РЕСПУБЛИКÆЙÆН – НОГ  РАЗАМЫНД

Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуынц кадрты ивддзи-нæдтæ. Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег барвæндонæй ацыд йæ куыстæй. Йæ бынатмæ нысангонд æрцыд республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Æгъуызарты Мурат.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы хицау Челæхсаты Рустемы раивта Гобеты Ибрагим. Уый раздæр куыста Сыбыры федералон зылды, Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæгæй.

Челæхсаты Рустемы раздæры хæдивæг Ортабайты Виктор нысангонд æрцыд республикæйы Сæргълæууæджы æххæстбарджын минæварæй Цæгат Ирыстоны Парламенты.

Барвæндонæй ацыд йæ куыстæй Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан. Ацы бонты йæ бынатмæ æвзæрст æрцæудзæн цалдæр кандидатурæйæ иу.

Спорты министр Хуыгаты Алан æмæ йæ хæдивæг Санаты Аидæ уæгъдгонд æрцыдысты сæ куыстытæй. Хуыгайы-фырты бынатмæ нысангонд æрцыд республикæйы экономикон рæзты министры хæдивæг Коцты Сослан.

Республикæйы раздæры Сæргълæууæджы пресс-службæйы разамонæг Сæбанты Фатимæйы раивта зынд-гонд журналист Дзгойты Ольгæ.

Республикæйы ног Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы æххуысгæнджытæй алы къабазы æвзæрст æрцыдысты Карсанаты Олег, Дзуццаты Батырбег, Хъуысаты Мæирбег æмæ Олег Баранов.

Уæлдæр ранымад ног разамонджытæ се ʻппæт дæр нырма сты сæ хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнджытæ. Дарддæр цæуынц кадрты ивддзинæдтæ.

 

АХУЫРГОНДИМÆ  ФЕМБÆЛД

Майрæмбоны Ирыстоны цæрджытæ стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты зындгонд историк æмæ археолог Владимир Кузнецовыл. Ахуыргондмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты Ирыстоны дзыллæ æмæ ныр сæ къухы бафтыд йемæ фембæлын.

Владимир Кузнецов фыццаджыдæр, фембæлд республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлоимæ. Уый ахуыргондæн зæрдæбын арфæтæ ракодта йæ наукон-иртасæн куыстыты тыххæй, алайнаг истори дунейæн кæй базонын кодта, ирон адæмы æгъдæуттæ æмæ культурæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы  Ирыстонæн цы стыр хæрзты бацыд, уый тыххæй.

Владимир Кузнецов дæр йæ рады бузныг загъта Сергей Меняйлойæн, Ирыстоны йын йæ фæллойæн кæй аргъ кæнынц, уый тыххæй æмæ йын балæвар кодта йæ ног чингуытæ.

Уый фæстæ ахуыргондæн фембæлд уыд Дзæуджыхъæуы Национ музейы республикæйы интеллигенциимæ. Фембæлд амыдта Национ хъуыддæгты фæдыл министр Цуциты Аслан. Уазæг фысымты базонгæ кодта йæ ног чиныгимæ «Кто мы», зæгъгæ, æмæ дзы балæвар кодта фембæлды архайджытæн.  Радзырдта, Ирыстоны истори куыд æвзæрста, цы цæлхдуртыл сæмбæлд, куыд нæ йæ уагътой рæстдзинад дзурын, иухатт ын йæ микрофон дæр куыд ахуыссын кодтой, уæддæр ахæм уавæрты  йæ къухы цас бафтыд, уыдæттæ.

Кæронбæттæны, Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сæргълæууæг Икъаты  Русланбег ахуыргонды схорзæхджын кодта майдан «Дзæуджыхъæу – Хæстон намысы горæт»-æй.

Кузнецов бæлвырд дзуаппытæ радта журналистты бирæ фарстытæн. Ахуыргонд æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран ныфс бавæрдта, цалынмæ йæ бон кусын уа, уæдмæ Ирыстоны истори дарддæр кæй æвзардзæн, уымæй.

 

МАДÆЛОН  ÆВЗАДЖЫ  КАДÆН

Суанг майы мæйы райдайæнæй республикæйы цæуынц ирон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн алыхуызон мадзæлттæ. Уыдон сты: конкурстæ, викторинæтæ, концерт-тæ, ерыстæ, тематикон уроктæ… Уый бæрæг цæуы æрвылаз 15 майы, Къостайы æнæмæлгæ «Ирон фæндыр» мыхуыры куы рацыд, уыцы боны кадæн.

Бæрæгбоны фæдыл республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло арфæ ракодта Ирыстоны цæрджытæн:

«Зæрдиагæй уын арфæ кæнын ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл! Ацы бæрæгбонæн стыр нысаниуæг ис республикæйы царды, ирон адæмы хъысмæты…  Бæрæгбон иу хатт вæййы, фæлæ нæ хæс у алы бон дæр ирон æвзаг æмæ культурæ парахат кæнын, фыдæлты кад æмæ намысы аккаг уæвын!».

Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæлгæты Цæгат Ирыстоны мыхуыры æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты комитет æмæ литературон-аивадон, æхсæнадон-политикон журнал «Мах дуг» дæр  расидтысты «Мах дуг»-ы дунеон преми.

Журналы историйы уый у фыццаг ахæм конкурс. Йæ нысан у ирон æвзаг æмæ литературæйы кад фæбæрзонддæр кæнын, авторты литературон уацмыстæ фыссынмæ разæнгард кæнын, алы бæстæты цы ирæттæ цæры, уыдоны Ирыстонмæ æрбангомдæр кæнын, журналкæсджыты ног нæмттимæ базонгæ кæнын. Иуныхасæй, æмхуызонæй ирон литературæйы рæзтыл бакусын.

Преми райсыны конкурсы ис фондз номинацийы: прозæ; поэзи; публицистикæ; драматурги; аивадон тæлмац. Конкурсы архайджытæ кармæ гæсгæ дихгонд цæудзысты æртæ къордыл: 7 азæй 15 азмæ; 16  азæй 35 азмæ; 36 азæй уæлæмæ.

Конкурсы куыстытæ ист цæуынц 15-æм майæ 30-æм октябрьмæ. Ноябры мæйы сæрмагонд къамисы уæнгтæ аргъ скæндзысты авторты уацмыстæн æмæ 10-æм декабры уæлахиздзаутæ хорзæхджынгонд æрцæудзысты æхцайы преми, премийы нысан (эмблемæ) æмæ дипломтæй.

                                                                            Нæ  уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.