Рæхджы Дзæуджыхъæуы арæнтæ ивд æрцæудзысты æмæ йæ территоримæ æрбаиу уыдзæн æппæты æввахсдæр хъæу Джызæлы иу хай. Уыдон уыдзысты зæххы хæйттæ. Ууыл ныхас цыд цалдæр азы дæргъы. Иу рæстæджы, æгæрыстæмæй, се ‘хсæн аразын райдыдтой трамвайты фæндаг дæр, фæлæ цыдæр аххосæгтæм гæсгæ бакъуылымпы.

Горæтгæрон районы хъæу Джызæлы фæзуатæй 25 гектары бæрц æрбаиу кæныны тыххæй баныхас кодтой Дзæуджыхъæу æмæ Джызæлы администрациты разамонджытæ, стæй уый фæдыл закъоны проект барвыстой республикæйы Парламентмæ. Закъон фидаргонд æрцыд.

Уыцы къахдзæфæн йæ сæйраг нысан у горæт æмæ хъæуы ‘хсæн территорийыл цы бырон культивацигæнæн полигон ис, уый хъысмæт. Закъон куыд амоны, афтæмæй полигон дыууæ административон арæны ‘хсæн ма хъуамæ уа, фæлæ хъуамæ уа иу муниципалон сконды территорийыл.

Фæлæ ма йын ис æндæр ахсджиаг нысан дæр: бæрæг куыд у, афтæмæй Дзæуджыхъæуы зæххытæ нал фаг кæны. Ныр ног территорийыл арæзт æрцæудзæудзысты хæдзæрттæ кæлæдздзаг бæстыхæйттæй кæй рахизын кæной, уыдонæн, стæй Бæслæны трагедийы хъыгдард баййафджытæн. Арæзт ма дзы æрцæудзысты Суворовон училищейы корпустæ дæр.

 

РАЙСДЗЫСТЫ  НОГ  ДÆСНЫЙÆДТÆ

Цæгат  Ирыстоны Куыст дæттыны службæйы руаджы ЦИПУ-йы бындурыл фæзынд ног дæсныйад «Журналист». Уый у федералон проект «Содействие занятости»-йы фæлгæты. Проекты архайджытæ сты куыст кæмæн нæй, кæнæ йæ куыстæй ацæуынæй тас кæмæн у, уыцы журналисттæ. Уый сын, ЦИПУ –йы журналистикæйы факультеты фæстæ уыдзæн уæлæмхасæн ахуыр, æмæ дзы сфидар кæндзысты сæ зонындзинæдтæ. Ахуыр цæудзæн федералон бюджеты хардзæй æмæ аххæсдзæн декабрмæ.  Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, уæлæмхасæн ахуырад цы журналисттæ райсой, уыдон куыст ссардзысты æнцондæрæй.

Иннæ проект «Образование» -йы фæлгæты та арæзт æрцыд, ныры домæнтæн æппæтæй дæр дзуапп чи дæтты, ахæм скъолатæ Цæлыкк æмæ Дзæуджыхъæуы, стæй 27-æм скъолайы бындурыл сывæллæтты технопарк «Кванториум». Скъолатæ ифтонг сты компьютерон кълæстæй, залтæй, хæрæндæттæй, æрмадзтæй, улæфæн фæзтæй, стадионтæ æмæ бирæ æндæр нырыккон удæнцойтæй.

Кванториум та арæзт у йæ зæрдæ физикæ, химия, биология æмæ технологиямæ здæхт кæмæн у, уыдоны тыххæй.

Дарддæр ма ацы проекты фæлгæты арæзт цæуынц скъолатæ æндæр хъæуты. Уымæй  уæлдай 22 хъæууон скъолайы бындурыл арæзт æрцæудзæн ахуырадон центртæ «Точка роста», зæгъгæ. Уыдоны рæзгæ фæлтæр исдзысты уæлæмхасæн арф зонындзинæдтæ.

                                                                             Нæ  уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.