УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин фæндон бахаста Украинæйы территорийыл америкæйаг биологон лабораториты архайд раиртасыны фæдыл къамис саразыны тыххæй. Ацы хъæппæрисы фарс рахæцыд Паддзахадон Думæйы Совет. Володин куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ахсджиаг у, цæмæй ИНО, Европæйы Советы Парламентон Ассамблея базонгæ уой уавæримæ æмæ уыдон дæр хайад райсой Украинæйы Иугонд Штатты биологон лабораториты архайд раиртасыны куысты. «АИШ-ы паддзахадон департаменты минæвæрттæ фæлварынц  украинæйаг территорийыл биолабораториты тыххæй факттæ æхсæнадæй бамбæхсынмæ, цæмæй мачи зона, уым цы архайдтой, уый тыххæй», – фехъусын кодта уый.

Ис документалон зонæнтæ, зæгъгæ, Украинæйы биолабораториты куыстæуыд биологон хæцæнгарз саразыныл, кæцытæн финанстæ лæвæрдта АИШ-ы хъахъхъæнынады министрад. Райдианы зындгонд уыд ахæм 15 объекты тыххæй: цыппар – Киевы цур æмæ столицæйы, æртæ – Львовы районы, Харьков, Херсон, Одессæ, Винница, Тернополы, Николаевы, Полтава æмæ Ужгороды. Фæстдæр фехъусынчындæуыд, зæгъгæ, Украинæйы уыд 30  ахæм лабораторийы.

УФ-йы Хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, зæгъгæ, Украинæйы АИШ-ы биолабораторитæй пайда кодтой биологон æрмæджытæ бакусыны тыххæй, кæцытæн сæ бон уыдаид равзаргæйæ (избирательно) алыгъуызон этникон къордты куынæг кæнын. УФ-йы Гарзджын тыхты радиацион, химион æмæ биологон хъахъхъæныны æфсæдты хистæр Игорь Кириллов куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ америкæйæгтæн сæ къухты бафтыд Львов æмæ Польшæмæ документацийы, биологон æрмæджытæ æмæ ифтонггæрзтæ Киев, Харьков æмæ Одессæйы лабораторитæй аласын. «Зæгъæн ис, АИШ æмæ се ‘мцæдисонты хæстæй иу кæй уыд биоагенттæ саразын, кæцытæ равзаргæйæ куынæг кодтаиккой цæрджыты алыгъуызон этникон къордты», – загъта Кириллов. Йæ ныхæстæм гæсгæ, 24-æм февралы уыдон иууылдæр райстой хæс-лæвæрд Украинæйы æнæниздзинад хъахъхъæнын министрадæй, цæмæй лабораториты цы биоагенттæ уыд, уыдон иууылдæр куынæг æрцыдаиккой. Куыд зыны, афтæмæй æфсæддон-биологон лабораториты программæ реализаци адарддæр кæныны тыххæй æппæт æнæ-мæнгхъæуæг æрмæджытæ уæдмæ алас-тæуыд Украинæйы территорийæ.

Фæлæ кæд Украинæйы фæлварынц Пентагонимæ иумæ биохæцæнгарзы бакуыстыты фæдтæ бамбæхсынмæ, кæцытæ гæнæн ис æркодтаиккой æцæг бактериологон катастрофæмæ, уæддæр дунеон нормæты фехалыны цауты тыххæй документтæ бахаудтой уæрæсейаг хъахъхъæнынады министрадмæ. Украинæ æрмæст ядерон хæцæнгарзыл нæ куыста, фæлæ биологон хæцæнгарз саразыныл дæр. Специалон операцийы рæстæджы уæрæсейаг хæстонты къухмæ бахаудтой ацы документтæ – Харьков æмæ Полтавæйы биолабораториты тæссаг патогентæ скуынæг кæныны тыххæй акттæ. Емынæ, сыбыраг хъæдгом (язва), туляремия, холерæ, фадынæг æмæ æндæртæ  сты иу-уыл тæссагдæр низты цырынгæнджытæ. Райсгæ документтæ фидар кæнынц, зæгъгæ, украинæйаг биолабораториты, Уæрæсейы территоримæ хæрзæввахс куыст цыд биологон хæцæнгарзы компоненттæ саразыныл. Ацы лабораторитæ кæм архайдтой, уым-иу æвиппайды фæ-зындысты стæм низтæ. Киевы цур – емынæ. Херсоны цур – холерæ. Харьковмæ æввахс – туляремия.

«Харьков æмæ Полтавæйы не ‘фсæддонты къухмæ цы документтæ бахаудтой, уым дзырд цæуы сæйраджыдæр ахæм бактериты тыххæй, кæцытæ сты фыццаг рады уæлдай тæссагдæр къорды бактеритæ.  Уыдон цыран апырх кодтаиккой, уым гæнæн ис фæмард уыдаиккой дæсгай, сæдæгай мин адæймæгтæ. Фæстаг дæс азы дæргъы Украинæйы АИШ сарæзтой дæсгай биолабораторитæ, цæмæй сахуыр кодтаиккой славяйнæгты ДНК сæ ныхмæ биологон хæцæнгарз саразыны тыххæй. Æрæджы куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ  ацы лабораториты АИШ Украинæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадимæ иумæ уагътой туджы бирæнымæц иртасæнтæ, ДНК-йы эксперименттæ.

Раздæры Советон Цæдисы бæстæты биолабораторитæ гом кæнын райдыдтой 1990-æм азты. Картæмæ куы æркæсæм, уæд зыны, уыдон кæй æрхъула кодтой Уæрæсейы территори практиконæй æппæт периметрмæ гæсгæ. Дунеон конвенцитæм гæсгæ бар нæй биологон хæцæнгарз бакусынæн. Уымæ гæсгæ АИШ сæхи территорийыл нæ аразынц ахæм лабораторитæ.

Ацы лабораторитæ цахæм тæссагдзинад хæссынц, уый тыххæй æрæджы сæрмагонд конференцийы радзырдта Украинæйы Æдасдзинады службæйы раздæры кусæг Василий Прозоров. Йæ ныхæстæм гæсгæ 2007 азæй АИШ фактон æгъдауæй æрæвнæлдтой централон референц-лаборатори æмæ уæлдай тæссагдæр патогентæ æмæ æфснайæндæттæ аразынмæ», – радзырдта Прозоров.

Номхуындæй, америкæйæгтæ Укранæйы сарæзтой централон референц-лаборатори уæлдай тæссагдæр патогентæ æфснайæндонимæ. Уыимæ уый равæрд æрцыд, Киевы иууыл фылдæр адæм кæм цæры, ахæм районы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, америкæйæгтæ цы иртасæнтæ уагътой, уырдæм æрбакондæуыд Украинæйы гарзджын тыхты 4 мин æфсæддон службæгæнæджы республикæйы алы æмæ алы къуымтæй. Афтæмæй америкæйæгтæ райстой бæстæйы алыгъуызон областты  цæрджыты туджы 4 мин хуызæджы бæрц. Æрæмбырдгонд æрмæгимæ дарддæры фæлварæнтæ уыдонæн фадат радтой иу кæнæ иннæ регионы инфекци апарахат кæныны тæссагдзинад æмæ масштабтæн саргъ кæнынæн. Æмæ уый бындурыл биологон хæцæнгарз саразын бæрæг генон характеристикæтимæ адæймæгтæн зиан æрхæссыны тыххæй. Æмæ ныр уыдон фидарæй зонынц, иу кæнæ иннæ вирусы ныхмæ, зæгъæм, Ныгуылæн Украинæйæ рацæугæтæ куыд реакци кæндзысты, уый. Æмæ уый куыд бандавдзæн Скæсæн Украинæйы, зæгъæм, Харьковы областы минæвæрттыл, кæцыты генотип фактон æгъдауæй у Уæрæсейы цæрджыты хуызæн. Афтæмæй ма уыдонæн  æвзарæн архайды вирус саразынмæ  баззад иу къахдзæф», – банысан кодта Василий Прозоров.

Фæлæ, табу Хуыцауæн, ныр кæд сæ къухы нал бафтид сæ фæнд сæххæст кæнын.

АИШ-ы паддзахадон нымæрдары хæдивæг Виктория Нуланд фехъусын кодта, зæгъгæ, Украинæйы ис биологон иртасæнты объекттæ. Киев æмæ Вашингтон ныртæккæ кусынц ууыл, цæмæй уым цы æрмæджытæ уыд, уыдон ма бахауой уæрæсейаг тыхты къухтæм. «Украинæйы ис биологон иртасæнтæ уадзæн объекттæ. Мах катай кæнæм, уыдоны уæрæсейаг æфсæдтæ сæ контролы бынмæ райсыныл куы бафæлварой ууыл, уымæ гæсгæ мах кусæм украинæгтимæ, цæмæй уыцы иртасæн æрмæджытæ ма бахауой уæ-рæсейаг тыхты къухтæм», – загъта Виктория Нуланд.

 

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.