Къуырийы нысаниуæгджын цаутыл афæлгæст, бæстæйы размæцыды перспективæтæ æмæ дарддæры бакæнинаг куыстыты фæдыл йæ æрвылкъуырион брифингы рæстæджы Спутникы пресс-центры фæзуатыл дзырдта Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария.

Хъахъхъæнынады министрады бакæнгæ куыстыл

Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты Генералон штабы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Сергей Истраковимæ. Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой æмархайды фарстатыл æмæ РХИ-йы Гарзджын тыхты хицæн дæлхæйтты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмæ бакæныны тыххæй 2017 азы сразыдзинады пункттæ реализаци кæныныл.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фæстаг азты 500 хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнæгæй фылдæр службæ кæнынмæ бацыдысты Хуссар Ирыстоны УФ-йы уæвæг 4-æм æфсæддон базæмæ. Ацы базæйы службæгæнгæйæ, æрмæст профессионалон æфсæддон цæттæдзинадæй дарддæр исынц хорз куыстмыздтæ. Уымæ гæсгæ сразыдзинадæн ис æрмæст æфсæддон нæ, фæлæ социалон-политикон нысаниуæг дæр. Æфсæддон уагдæтты сæргълæуджытæ банысан кодтой сæ иумæйаг архайды фæстиуджытæ æмæ æввахс рæстæджы перспективæтæ æмæ плæнттæ. Уымæй дарддæр экспертон къордты минæвæрттæ къуырийы дæргъы кусдзысты алыфарсон здæхтыты. Сергей Истраков ма ныфс бавæрдта, уагдæтты дарддæры æмархайд ноджы кæй фидардæр кæндзæн, уымæй.

Сразыдзинады пункттæй ма сæйраг у æфсæддон службæгæнджыты пенсийæ ифтонг кæныны фарст. Бирæ æфсæддон службæгæнджытæ сæ пенситæ аразынц æмæ сæ исынц Цæгат Ирыстоны территорийыл. Уый æмрæнхъ, нырма уыцы хъуыддаг алкæй къухты нæ бафтыд, уымæн æмæ пенситæ аразыны процедурæ у ног æмæ документтæ цæттæ кæныны рæстæджы фæзыны цæлхдуртæ. Фæлæ паддзахады сæргълæууæг хыгъдон пресс-конференцийы рæстæджы банысан кодта, зæгъгæ, азы кæронмæ æфсæддон службæгæнджыты пенситæй ифтонг кæныны фарст бæстон хъуамæ æрцæуа.

Брифингы рæстæджы ма Хъотайты чызг загъта, зæгъгæ, ивгъуыд къуырийы кæрон æфсæддон ард бахордтой 50 æвзонг æрсиддоны. Уыдонæн нæ национ хъайтартæй дарддæр хъæбатырдзинады цæвиттон суыдзæн Тасболат Ибрашев, кæцы 2008 азы сабыр цæрджыты бахъахъхъæныны нысанæн иунæгæй слæууыд гуырдзиаг æфсады раз. Уый Хус-сар Ирыстоны Президенты Барамындæй хорзæхджын æрцыд майданæй. Нæ адæм хъуыды кæндзысты уыцы хъайтары удуæлдай ми.

Хицауады архайдыл дзургæйæ

Хъотайты Мария дарддæр дзырдта бæстæйы хицауады куыст æмæ архайдыл. Хуссар Ирыстоны Хицауад тыхсы стратегион вазыгджын фадгуыты цардархайд модернизаци кæныныл. Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик бахæс кодта Æнæниздзинад хъахъхъæныны, Ахуырад æмæ зонады, Культурæйы министрадтæ, Зонад-иртасæн институт æмæ ХИПУ-йы къухдариуæггæнджытæн, цæмæй ног азы 15 январмæ Хицауадмæ æрбавдисой æввахс æртæ азмæ райрæзты фадыгон программæтæ.

«Уыцы фадыгон программæ баст хъуамæ уа республикæйы социалон-экономикон рæзты Инвестицион программæимæ. Уымæн æмæ уыцы программæйы фæлгæтты реализаци цæудзæн финансон ифтонгад дæр. Фадыгон программæтæ хъуамæ бавдыст æрцæуой 2030 азы онг социалон-экономикон рæзты стратегийы фæлгæтты. Ацы фарстытыл уынаффæ цæудзæн æрлæугæ азы февралы мæйы Æхсæнпаддзахадон къамисы радон рабадты. Боны фæткы бирæ фарстатæ ис, уыцы нымæцы бюджетон фадыджы кусджытæн сæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны фарст дæр», – дзырдта иформацион уагдоны сæргълæууæг.

Нæ бæстæйы Инвестицион программæ азы кæронмæ куыд реализаци æрцыд, уый фæдыл бæстæйы сæргълæууæг йæ хыгъдон пресс-конференцийы фехъусын кодта, зæгъгæ, æххæст æрцыд сæдæ процентæй. Йæ фæстиуджытæ йын бæрæг кодтой Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрад æмæ Нымайæн палатæйы минæвæрттæ. Ныхасгæнæг ма банысан кодта, 2018-19 азты Инвестицион программæты хын-цыд не ‘рцыд финансон фæрæзтæ æнæнысанмæздæхтæй хардз кæныны цаутæ, уымæн æмæ арæзтадон объекттæ æдзух уыдысты Президент æмæ Хицауады Сæрдары карз хъусдарды бын.

Социалон фадыджы æнтыстытæ

Информацион комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, 2020 аз йемыдзаг уыдзæн социалон фадыджы æнтыстытæй. Бюджетон фадыджы кусджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын æмæ сæ цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнын кæмæн хъæуы, уыдоны уавæртæ фæрогдæр уыдзысты. Уымæй дард-дæр паддзахадон бюджет фæфылдæр уыдзæн кредитон фæрæзтæй, кæцытæ йæ рæстæджы хардз æрцыдысты æнæзакъонæй, сæрмагондæй, Сæрмагонд хыгъдæй.

Транскамы уавæрыл дзургæйæ

Æрлæугæ азы ма æрæвналдæуыдзæн ног скъола æмæ сывæллæтты рæвдауæндон-цæхæрадоны арæзтадмæ. Бæстæйы фыццаг хатт æрæвналдзысты ипотекæйы хуызы цæрæнуаты арæзтадмæ. Уымæн йæ процент уыдзæн минималон – æхсæз проценты. Уый хыгъд Уæрæсейы территорийыл ипотекæ у дæс проценты. Ахæм арæзтад къухты бафт-дзæн уæрæсейаг инвесторы руаджы. Ныртæккæ паддзахад аразы хæрзвадат уавæртæ инвестортæ æрхонынæн.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Хуссар Ирыстоны фæзынд йæхи сертификацигонд сæн, дыргъдæттæ. Ныртæккæ ма план цæуы Знауыры районы æхсæры талатæ ныссадзын. Уыцы хъуыддагмæ йæ райдианы хъæуы цæрджытæ стыр æнæразыдзинад равдыстой.

Инвестор  Тæтæраты Алан фæндон бахаста æхсæры талатæ бынæттон цæрджытæн ныссадзын кæнын. Цæттæ у æнæпроцентон кредит 250 мин сомы бæрц талаты хуызы радтынмæ, уымæй дæр агротехникæимæ. Æмæ ма ноджы – кредиты рæстæджы кæд сывæллон райгуырды фæдыл бæлвырдгæ-нæн æрбавдыстæуа, уæд хæсæн йæ 50 проценты сфыст æрцæудзæн. Дыккаг æнгæс бæлвырдгæнæны рæстæджы та – æгас суммæ. Уый, Хъотайты чызгы ныхæстæм гæсгæ, у социалон ахъазджын проект.

Ацы хъуыддаджы фæдыл цымыдисдзинад ныридæгæн равдыстой Цхинвалы районы цæрджытæ æмæ бахатыдысты Хуссар Ирыс-тоны Парламентмæ, уæрæсейаг инвесторимæ æмгуыстадмæ цæттæдзинады фæндонимæ.

Къуырийы цаутыл афæлгæсты рæстæджы ма Спутникы уазæг банысан кодта республикæйы Экономикæйы министрады æмархайд сириаг коллегæтимæ, дыууæ бæстæйы базарадон хæдзæрттæ бакæныны нысанæн.

Пырх цæрæнуат æндидзыны фарст нырма кæронмæ бæстон не ‘рцыд

2008 азы хæстон агрессийы рæстæджы пырх хæдзæрттæ æндидзын кæнын адарддæр уыдзæн æрлæугæ азы. Ацы ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй кæд амæй размæ азты егъау финансон фæрæзтæ хицæн цыд, уæддæр нырма бирæ адæм цæрынц пырх хæдзæртты æмæ фатерты. Цæрæнуат сæндидзын кæныны фæдыл программæ раджы æрцыд æхгæд, фæлæ паддзахады сæргълæууæг уыцы хъуыддаджы бæрндзинад йæхимæ райста. Арæзт æрцыд 30 хисæрмагонд хæдзары, хæсты æфхæрд цы фатертæ баййæфтой, уыдон цалцæг цæуынц, бирæуæладзыгон хæдзæртты ивд цæуынц лифтытæ, кæцытæ нæ куыстой дæргъвæтин азты.

Ног азмæ цæттæгæнæн куыстытæ

Нæ республикæйы ныртæккæ цæуы æрлæугæ 2020 азыл аккагæй сæмбæлыны фæдыл ахсджиаг мадзæлттæ. Театралон фæзуаты æвæрд æрцыд 15 метры дæргъæнæн наз бæлас. Горæты администраци амал кæны уæлæмхас гирляндæтæ æмæ алыгъуызон но-газон хъазæнтæ. Горæтæн ногазон хуыз радтыны нысанæн хицæн æрцыд 700 мин сомы бæрц.

Культурон фадыджы

Культурон фадыджы махмæ æнхъæлмæ кæсы сюрпризтæ. Не ‘мзæххон Цоциты Златæйæн уыдзæн концерт «Чермен»-ы. Театры та уагъд цæудзæн Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстады фæдыл спектаклы премьерæ, кæцыйы режиссер у Роман Габриа.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.