Знон 25 ног автобусы рацыдысты «Дзæуджыхъæу-Беслæн» маршрутыл. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло. Транспорт ифтонггонд у видеосцæстдарды системæ, тахогроф, ГЛОНАСС-æй. Уыимæ ма дзы фæндаггаг бафидæн ис банчы картæйы руаджы. Ныртæккæ специалисттæ архайынц фæтк афтæ рацаразын, цæмæй автобустæ «Дзæуджыхъæу»-ы аэропорты уылты цæуой.

Сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй дзуапдæттæг комитетæй домы, цæмæй бæлццæттæ бæлвырдæй зоной австобустæ цы рæстæгыл цæудзысты, уый. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, хицæн адæймæгты лæггæдтæй дæр дарддæр пайда кæндзысты. Бæлццæттæ хъуамæ сæхæдæг равзарой æнцондæр фадæттæ сын кæцы транспорты ис, уый. Хицауады хæс у афоныл æмæ нырыккон домæнтимæ транспортон лæггæдтæ æххæст кæнын æмæ ууыл куыст цæудзæн, – загъта регионы разамонæг.

 

Аивадон музейы байгом равдыст

Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы байгом равдыст “Хуры сывæллæттæ”. Егъау экспозици баст у ирон Нартиадæйы азимæ. Хаст æм æрцыдысты аивадон музейы фондтæй, Национ, театралон аивады музейтæй, паддзахадон филармонийы стæй Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институтæй экспонаттæ. Равдысты фенæн ис нывкæнынады, графикæйы, скульптурæйы, æрмдæсныйады дæнцæгтæ. Уымæй дарддæр – ивгъуыд æнусы 40-æм азты мыхуыры чи рацыд, ахæм чингуытæ. Экспозицийы бæрæг дарынц Тугъанты Махарбеджы, Дзанайты Азанбеджы, Хохты Аслæнджерийы, Сабанты Хаджумары, Харебаты Валаны, Дзиуаты Батразы æмæ æндæр зындгонд ирыстойнаг нывгæнæджы æмæ скульпторы куыстытæ. Уымæй дарддæр се ʻппæтæн дæр фадат ис, абарæн кæмæн нæй, уыцы музыкалон театр “Арвайдæн”-ы костюмтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2023-æм аз Цæгат Ирыстоны нымад æрцыд ирон Нартиадæйы азыл. Йæ сæйраг нысан у адæмон сфæлдыстад æмæ этнокультурон аивад парахат кæнын.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.