царды бонтæ кæимæ æрвитай, хъæбултæ дын чи балæвар кæна, уымæн ма кад кæнай», – фæзæгъы Батыр. Ларисæ дæр райгонд у йæ цардæмбалæй. Сылгоймаг банысан кодта, зæгъгæ, цæрынц кæрæдзи æмбаргæйæ, æмæ кæрæдзийæн кад кæнгæйæ. Бадынц мæ разы дыууæ уарзæгой цардæмбалы сæ хъæбулы хъæбулимæ æмæ семæ ныхас кæнынæй не ‘фсæдын, ахæм хорз аурæ сæ цæуы.

Батыры куы афарстон, зæгъын,  уын хъæуы цæрджытимæ та цахæм ахастытæ ис, уæд мын загъта: «Нæ хъæуы бирæ цæрджытæ нал ис, фæлæ дзы чи ис, уыдон цæрынц хъæрмудæй. Ничи никæимæ быцæу кæны». Ацы хъуыддаг мын уыд тынг æхсызгон. Уымæн æмæ ацы знæт дуджы адæм кæрæдзийæн нал хатыр кæнынц, æгæрыстæмæй, цалдæр сантиметр зæххы гæппæлы тыххæй дæр туджджын знæгты хуызæн свæййынц. Сæ сыхаг Куыдзеты Геннади та мын загъта: «Зæгъойты бинонтæ алкæмæн дæр сты ныфс.  Цинаджы уа æви зианы фынг, Батыр алыран дæр у зондамонæг æмæ æгъдаудæттæг. Цæмæ фæнды йæм ма бадзур, уайтагъд дæ уæлхъус æрбалæудзæн æмæ дын йæ лæггады хай бакæндзæн. Хъæуы цæрджытæ йын иууылдæр кад кæнынц».

Хъæууон хæдзарады министрады кусджытæ Цхуырбаты Нинæ æмæ Дыгъуызты Арианæ дæр раппæлыдысты сæ раздæры æмкусæгæй. «Тынг хорз, зæрдæхæлар æмæ уæздан адæймаг у. Йæ хъуыддаджы æцæг дæсны алыхатт дæр цæттæ уыд йæ фæлтæрддзинад æвзонг кусджытæн бацамонынмæ. Хорзæй дарддæр дзы нæ бон зæгъын ницы у».

Бинонтæн ис сæхи хæдзарад.  Дарынц хъуццытæ, кæрчытæ, хуытæ. Бакусынц сæ зæххы фадгуытæ æмæ сæхи фаг тыллæг æркæнынц. Æнгом бинонтæ цард арынц, зæгъгæ, ацы ныхæстæ хауынц Зæгъойты  бинонтæм.

Бинонты уарзондзинад æмæ æнувыддзинады боны сын нæ зæрдæ зæгъы ноджыдæр кæрæдзиæмбарынад, уарзондзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ. Бинонтæ, уарзондзинад æмæ æнувыддзинад сты æцæг амонды сæйраг ратæдзæнтæ. Уадз, уæ хæдзары алы хатт дæр æлдариуæг кæнæт сабырдзинад æмæ амонд!

ДЖИОТЫ Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.