Нæ республикæйы разамынад сæрмагонд хъусдард здахы Ленингоры районмæ. Цалдæр азы размæ ацы районы цæрджытæн сæ царды уавæртæ зынгæ фæхуыздæр сты нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм автомобилон фæндаг сæм кæй сырæзт, уымæй. Уымæй дарддæр ма скъуыддзаг цæуынц ,бирæ азты дæргъы йæ территорийыл цы проблемæтæ уыд, уыдон дæр. Афтæ азæй-азмæ район йæ хуыз ивы хуыздæры ‘рдæм, йæ цæрджыты царды æмвæзад та бæрзондæй бæрзонддæр кæны.

Цъинагар, Орчъосан, Монастъер, Абреу, Гъдулет æмæ Дзукъатыхъæуы цæрджыты рагæй фæстæмæ тыхсын кодта æмæ сæ иууыл стырдæр бæллиц уыд Громæй сæм фæндаджы арæзтад. Уымæн æмæ, горæтмæ цæугæйæ, уый фæцыбырдæр кæндзæнис фæндаджы дæргъ 25 километры бæрц. Ныр уыцы фæндаг у цæттæ, кæд официалонæй эксплуатацимæ лæвæрд нæма æрцыд, уæддæр ыл машинæтæ ныридæгæн цæуынц сæрибарæй.

Хъæууон адæймагæн сæйраг сты фæндаг, рухс æмæ дон. Цъинагары цæрджытæ рагæй æвзæрстой доны хъуагдзинад æмæ сын ныр уыцы бæллиц сæххæст. Хъæумæ рауагъд æрцыд нуазыны дон. Ивд æрцыдысты электрохæххытæ дæр. Банысан хъæуы уый, æмæ ацы хъæуты телцæджындзтæ ивд кæй нæ цыдысты советон дугæй нырмæ. Цъинагары хъæуы ивгъуыд аз баконд æрцыд сывæллæтты рæвдауæндон дæр.

Цъинагайрæгтæ ма хъаст кодтой, амбулатори сын кæй нæй, ууыл дæр. Ныр уыцы амбулатори арæзт æрцыд Дзукъатыхъæуы. Ныртæккæ уым Ленингоры районы цæрæн-коммуналон хæдзарады тыхтæй цæуы мидæггагон æмæ хæрзарæзтадон куыстытæ. Уыдзæнис дзы æртæ хатæны – стоматолог, фельдшер æмæ, процедурæтæ уагъд кæм цæуа, ахæм хатæн.

Цъинагары ма ацы аз арæзт æрцыд спортивон æмæ тренажерон зал дæр. Уый арæзт æрцыд Цъинагары астæуккаг скъолайы фарсмæ. 500 квадратон метры зал скъолайы агъуыстмæ иу æрцыд къæлидорæй. Ифтонг æрцыд хъармгæнæн системæйæ. Спортзалы иу хай бацахсдзæн тренажерон зал, кæцымæ ис хицæн бахизæн, цæмæй йæм ацы хъæуты цæрæг фæсивæдæн бацæуæн уа суткæйы алы афон дæр.

«Ацы дыууæ объект дæр эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты ног азмæ», – зæгъы Ленингоры районы цæрæн-коммуналон хæдзарады хистæр Хуыгаты Уасил.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.