Ацы цаумæ Ирыстоны дзыллæтæ æнхъæлмæ кастысты цалдæр азы. Кæддæр, сæдæ фæндзай азы размæ, лютерайнаг дины аргъуан чи уыд, уымæй 1945 азы арæзт æрцыд Паддзахадон филармони. Æцæг, бындурон цалцæг нал æрцыд 35 азы бæрц. Зæронд бæстыхай бамбыд, ныкæлæддзаг ис. Тас ын уыд ныккæлынæй дæр. Уымæй уæлдай, бæстыхай арæх цыд лæвæрд арендæйы алыхуызон партитæн, организацитæн, дины сектæтæн, цæмæй йæ коммуналон лæггæдты фаг уæддæр куыстаид æмæ афтæмæй бынтондæр раууатмæ æрцыд.

2015 азы  сентябры Æгъуызарты Тамерлан республикæйы сæргъ куы слæууыд, уæд йæ фыццаградон хæстæй иуыл банымадта музыкалон театр сцалцæг кæнын. Æмæ йæ аразгæ дæр скодта. Æцæг æй, хъыгагæн, йæхæдæг нал федта.

Реконструкцийы рæстæджы фидаргонд æрцыдысты бæстыхайæн йæ бындур æмæ къултæ, арæзт дзы æрцыд ног фойе, инвалидтæн бынæттæ, ног бандæттæ æмæ рудзгуытæ, зал æмæ сценæ фестырдæр кодтой, кусджытæ æмæ репетици чи кæндзæн, уыдонæн филармонийы иу хай рахицæн æмæ сифтонг кодтой хъæугæ уавæртæй. Мидæгæй зынаргъ фæлгонц къултæ æмæ полтæ цæхæртæ калынц. Фæлæ æппæт уыдон аразгæйæ, кусджытæ бахъахъ-хъæдтой бæстыхайы историон хуыз.

Филармони байгом кæныны кадджын мадзалмæ æрбацыд бирæ уазджытæ Уæрæсе æмæ Цæгат Кавказы регионтæй. Нæ циныл бацин кæнынмæ Ирыстонмæ æрбацыдысты Уæрæсейы Федерацийы вице-премьер Ольга Голодец, федералон министрадтæй: æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг Татьяна Яковлева, ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Вениамин Каганов, фæллойы æмæ социалон хъахъхъæ-нынады министры хæдивæг Григорий Лекарев,  культурæйы министры хæдивæг Владимир Аристархов, Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, федералон æххæстгæнæг хицауады иннæ органты минæвæрттæ, аивады бирæ зынгæ архайджытæ. Стыр культурон цауы сæйрагдæр уыд Гергиты Валерийы æрцыд Мариинаг театры труппæимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæрæгбонмæ бахауын кæй фæндыд, уыдонæн дзы се ‘мбис дæр нæ бацыд. Уымæ гæсгæ уынджы æвæрд æрцыд стыр экран æмæ адæм комкоммæ трансляцимæ кастысты уым.

Фыццагдæр, филармонийы бахизæны диссаджы театралон равдыст сарæзтой ирон æмæ уырыссаг театрты артисттæ, стæй ЦИПУ-йы аивадон факультеты студенттæ. Уыдон, æнудæсæм æнусы костюмтæ скæнгæйæ, æвдыстой алыхуызон инсценировкæтæ, сылгоймæгты къухты веертæ, афтæмæй тезгъо кодтой филармонийы кæрты алыхуызон музыкалон фигуркæты раз.

РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид дæр хайад райста масштабон реконструкцийы фæстæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Паддзахадон филармони байгом кæныны церемонийы. Сырх лентæ алыг кодтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид.

Филармонийы бахизæны рагон Дзæуджыхъæуы кадртæ равдисыны фæстæ раныхас кодта УФ-йы вице-премьер Ольга Голодец.

«Уый у уникалон ногазон лæвар Дзæуджыхъæуæн, Цæгат Ирыстонæн æмæ æппæт дунейæн. Дзæуджыхъæумæ рагæй æмбæлд сноггонд уникалон бæстыхай. Æз ранымайдзынæн нырыккон Уæрæсейы цалдæр номы, кæцытæ сты нырыккон дунеон культурæйы ирддæр стъалытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон сты Гергиты Валери, Сухиты Тугъан, Дудараты Вероникæ, Уазиты Махар… Ацы республикæ нæ бæстæйæн дæтты тынг бирæ курдиатджын адæймæгты æмæ хъуамæ нымад æрцæуа дунеон культурон столицæйыл. Æз хъуыды кæныны афтæ, æмæ, цæмæй Дзæуджыхъæу æцæгæйдæр суа музыкалон коллективты, музыкалон фестивалты центр, уый тыххæй арæзт æрцыд фыццаг къахдзæф», – загъта Голодец.

Тыбылты Леонид йæ раныхасы бахахх кодта ахæм стыр культурон мадзалы нысаниуæджы тыххæй: “Фæнды мæ арфæ ракæнын ирон адæмæн ацы бæрæгбоны фæдыл. Ахæм ахсджиаг культурон объект дзурæг у ууыл, æмæ Уæрæсейы, стæй республикæйы разамынд кæй хъуыды кæнынц нацийы культурæйы рæзты фидæныл. Уымæн æмæ нацийæн æнæ монон рæзт нæй сомбон”.

Битарты Вячеслав, сæйраджыдæр, радзырдта бæстыхайы историон нысаниуæджы, стæй арæзтад куыд цыд, уый тыххæй. “Ацы хъæппæрис рацыд дзæнæты бадинаг Æгъуызарты Тамерланæй. Сфæнд кодта филармонийæн йæ раздæры кад раздахын. Фыццаг хатт куы æрбацыдыстæм æмæ бæстыхай ахæм уавæры куы федтам, уæд нæ ныфс нал хастам. Фæлæ йæ ныхас нал фæсайдта. Бузныг Гергиты Валерийæн. Уый йæ райдианæй йæ кæронмæ бæрæг кодта арæзтад. Куы-иу кæцы горæтæй фæдзырдта, куы – кæцы. Фарста нæ, кæд истæмæй тыхсут, зæгъгæ. Йæ зынаргъ æмбæрзæн æрмæджытæ дæр нын у уый лæвар сты. Зæгъын ма мæ фæнды иу хъуыддаджы тыххæй. Ацы стыр арæзтады бюджетон æхцатæ, зæгъæн ис, нæй. Æгъуызарты Тамерланы фæндæй ацы хæрдзтæ сæхимæ райстой амалхъомтæ Мырзахъулты Анатоли, Икъаты Русланбег, Билаонты Батраз, Бердыты Вадим, Дзанайты Барис, Мамиаты Чермен æмæ иннæтæ. Ныфс мæ ис, филармони дунейæн кæй ратдзæн ног стъалытæ”. Уый фæстæ, иу минут æмырæй алæугæйæ, бæрæгбоны архайджытæ ссардтой Æгъуызарты Тамерланы рухс ном.

Æнкъарæнтæй йедзаг уыд Гергиты Валерийы раныхас дæр: “Æз райгуырдтæн Дзæуджыхъæуы фæрнджын горæты. Æвдайæм азты фыццаг хатт концертмæ бакастæн ацы филармонийы. Уымæ гæс-гæ мын уæлдай адджын у ацы бæрæгбон. Кæд нырæй фæстæмæ дæр Ирыстоны разамынд адæмæн хæрзæбоны хъуыддæгтыл архайа, уæд кæддæриддæр уыдзынæн сæ фарсмæ. Уырны мæ, Дзæуджыхъæу йæ раздæры статус – Хуссар Уæрæсейы культурон центры статус фæстæмæ кæй райсдзæн, уый”.

Гергиты Валери ма раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидæн, афтæ ма оркестрæн дæр æмæ зæрдыл æрлæууын кодта, номхуындæй, ацы музыканттæ кæй ралæууыдысты 2008 азы пырх Цхинвалы æмæ хæрзæрæджы та – ссæрибаргонд Пальмирайы æмæ йæ бафæндыд æппæт дунейæн, цæмæй цæра æнæ хæстытæ æмæ цæстысыгтæй.

Тыбылты Леонид дæр бузныг загъта Гергиты Валерийæн культурæйы фадыджы хуссарирыстойнаг курдиатджын адæймæгтæн æппынæдзух кæй æххуыс кæны, уый тыххæй. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны адæм никуы ферох кæндзысты, Гергиты Валери æмæ Мариинаг театры артисттæ 2008 азы августы пырх Цхинвалы сæ ралæудæй хуссарирыстойнаг адæмæн цы стыр æххуыс бакодтой, уый тыххæй. «Хуссар Ирыстоны адæм сæ зæрдыл дарынц дунейы музыкæ, кæцы айхъуыст Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы. Абон нæ республикæ æндидзыд цæуы æмæ цæры сабыр арвы бын», – загъта Тыбылты Леонид.

Бæрæгбоны архайджытæ лæугæйæ тыхджын къухæмдзæгъд кодтой, Валерийы фырт Абысал фортепианойыл куы æрцагъта, уæд. Бæрæгбоны Мариинаг театр нæ республикæйы сывæллæтты хоримæ радтой стыр концерт.

Филармонийы бæстыхай реконструкцигонд нырма æрæджы фæцис, фæлæ ныридæгæн культурæйы министрадмæ алы регионтæй æрбацыд бирæ куырдиæттæ культурæйы ног артдзæсты концерттæ равдисыны

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.