Республикæйы алы мадзæлттæ арæзт цæуы, пандемийы вирусы райдайæнæй абоны онг, йæхи удæн тæссаг уæвгæйæ, рынчынты æвæллайгæ чи дзæбæх кæны, уыцы дохтырты, стæй уыцы тыхст заман адæммæ информаци æвæстиатæй чи хæццæ кодта, уыцы дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæн скад кæныны тыххæй.

Дохтырты номыл  цыртдзæвæн сæвæрыны фæндон хаст æрцыд цалдæр мæйы размæ. Уый тыххæй скульптортæ цæттæ кæнынц эскизтæ. Ныр та 1-æм октябрæй нæ республикæйы фыццаг хатт райдыдта дохтырты ‘хсæн конкурс  «Цæгат Ирыстоны хуыздæр дохтыр». Уый арæзт цæуы регионалон проект «Обеспечение медицинских организаций системы здравоохранения квалифицированными кадрами»-йы фæлгæты. Йæ нысан у дохтырты кад фæбæрзонддæр кæнын, æнтыстытæм сæ разæнгард кæнын æмæ, сæйрагдæр, уыцы хуызы сын бузныг зæгъын. Организатортæ куыд зæгъынц, афтæмæй республикæйы бирæ ис сæ куыст хорз чи зоны, ахæм дохтыртæ, фæлæ сын алы хатт æмбæлгæ аргъ не ‘рцæуы сæ куыстæн. Уæлдай рохуаты баззайынц, дард хъæуты чи кусы, уыдон. Уымæ гæсгæ ахсджиаг сты ахæм конкурстæ.

Конкурс арæзт цæуы дыууæ номинацийæ: участокы хуыздæр дохтыр æмæ участокы хуыздæр педиатр (сывæллæтты дохтыр). Ерыстæ цæуынц медакадемийы залы. Конкурсы архайджытæ  цæудзысты компьютерон тест, документтимæ архайын, рынчынæн æвæстиат æххуыс бакæнын, стæй медицинæйы бирæ æндæр фарстатæн дзуапп раттын. Кæронбæттæны цы кандидатты равзарой, уыдоныл та дарддæр хъæлæс кæндзысты онлайн хуызы республикæйы цæрджытæ. Ахсджиаг у дохтырты архайдмæ адæм цы цæстæнгас дарынц, уый.

Иумæйагæй конкурсæн аргъ кæндзæн профилон къамис, ис дзы æндæр регионтæй æрбахонгæ эксперттæ. Фыццаг дыууæ бынаты уæлахиздзаутæ райсдзысты фатертæ, дыккаг бынæттæн – æхцайы премитæ.

Конкурсы бæрæггæнæнтæ бахынцдзысты ацы азы кæронмæ.

Дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ дæр стыр бавæрæн бахастой карантины рæстæджы адæмы уавæр фæрогдæр кæнынмæ. Тæссаг уавæры кусгæйæ иунæг бон дæр нæ фæцух газеттæ уадзыны хъуыддаг. Журналисттæ æрвылбон уыдысты сæ куысты уæлхъус. Æнæрцухæй хæццæ кодта адæммæ мыхуыр, стæй телевизор æмæ радиойæ низы ныхмæ алы амынддзинæдтæ.

Уымæ гæсгæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты æрæджы фæхуыдтой Национ музеймæ арфæ сын ракæнынмæ.  Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бузныг загъта журналисттæн сæ зын æмæ бæрнон куысты, стæй низы ныхмæ тохмæ стыр бавæрæн кæй бахастой, уый тыххæй æмæ Арфæйы фыстæджытæ радта газет «Рæстдзинад»-ы кусджытæ Бутаты Эльзæ, Сланты Аслан, Дедегкаты Зæлинæ, Хъойбайты Галинæ æмæ Саутæты Тамилæйæн.

Арфæйы фыстæджытæ ма райстой «Северная Осетия»-йы, «Слово»-йы телерадиокомпанитæ «Алани» æмæ «Осетия-Ирыстон»-ы къорд кусæджы.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.