Бæстæйы сæргълæууæджы æдзух хъусдарды бын сты республикæйы территорийыл æппæт арæзтадон объекттæ. Ныртæккæ кæд сæйраг хъусдард здæхт у, дунейы цы низ рапарахат, уый æруромынмæ, уæддæр бæстæйы къухдариуæгад æмбæлон ахаст дары царды алы къабазмæ дæр.

Æрæджы дæр Президент Бибылты Анатоли инспекцион азылд сарæзта Ленингоры районы Цъинагары хъæуы арæзтадон объекттыл.

Цъинагары скъолайы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тыхтæй арæзт цæуы спортивон зал. Йæ арæзтад кæронмæ хъуамæ бахæццæ уыдаид ацы аз октябры мæйы. Фæлæ нырма дæр уыцы куыстытæ конд нæ фесты.

Уый фæдыл бæстæйы сæргълæууæг ныхас кодта районы сæргълæууæг Мамытаты Витали, подрядон организацийы къухдариуæггæнæг æмæ кусджытимæ. Бибылты Анатоли банысан кодта подрядон, районы къухдариуæгад æмæ арæзтадыл контролгæнæн организацийы æмархайды ныллæг æмвæзад. Балцы фæстиуджытæм гæсгæ бæстæйы сæргълæууæг сарæзта къорд фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ, кæцытæ хъуамæ рараст кæной уавæр.

Бибылты Анатоли ма бабæрæг кодта Цъинагары хъæуы амбулатори. Бæстыхай цæттæ у эксплуатацимæ радтынмæ, фæлæ медицинон персонал нырмадæр сты зæронд бæстыхайы.

Амбулаторийы бæстыхайы алфæмблай территори схæрзарæзт кæнын æмæ медицинон уагдоны куыстæн æнæмæнгхъæуæг инвентарь амал кæныны фæдыл Президент бакодта къорд хæслæвæрды.

Бибылты Анатоли ныхас кодта амбулаторийы персоналимæ. Уый цымыдис кодта, район куыд цæттæ у коронавирусон инфекцийы ныхмæ фæлæууынмæ. Абоны бонмæ Цъинагар æмæ йæ алфæмблай хъæуты нæй ацы инфекцион низæй рынчынтæ. Фæлæ Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, амбулаторийы хъуамæ уа æнæмæнгхъæуæг препаратты фæсауæрцтæ. Уыимæ иумæ ма бахæс кодта, амбулатори хъуагдзинад цы хостæй æййафы, уыдон номхыгъд саразын дæр.

Президент ма медицинон персоналимæ æруынаффæ кодта ног дохтыр снысан кæныны фарстыл, афтиак бакæнын æмæ социалон кусджыты куыст сорганизаци кæныныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.