Фæстаг бонты Донбассы цæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы уыдис æнтыстытæ — ссæрибар кодтой горæт Соледар.

12 июны уæрæсейаг æфсæддонтæ, сæ фылдæр хай ЧВК «Вагнер»-ы хæстонтæ, асыгъдæг кодтой горæты сæйраг уынгтæ украинæйаг фашисттæй æмæ фæсарæйнаг æххуырст хæстонтæй. Кæмдæрты ма хæдзæртты æмæ ныккæндты баззадис знæгтæй, фæлæ сын никуыдæм ис алидзæн — сæхи уацары хъуамæ радтой, кæннод сæ скуынæг кæндзысты. Ныридæгæн уал бынæттон цæрджыты ракодтой æдас бынатмæ æмæ дарддæр горæты районты уадзынц хæстон-сгарæн мадзæлттæ. Бынаты чи уыд, уыцы хæстонтæ хъусын кæнынц, ома, æгас горæты уынгты дзæвгар ис знаджы хæстонты мæрдтæ æмæ уæззау цæфтæ. Украинæйаг æфсæддонтæ, уæлдайдæр та сæ командиртæ, ныууагътой сæ хæстон æмбæлтты æмæ лидзынмæ фесты.
Зеленскийæн Соледары байст карды цæфы хуызæн уыд — уый æппынæдзух йæ куратортæн йæ хæстонтæй æппæлы æмæ сæ уый фæстиуæгæн домы алыварсон æххуыс, æмæ ныр та ахæм ныхкъуырд райстой. Соледарæн уыд егъау стратегион нысаниуæг. Фыццаджыдæр дзы уыд дзæвгар фортификацион арæзтæдтæ — бункертæ, фидар арæзт блиндажтæ,траншейтæ. Уымæй уæлдай ма горæт Артемовскмæ (йæ дыккаг ном та Бахмут) æмæ ма йæ алыварс районтæм дæр хæлц æмæ æхсæнгарз Соледары уылты цыдысты — ам уыд сæ логистикон центр. Ныр ацы плацдармæй бирæ æнцондæр уыдзæнис дарддæр иннæ районтæм абырсын.
Размæ абырсты рæстæджы ма ист æрцыдысты Соледармæ ’ввахс егъау хъæутæ Красная Гора, Парасковиевки æмæ Опытное. Ныр егъау горæттæ Северск æмæ Артемовск æнцондæр байсæн уыдзысты, сæ алыварс хъæутæ æмæ горæтты ныридæгæн цæуынц хъазуатон тохтæ. Сæйрагдæрыл нымад цæуы Артемовск — фашисттæ йын йæ уынгты дæр траншейтæ скъахтой, фатертæй æмæ хисæрмагонд хæдзæрттæй та сæхицæн æхсæнгæрзтæй æмæ хотыхтæй æхсæн бынæттæ сарæзтой. Зын уыдзæнис уæрæсейаг æфсæддонтæн горæт ссæрибар кæнын, бындуронæй дзы æрбынат кодтой знæгтæ. Стæй ма бынæттон цæрджыты дæр никуыдæм уадзынц цæуын — Соледары æмæ сæ Мариуполы дæр афтæ систой уацары, цæмæй стæй сæ фæстæ тæрхъустау æмбæхсой.
Уымæй уæлдай ма Артемовск Соледарæй у æртæ хатты стырдæр куыд территорийæ, афтæ цæрджыты нымæцæй дæр. Ис дзы дзæвгар бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, заводты æмæ фабрикæты арæзтадон комплекстæ, кæцытæ фашисттæн фæахъаз уыдзысты хæстон архæйдтыты рæстæджы. Ныридæгæн уал уæрæсейаг æфсæддонтæ архайынц Артемовскмæ фæндæгтæ сæ контролы бын æрбакæныл. Кæнæ та сæм афтæ бахæстæг уæвынмæ, цæмæй йæ хотыхтæй æхсой æмæ йæм æфсæддон колоннæтæ ма уадзой цæуын хæлц æмæ нæмыгимæ.
Картæмæ куы æркæсæм, уæд бафиппайдзыстæм, æфсæддон къухдариуæгады кæй фæнды Артемовскыл æрхъула кæнын. Уыцы хъуыддаг сæ къухты куы бафта, уæд Мариуполау уацары бахаудзысты мингай украинаг æфсæддоны. Се ‘хсæн, æвæццæгæн, æххуырст фæсарæйнаг хæстонтæ дæр разындзæнис.
Фæстæдæр та фæндæгтæ байгом уыдзысты горæттæ Славянск æмæ Краматорскмæ дæр, кæцытæ ныридæгæн украинæйаг нацисттæн нымад сты Донбассы фидæрттыл. 2014 азы горæт Славянск уыд украинæйаг нацистты ныхмæ растады эпицентры æмæ йын фæстæдæр йæ цæрджыты удхайраг фæкодтой бандерæйы къæбылатæ. Дзæвгары дзы маргæ акодтой æмæ дзы абоны бон дæр ахæстæтты бирæйæ бадынц — сепаратистты нæмттæ сыл сæвæрдтой.
Соледары фронтмæ фæззæгæй фæстæмæ æрвыст цыдысты бирæнымæц украинæйаг хæстонтæ, кæцыты систой фронты æндæр рæттæй. Цы резервтæ сæм уыд, куыд мобилизацигонд хæстонтæй, афтæ ма элитон æфсæддон дæлхæйттæй, уыдон дæр æрвыст æрцыдысты Соледары фронтмæ. Ам ма активон хайад райстой фæсарæйнаг æххуырст хæстонтæ дæр. Ныридæгæн уал дзы ссардтой америкæйаг æмбæстаджы мард буар.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы къухдариуæггæнæг Сергей Суровикин йæхи равдыста иттæг хорз командæгæнæгæй. Фæлæ уæрæсейаг æфсады авналæнтæ бонæй-бонмæ кæй уæрæх кæнынц, сæ разы лæууæг хæстæ та кæй фылдæр кæнынц, уый фæдыл УФ-йы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу ног командæгæнæгæй сæвæрдта Валерий Герасимовы — Генералон штабы сæргълæууæджы. Йæ хæдивджытæй та нысан æрцыдысты инæлар Суровикин, инæлар Салюков æмæ инæлар-дæлбулкъон Ким. Бирæтæм ис фарста, ома, цæмæн раивтой Суровикины, кæд, мыййаг, исты рæдыдтытæ æруагъта. Фыццаг уал уый, æмæ ахæмæй ницы райхъуыстис, æгæрыстæмæй, йæ фæрцы фронт сси стабилон, сфидар кодта фæсчъылдым, æмæ ныртæккæ хæлц, æртаг æмæ нæмыг æдасдæрæй ласынц, ифтонгад бирæ бæрзонддæр æмвæзадмæ схызт. Дыккаджы та — мах нæ зонæм, цавæр уавæры ис ныридæгæн æгас фронт æмæ дарддæр цы аразынмæ хъавынц æфсæддонтæ. Путин æмæ Шойгумæ фылдæр информаци ис уый фæдыл æмæ сын сæ уыцы къахдзæфтыл баууæндын хъæуы.
Соледары хæстон архæйдтыты знæгтæй æппæты къаддæр фæмард ис 5-6 мины бæрц. Фæлæ ма ис ахæм информаци дæр, ома, дзы æцæгæй 25 мин хæстоны фæмард ис. Фæлæ уый сæйраг нæу. Фронт тынд кæй æрцыд, уый психологон æгъдауæй тынг бандавдзæнис иннæ фашисттыл æмæ нырæй фæстæмæ сæхи æнцондæрæй дæтдзысты уацары. Стæй ма ам, Украинæйы элитон дæлхæйттæ куынæг кæй æрцыдысты, уый та, иумæйагæй сисгæйæ, бандавдзæнис сæ хæстхъомдзинадыл.

Нацисттæ сæ маст исынц Донецкы сабыр цæрджытæй

Кæд æмæ украинæйаг фашисттыл æппынæдзух нæмгуытæ ихуарæгау кæнынц, уæддæр сын бантысы горæт Донецк æмæ Донбассы æндæр горæттæ фехсын стыркалиброн хотыхтæй. Иу стæм хатт йеддæмæ Донбассы сабыр цæрæг адæмæй алы бон дæр бабын кæнынц, чидæртæ та дзы инвалидтæй баззайынц. Уымæй уæлдай ма регулярон æхсты бын сты Украинæйы арæнтæм æввахс уæрæсейаг горæттæ æмæ хъæутæ дæр. Уæрæсейаг æфсæддон къухдариуæгад архайы фронтыл ахæцыныл, цæмæй знаджы нæмгуытæ мауал хæццæ кæной сабыр цæрæг горæттæм æмæ хъæутæм. Уымæ гæсгæ, æввахс рæстæджы æнхъæлмæ кæсæн ис æгас фронтыл размæабырстмæ. Фæлæ уал ныридæгæн, æвæццæгæн, сæйраг у, цæмæй горæт Донецкмæ æрцæуа сабырдзинад. 2014 азæй фæстæмæ ам фæмардысты мингай сабырцæрæг адæймаджы æмæ ныры онг дæр уынгæджы сты фашисттæй — æппынæдзух тасы бын цæрынц. Фронтæй цы информаци хæццæ кæны, уымæй бæрæг у, уæрæсейаг æфсæддонтæ разæнгардæй кæй архайынц Донецкы алфæмбылай территоритæ ссæрибар кæныныл.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы сæйраг нысан у — уырыссаг æвзагыл дзурæг регионтæ ссæрибар кæнын фашисттæй æмæ Украинæйæ та саразой нейтралон паддзахад. Украинæйаг хæстонтæ йæ бынтондæр не ‘мбарынц, англосаксойнаг фæлитойтæ сæ цыфыддæр знаг Уæрæсеимæ кæй хæцынц сæ къухтæй, тохы быдыры кæй мæлынц АИШ-ы интересты тыххæй.
Чидæртæ хъуыды кæнынц, зæгъгæ, Уæрæсейы æфсад лæмæгъ разындис, æндæр цæмæн ныддаргъ ис æфсæддон операци. Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй та ногæй Уæрæсейы ныхмæ растадысты æгас Европæ, АИШ, Япон æмæ ма æндæр «паддзахадгæндтæ». Украинæмæ цæуы алыгъуызон æфсæддон æххуыс æмæ ма сæм цæуынц дзæвгар æххуырст хæстонтæ дæр. Æгæрыстæмæй дзы бæлвырдгонд æрцыдысты НАТО-йы регулярон æфсæдты хæстонтæ дæр. Уыимæ ма иумæ Уæрæсе фæцис мингай экономикон санкциты бын дæр æмæ уый дæр къаддæр не ’ндавы Хъахъхъæнынады министрады хæстхъомдзинадыл. Æппæт аххосæгтæ куы æрбаиу кæнæм, уæд бæрæг у, цæмæн афтæ адаргъ ис æфсæддон операци æмæ цæмæн баййæфтам афтæ бирæ зиæнттæ.
Ныридæгæн бындуронæй дæрæн цæуынц Украинæйы æфсад æмæ ма æппæт инфраструктурæ, кæцы ахъаз у се ’фсады хæстхъомдзинадæн. Ныры онг сабыр цæрæг адæмы æнцойад нæ хъыгдардтой, фæлæ Хъырымы хидыл теракт куы сарæзтой, уæд Уæрæсейы æфсад æрæвнæлдта инфраструктурæмæ дæр. Бамбæрстой йæ, террористтимæ ницæуыл ис бадзурæн. Ныридæгæн цы зиæнттæ баййæфтой Украинæйы инфраструктурон объекттæ, уыдон сæндидзын кæнынæн хъæуы бирæ миллиард доллартæ. Æмæ Украинæ та у банкрот паддзахад — йæ мæгуыргуры къух хурныгуылæнырдæм дардæй баззадис.
Уæрæсейы æфсад æввахс рæстæджы ссæрибар кæндзæн Донецкы республикæ, Запорожье æмæ Херсоны областтæ. Фæлæ ууыл æрлæууæн нæй. Николаевы, Харьковы æмæ Одессæйы областты цæрджыты фылдæр хай дæр уырыссаг æвзагыл дзурджытæ сты æмæ сæ фашистты амæттаг нæ хъæуы фæкæнын. Ацы территоритæ ссæрибар кæнынимæ иуæй сæ цæрджытæ сулæфдзысты фашисттæй, иннæмæй та Уæрæсейы къухты бафтдзæнис, стратегион нысаниуæг кæмæн ис, ахæм хъуыддаг. Украинæ хицæн æрцæудзæнис Сау денджызæй æмæ йæ хъомысад æмбисыл æрлæудзæнис. Дыккаджы та — Приднестровьейы республикæмæ сур зæххыл комкоммæ бахизыны фадат уыдзæнис æмæ Молдавийы марионеткæ къухдариуæгадæн йе ‘ртхъирæнты кæрон æрцæудзæн.
Фидæны ма, Украинæ куыд паддзахад, афтæ уыдзæн æви нæ, уый зын зæгъæн у. «Украинæ» паддзахад нырæй фæстæмæ уыдзæнис хæрам бæстæ Уæрæсейæн — англо-сакстæ дзы уыйбæрц хъæстæ байтыдтой æмæ дарддæр дæр æнæмæнг таудзысты, æмæ Уæрæсе æдас никуы уыдзæнис. Уыцы хъуыддаг æмбарынц Кремлы дæр.
Афтæмæй та Уæрæсейы бынтондæр нæ хъæуынц Украинæйы хурныгуылæйнаг территоритæ — бынæттон цæрджытæн дзы рагæй фæстæмæ æнæуынон сты уæрæсейæгтæ. Фидæны ацы территоритæ Уæрæсейæн уыдзысты, куыд мæнæ буарыл сынкъ æрзайа æмæ мауал дзæбæх кæна, афтæ. Уымæ гæсгæ дзы цалдæр регион, гæнæн ис, æмæ лæвæрд æрцæуой Польшæйæн, кæд æмæ сæ хæрамдзинад Уæрæсейы ’рдæм мауал æвдисой, уæд. Кæннод Польшæйæн дæр ис дзырддаг территоритæ — пруссийаг зæххытæ фыдæлтæй фæстæмæ уыдысты немыцæгты æмæ сæ фæстæдæр æнæмбæлгæйæ скодтой Польшæйы разæй. Уæрæсейæн йæ бон у ацы фарст дунейы æхсæнады раз сæвæрын æмæ уæд сæ сæртæ уынгæджы фæуыдзысты.
Факттæм æркæсгæйæ, 2014 азæй фæстæмæ цæуы Украинæйы ныппырхы процесс. Англосакстæ йæ тынг хорз зыдтой, Уæрæсе кæй никуы бауадздзæнис Украинæйы территорийыл НАТО-йы базæтæ сæвæрын. Фæлæ уæддæр схæцын кодтой украинæйаг æфсады Уæрæсеимæ. Ныр алырдыгæй «гæппыввонгæй» лæууынц гиенæтау — алкæй дæр фæнды Украинæйæ исты хай аскъуынын. Польшæ, Венгри æмæ Румыни æнхъæлмæ кæсынц Украинæйы скуынæгмæ æмæ стæй Уæрæсемæ æрвитдзысты минæвæрттæ. Æмбæлон уавæрты Уæрæсе сразы уаид æгас хурныгуылæн Украинæйæ фервæзыныл.

Джиоты Алыксандр