Информацион агентад «Спутник – Хуссар Ирыстоны» пресс-центры Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария йæ радон брифингы райдианы раарфæ кодта Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæн, сæ ведомствойыл 11 азы кæй сæххæст, уый цытæн.

«Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ, зынгхуыссынгæнджытæ, ирвæзынгæнджытæ æдзухæй бæрзонд кæнынц сæ цæттæдзинады æмвæзад æмæ сæхи цардæн тæссаг уавæрты тох кæнынц стихион æнамонддзинæдты фæстиуджытимæ. Æрвылаз дæр нæ абитуриенттæ уæлвæткон уавæрты хаххыл ахуырмæ бацæуынц Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм. Сæ ахуыр фæуыны фæстæ куы æрыздæхынц, уæд куыстæй ифтонг æрцæуынц республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады», – банысан кодта Хъотайты Мария.

Уый ма раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны ахуыргæнджытæн дæр, сæ профессионалон бæрæгбоны сæраппонд. Загъта сын æнæниздзинад æмæ хæрзиуджыты фæндиæгтæ.

Комитеты сæрдар дзырдта Хуссар Ирыстонмæ Луганскы Адæмон Республикæйæ официалон балцы æрцæуæг делегацийы тыххæй дæр.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, уыцы балцы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæ, Уæлвæткон уавæрты министрад æмæ Мидхъуыддæгты министрадтæ сæ луганскаг коллегæтимæ сæ къухтæ æрфыстой æмгуысткæнынады тыххæй сразыдзинæдтыл.

«Сразыдзинадыл къух æрфыссын нысан кæны кæрæдзийы фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнын, æнгом æмахастытыл. Æхсæнведомствойон æмгуысткæнынад та здæхт у дыууæ бæстæйы коллегæты ‘хсæн кусæгон бастдзинæдтæ фидар кæнынмæ æмæ рæзынмæ», – банысан кодта Хъотайты Мария æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, æрæджы Хуссар Ирыстонмæ æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Генпрокуратурæйы делегаци дæр.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй уæрæсейаг коллегæтимæ сразыдзинады фæлгæтты афæдз дыууæ хатты Хуссар Ирыстоны прокурортæ ацæуынц Мæскуымæ, уым райсынц кæрæдзийы фæлтæрддзинад, сæ хъус дарынц, УФ закъæттæм æмæ кодекстæм цы ног ивындзинæдтæ хаст цæуы, уыдонмæ æмæ ахуыр кæнынц, ногдзи-нæдтæй практикæйы куыд пайда цæуы, уыдæттæ.

Уæрæсейаг коллегæтимæ фембæлдтытæ хуссарирыстойнаг прокуратурæйы кусджытæн æххуыс кæнынц, Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд чи сарæзта æмæ Уæрæсейы Федерацийы территорийыл чи æмбæхсы, уыцы фыдгæнджыты фыдракæндтæ раргом кæнынæн. Дыууæ ведомствойы æнгом ахастыты руаджы ныридæгæн æргом æрцыд цалдæр фыдракæнды.

Комитеты сæргълæууæг ра-дзырдта, фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæныл цы æндыгъд уавæр сæвзæрд, уый тыххæй дæр. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, нæ парламентаритæ фарстатæ дæттынц, 2009 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæны демаркаци æмæ делимитацийы фæдыл цы къамис кусы, уый уæнгтæм. Арæныл æндыгъд уа-вæр сæвзæрд, Знауыры районы Цънелисы хъæуы гуырдзиæгтæ блокпост кæй сæвæрдтой, уый фæстиуæгæн. Цæрджыты æдас-дзинад сифтонг кæнын æмæ республикæйы бахъахъхъæныны ны-санæн уым 23 сентябрæй фæстæ-мæ лæууынц нæ арæнхъахъхъæнджытæ.

«Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ цалынмæ уазæлттæ не ‘рбалæууыдысты, уæдмæ нæ хицауиуæгад батыхст нæ хæстонты максималон комфортыл. Нæ арæнхъахъхъæнджытæ ифтонг сты хъæрмадæй дæр æмæ хæлцæй дæр. Зæгъæн ис, уыдон ифтонг кæй сты алцæмæй дæр. Уымæй бæрæг у, республикæйы хицауиуæгад кæй нæ рох кæны йæ арæнхъахъхъæнджыты, хæстонты æмæ æмбæстæгты», – загъта Мария æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Цънелисы  хъæумæ æрбацæуæны æвæрд æрцыд шлагбаумтæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй фæстаг рæстæджы актуалон ссис Цхинвалы ахæстоны ахæстты æххормагдзинад расидыны темæ.

Хъотайты Марияйы ныхæстæм гæсгæ, ахæсттæ æххормагдзинад расидтысты, цæмæй хъусдард раздахой, сæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæстоны цы фæткхалынæдтæ ис, уыдонмæ.

«Ахæсттæ дзурынц, зæгъгæ, хæринаг аразæг хæлдта санитарон нормæтæ, уыимæ ма уыдон разы не сты, тезгъо кæныны рæстæг кæй фæкъаддæр, афтæ ма сæм сæ хæстæджытæ цы хуынтæ хастой, уыдоны нымæц кæй фæкъаддæр, уымæй дæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæсттæ сарæзтой серьезон фыдракæндтæ, фæлæ уыцы категорийы адæймæгтæн дæр ис бæрæг закъонон бартæ. Уый тыххæй ахæстонмæ парламентариты бацыд дзурæг у, адæмы æвзæрст адæймæгты кæй цымыдис кæны сæ адæмы цард, сæ проблемæтæ.

Депутаттæ байхъуыстой ахæстоны уæвджытæм, æркастысты, кæд закъон хæлд цæуы, уæд æй куыд рараст кæной, уыдæттæм. Юстицийы министр дæр байхъуыста ахæсттæм æмæ хæринаг аразджытæй иу иуварс æрцыд йæ бынатæй, цалынмæ мидæггагон фæдысгарæн мадзæлттæ уагъд цæуой, уæдмæ», – радзырдта комитеты сæрдар.

Информацион ведомствойы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй барадхъахъхъæнæг ор-гантæм ис информаци, хи фæндон-мæ гæсгæ ахæсттæй алчи æххор-магдзинад кæй нæ расидт, уый фæдыл.

«Криминалон адæймæгты ‘хсæн ис сæхи «закъæттæ», алы хатт дæр се ‘хсæн вæййы цалдæр авторитеты, кæцытæ иннæтæн амонынц, ома сын æххæст кæнын кæнынц ахæстоны царды фæткойтæ. Барадхъахъхъæнджыты информацимæ гæсгæ, ахæстты ‘хсæн ис цалдæр «авторитеты», кæцытæ тæрсын кæнынц иннæты, нæ сæ фæуадзынц хæрæндонмæ, райсомы сфарстмæ цæуын. Афтæмæй халынц мидæггагон фæткæвæрд. Уый тыххæй, барадхъахъхъæнджытæм гæсгæ, змæнтджытæ чи сты, уыдон хицæн куы æрцыдысты иннæтæй, уæд ахæсттæ хæринаг хæрын æмæ дон нуазын райдыдтой. Ахæсттæн фæфылдæр кодтой тезгъойы рæстæг, ныфс сын бавæрдтой æрвитæггæгты фарст æрбæстон кæнынæй дæр», – банысан кодта Хъотайты Мария.

Комитеты сæрдар куыд радзырдта, афтæмæй барадхъахъхъæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæстоны уæвджытæ куы федтой, æххормагдзинадæн эффект кæй уыд, уый, уæд дзы пайда кæнын райдыдтой шантажы хуызы, уымæй фæлвæрдтой ахæстоны администрацийы манипуляци кæнын.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæсттæн нæй барадон режимы бæсты сæхи фæтк æвæрыны бар, фæлæ ахæстты нæмын дæр куысты бынаты æххæстбартæ халын у», – кæронбæттæны банысан кодта Хъотайты Мария.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.