Æрæджы уæрæсейаг æфсæддонтæм уацары бахауд украинæйаг æфсæддон дохтыр æмæ радзырдта, йæ хæстонтæн алкæцы тохы размæ дæр кæй лæвæрдта «амфетаминтæ». Бамбарын кодта, зæгъгæ, мын æфсæддон къухдариуæгад радтой ахæм бардзырд, ома, цæмæй тыхджын стимулятор фидар кодтаид  æфсæддонты хæстхъомдзинадæн.

«Амфетаминтæ» сты фармакологон буарыгъæдтæ. Стимуляци кæнынц нуæртты централон системæ æмæ расайынц эйфорийæ. Ис сын бирæ фæрссаг эффекттæ – гипертони, судорогтæ, сæнттæ цæгъдын, паникæ, психоз, тынг æндавы сæры магъзыл æмæ уыргты куыстыл. Ацы наркотикы «фæрцы» адæймаг фæллад нал фæзоны, æппынæдзух кæны змæлгæ æмæ дзургæ, хуыссæг æй нал фæахсы, хæрын æм нæ фæцæуы æмæ афтæ дарддæр. Цас дзы фылдæр рæстæг пайда кæнай, уыйбæрц фылдæр домы дозæ. Стæй ма сæ ныууадзын дæр тынг зын у – дохтыртæ  сбæлвырд кодтой, «амфетаминтæй» дзæвгар рæстæджы чи пайда кодта, уыдон наркотиктæ нал ныууагътой – систы наркомантæ. Æмæ украинæйаг хæстонтæ æрмæст ацы наркотиктæй нæ пайда кæнынц, фæлæ ма сæм ссарынц метадон, кодепсин, кодетерп, психоактивон хъæстæ алкалоид эфедрин æмæ æндæртæ.

Иууылдæр наркотиктæй пайда кæнынц украинæйаг хæстонтæ, зæгъгæ, афтæ зын зæгъæн у. Фæлæ хæстуацайрæгты ныхæстæм гæсгæ æппæтыкъаддæр 50-60% бæрц рæнхъон скондæй æппынæдзух сты наркотикты æндæвдады бын. Украинæйы æфсæддонтæ марихуанайæ æмæ алыгъуызон æндæр наркотикон буарадтæй кæй пайда кодтой хæсты быдыры, уый фæдыл 2014 азæй фæстæмæ хъусын кодтой Донбассы хæдæфсæддонтæ. Ацы проблемæйыл ма йæ рæстæджы дзырдта Украинæйы æфсæддон прокурор Анатолий Матиос дæр, фæлæ йæм статистикæ кæй нæ уыд, наркотиктæ парахатгæнджытæ зын базонæн кæй уыдысты, уый фæдыл слестгæнæн куыстытæ фæкъуылымпы сты. Фæлæ уæддæр æфсæддон прокурортæ сбæлвырд кодтой, наркотиктæ рæнхъон сконды ‘хсæн кæй парахат кæнынц командиртæ сæхæдæг. Уымæй уæлдай ма сæрмагонд æфсæддон операци райдайынæй фæстæмæ ацы хъуыддаг рапарахат.

Рагæй фæстæмæ хæсты быдырты хæстонтæ пайда кодтой алыгъуызон стимулятортæй, цæмæй сæ тас фæкъаддæр уыдаид, фылдæр энерги сæм уыдаид æмæ рыстæн фæразон уыдаиккой. Рагзаманты-иу пайда кодтой алыгъуызон кæрдæджытæй, куыд марихуана, опий æмæ æндæртæй. Нырыккон дуг та рахызтис синтетикон наркотиктæм. Се ‘ндæвдад бирæ тыхджындæр у, фæлæ адæймаджы æнæниздзинад та бындуронæй пырх кæнынц. Украинæйаг хæстонтæй НАТО-йы къухдариуæгад «самадтой» киборгтæ, хæрзæххæст хæстонтæ. Арæх украинæйаг хæстон райсы уæззау цæфтæ, йæ къах кæнæ йæ къух ныппырх кæны, фæлæ уæддæр йæ хъазуатон тох нæ ныууадзы. Афтæмæй та ахæм уавæрты адæймаг хъуамæ фыррыстæй уадзыг дæр бауыдаид.

«Хæстон наркотиктæй» фыццаг хатт спайда кодта Гитлер Дыккаг дунеон хæсты. Синтетикон наркотик «метамфетамин» та 1893 азы æрымысыд япойнаг химик Нагаи Нагаёси æмæ йæ миниуджытæй дисы бафтыдта дохтырты – адæймаг-иу йе ‘ндæвдады фæрцы фæхъаруджындæр ис, йæ фæллад-иу фæлыгъд, ссис-иу диссаджы уæнгрог æмæ цæрдæг. 1930 азты фармацевттæ сæхи технологимæ гæсгæ райдыдтой уадзын ацы наркотик æмæ йæ схуыдтой «Первитин». Немыцаг фашисттæ йын уайтагъд бамбæрстой йæ пайдадзинад æмæ бар радтой, цæмæй дзы пайда кæной сæ гарзджын тыхтæ. 1939 азы Польшæмæ бабырсыны рæстæджы немыцаг хæстонтæ иууылдæр уыдысты «первитины» æндæвдады бын. Польшæйаг хæстонтæ дисгæнгæйæ кастысты æнæулæфт æмæ æнæфынæйæ немыцаг салдаттæ-иу цалдæр суткæйы дæргъы куыд хæцыдысты. Ахæм хæстонты ныхмæ зын у хæцын – ныхмæлæууæджы уæнгты тас æфтауынц. Суанг-ма сæм паникæ фæзыны. Уый фæстæ гитлеронтæ наркотиктæй спайда кодтой Францмæ бабырсыны рæстæджы. Ацы операцийы рæстæджы уыдон спайда кодтой 35 милуан таблеткæйæ.

Первитин адæймаджы организмыл тынг æвзæр кæй æндавы, уый тагъд рабæрæг. Фæлæ Германы æфсæддон къухдариуæгад куырмау йæхи ницы уынæг скодта. Фæлæ фæстæдæр формалон æгъдауæй нал уагътой наркотиктæ дæттын хæстонтæн. Фæлæ сæ сусæгæй ифтонг кодтой. Уыцы салдаттæ æнцонтæй кæй мардтой сабыр цæрæг адæмы, фыдмитæ сын кæй кодтой, сылгоймæгтыл æмæ сывæллæттыл кæй нæ ауæрстой, уый сæ хъуыдыйы дæр нæ уыдис.

1944 азы марты мæйы финнаг разысгарæн-диверсион къорд æрбахъуызыд советон æфсады фæсчъылдыммæ. Рæстæгыл сæ федтой сырхæфсæддонтæ, хæст бацайдагъ, советтон æфсæддонтæ финнæгты ныддæрæн кодтой. Капрал Аймо Койвунен чысыл къордимæ бамбал æмæ лыгъд систа фронты ‘рдæм, цæмæй аирвæзтаиккой. Цæрын кæй нæ фæнды? Егъау миты лæгæрдынæй фæллайын райдыдта. Лыжæтæ йæм уыдис, фæлæ уæддæр, йе ‘мбæлттæй фæсте баззад. Уацары бахауын та йæ нæ фæндыд. Уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ хызыны метамфетаминтæ кæй ис æнæхъæн взводы фаг. Ацы наркотиктæй-иу салдаттæ нормæйæ фылдæр арæх банызтой æмæ сын сæ уæд къухтæм нал дæттой – æууæнкджын æмæ фæлтæрд хæстонмæ-иу сæ раттой иууылдæр æмæ-иу сын сæ уый рæстæгæй-рæстæгмæ байуæрста.

Койвунены фæндыдис иу таблеткæ баназын, фæлæ уыд тынг уазал, таблеткæты пачкæ ныссалдис, æрмкъухтимæ нал арæхстис сæ ахицæн кæнынмæ, фæстейæ та йæ сырхæфсæддонтæ æййæфтой, æмæ уæд пачкæ æнæхъæнæй, 30 таблеткæйы аныхъуырдта. Ахæм дозæйæ хуымæтæг уавæрты адæймаг амæлы. Капрал Аймо йæ лыжæтыл адард сырхæфсæддонтæй, йе ‘мбæлтты фæрсты дæр цъи-уау атахт æмæ йæхимæ æрцыд æрмæстдæр дыккаг райсом.

Йæ организмы æгæр бирæ наркотик кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ цæуынæй нæ лæууыд, æп-пынæдзух ын уыд галлюцинацитæ. Иу ран бамбæлд хæдзаргондыл, арт дзы скодта æмæ йын æнæхъæнæй ссыгъд – йæхæдæг дæр ма тыххæй раирвæзт. Уый фæстæ та ссардта дзæгъæл æфсæддон лагерь, фæлæ йыл бахизæны минæ спырх ис æмæ фæцæф. Дарддæр бадзæгъæл зæронд арæзт блиндажмæ æмæ та йыл ам дæр цыдæр срæмыгъта. Райста дзæвгар цæфтæ æмæ ма контузи дæр, афтæмæй дыууæ къуырийы дæргъы рахау-бахау кодта хъæдты – хордта нæзыбæласы къуыбыртæ, гуыркъотæ æмæ иу хатт та æрцахста тæхаг цъиу. Фæстæдæр æй федтой хæдтæхæгæй æмæ йæм рарвыстой саперон къорд æмæ санитарты.

Дохтыртæ йæ куы басгæрстой, уæд сæ дисæн кæрон нал уыд – йæ зæрдæйы куыст уыд 200 цæфы минуты æмæ йæ уæз та уыд æрмæстдæр 43 килограммы. Æдæппæт ацыд 400 километрæй фылдæр 30 градусон уазалы. Хæстхъом нал ссис – йæ къæхты æнгуылдзтæй йын цалдæр алыг кодтой, фæлæ 71 азы онг фæцардис. Койвунены цауы фæстæ финнаг æфсæддонты нал уагътой наркотиктæй пайда кæнын.

АИШ хорз базыдта «наркотикты темæ» Дыккаг дунеон хæсты рæстæджы æмæ æрæвнæлдта ног стимулятортæ аразынмæ. Вьетнамы хæсты америкæйаг хæстонтæ арæх уыдысты наркотикты æндæвдады бын. Уый фæстæ та уыдысты Иракы, Югославийы, Афганистаны, Ливийы, Сирийы ныхмæ агресситæ. «Хæстон наркотиктæ» АИШ йæхи солдаттыл стæм хатт фæлвары – йæ цæдисон æмбæлттæ ма йæ цæмæн хъæуынц. Фæлæ уæддæр наркотиктæй бирæтæ пайда кæнынц АИШ-ы гарзджын тыхты. 2021 азы сæрмагонд къамис сбæлвырд кодта, АИШ-ы солдатты 40% бæрц æппынæдзух кæй пайда кæнынц психостимулятортæй. Сержант Джо Биггс 2013 азы фыста: «Афганистаны нын алкæцы хæстон операцийы хæдразмæ лæвæрдтой таблеткæтæ, цæмæй, дам, ныфсхаст уат. Кæй-иу нæ фæндыд, уыдоны дæр-иу сразы кодтой. Æцæгдæр-иу нæ тас фесæфт, фæлæ-иу нын уый фæстæ райдыдтой «ломкæтæ» æмæ-иу сæ нæхæдæг курын райдыдтам».

АИШ-ы денджызон фистæгæфсады спецкъорды хæстонты анонимон æгъдауæй бафарстой æмæ иууылдæр басастысты, хæстон операцимæ цæуыны рæстæджы-иу кæй уыдысты наркотикты æндæвдады бын. Украинæйы дæр пайда кæнынц америкæйаг наркотиктæй – ныры онг сæ кой дæр кæмæн нæ фехъуыстой, ахæмтæ æвзарынц украинæйаг хæстонтыл. Украинæйы лабораториты куыст дæр, фыццаджыдæр, здæхт уыдис ног «хæстон наркотиктæ» саразынмæ. Салдаттыл никуы ничи фæхъуыды кæны, уæлдайдæр та украинæйаг хæстонтыл.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.