Куыд зонæм, афтæмæй æрæджы нæ республикæйы арæзт æрцыд Фæллойад æмæ социалон рæзты министрад.  Министрад сырæзт президенты бахæсмæ гæсгæ, хицауады органты структурæтæм кадрон ивындзинæдтæ куы бахаста, уæд.

Ног министрад та арæзт æрцыд Лигъдæтты фæдыл комитеты базæйыл. Ныр уыдонмæ Æнæниздзинады министрадæй алæвæрдтой социалон ифтонгкæнынады функцитæ. Гаглойты Аланы барамындæй уыцы бынаты министрæй снысан кодтой Гаглойты Олегы. Уый уæдмæ куыста РХИ-йы Юстицийы министрæй.

Фæллойад æмæ социалон рæзты министр информацион агентад «Спутник – Южная Осетия»-йæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй: «Ацы министрад саразыны нысан уыд социалон сферæмæ хуыздæр хъусдард аздахынæн. Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты  министрад йæ куысты сæйраг акцент арæзта æнæниздзинады фарстатыл. Æмæ-иу фæллойад æмæ социалон фарстатæ фæсвæд аззадысты. Ныр хъуамæ уавæр фæхуыздæр уа. Не ‘мбæстæгтæ кæдæм бацæуой æмæ пенсион ифтонгады, мæгуырдзинад æмæ ма æндæр социалон фарстатæ кæм аскъуыддзаг кæной, уый сын уыдзæнис», – дзырдта Гаглойты Олег.

Уый ма загъта, министрад нырмæ кæй куыста кадртæ æвæрыны фарстатæ æмæ хайадтæ аразыныл. Социалон кусджытæ кæдфæнды дæр хъуамæ цæттæ уой практикон æгъдауæй баххуыс кæнынмæ. Адæмимæ бындуронæй ныхас кæныны нысанæн районты дæр хъуамæ сырæза  хайадтæ. Уыцы куыстытæм æрæвналдзысты ног азы фæстæ.

Министрад йæ хъус дардзæн бинонты фарстатæ, демографийы уавæр, стæй æвзонг бинонты ‘хсæн ахастытæм дæр. Уымæй уæлдай министрад фæнд кæны ногбацæргæ æмкъæйттимæ ахадгæ куыст бакæнын дæр. Уымæн æмæ фадыджы специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй хатгай бинонтæ кæрæдзи нæ фембарынц цыдæр чысыл проблемæты аххосæй æмæ сæ цард сæнад вæййы. Ахæм рæстæджы сæ фарсмæ хъуамæ æрбалæууа социалон кусæг.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.