Дзырдæн ис æгæрон стыр тых. Дзырдæй адæймаджы амарæн куыд ис, афтæ – цардмæ раздахæн дæр. Æмæ йæ къухмæ фыссæн сис чи райста æмæ æрвылбон дзырдимæ кусын йæ царды нысанæн чи равзæрста, уыцы журналист йæ куысты хæстæ куыд цæсгомджынæй æххæст кæны æмæ дзырдæй куыд пайда кæны, уымæй абон бирæ аразгæ у адæймаджы, æппæт æхсæнады цард. Афтæ уыд раздæр, афтæ у ныртæккæ æмæ уыдзæн райсом дæр.

А фæстаг рæстæг æппæт дуне, æппæт Уæрæсе, уыимæ, Цæгат Ирыстон дæр низæфтауæгимæ баст цы зындзинæдтыл сæмбæлд, уыдоны сæрты ахизынæн йе ‘ххуысы къух чи бадардта – чи йæ куысты бынатмæ гæсгæ, чи йæ зæрдæйы ахастмæ гæсгæ, уыдоны ‘хсæн дохтыртæ, медицинон кусджытæ, волонтертæ æмæ амалхъомтæй уæлдай уыдысты журналисттæ дæр.

Низæй хи бахъахъхъæныны охыл адæмæн сæ фылдæр хæдзары бадын куы бахъуыд, уæддæр журналисттæн сæ царды фæтк нæ аивта, æрвылбон дæр уыдысты сæ куысты уæлхъус æмæ, тæссаг низы ахасты бахауæг республикæ куыд цæры, цы уавæрты, куыд тох кæны низы ныхмæ æмæ цы мадзæлттæй архайы, цæмæй йыл фæуæлахиз уа, æппæт уыдæтты фæдыл хъусынгæнинæгтæ рæстзæрдæйæ æрвылбон хæццæ кодтой республикæйы цæрджытæм.

Цæгат Ирыстоны дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ знон æрбамбырд сты республикæйы Национ музеймæ – уырдæм сын сæ зæрдиаг куысты тыххæй арфæ ракæнынмæ æрбацыд республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

– Ног низæфтауæг куы рапарахат ис, уæд йæ ныхмæ, фыццаджыдæр, æрлæууыдысты дохтыртæ, медицинон кусджытæ æрыгон фæлтæр, волонтертæ, амалхъомтæ, æхсæнадон минæвæрттæ, алчи дæр йе ‘ххуысы хай хаста низы ныхмæ тох кæныны иумæйаг хъуыддагмæ. Уыцы бонты адæмы цард бынтондæр аивта, æрмæст сымахæн – нæ. Æмæ уыцы зын рæстæджыты дæр уæ куысты хæстæ рæстзæрдæйæ, æнæкъуылымпыйæ æмæ цæсгомджынæй кæй æххæст кодтат, уый тыххæй уын арфæ кæнын. Низимæ баст уавæр абон дæр нывыл нæма у, уый нæ, фæлæ та ногæй кæны карздæр. Арфæ уын кæнын уæ дæсныдзинады тыххæй, æхсæнады размæ цы фарстатæ ис, уыдон алыг кæныны хъуыддаджы аккаг бавæрæн кæй хæссут æмæ стырзæрдæ кæй не стут, уый тыххæй. Уæ граждайнаг цæстæнгас, уæ цыргъзонд, æхсæнадæн пайда хæссынмæ кæй тырнут – æппæт уыдæттæ сты журналистæн аргъгæнæг æмæ цæвиттойнаг миниуджытæ. Уæ дæсныйады алкæд дæр æнтыстджын ут! – арфæ кæнгæйæ, загъта Битарты Вячеслав.

Республикæйы фæзуатыл ног коронавирусы хæцгæниз рапарахат кæнын не ‘руадзыны мадзæлтты архайыны тыххæй æмæ уыцы хъуыддагмæ аккаг бавæрæн бахæссыны тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæджытæ лæвæрд кæмæн æрцыдысты, уыдонимæ сты “Рæстдзинад”-ы коллективы минæвæрттæ дæр: сæйраг редакторы хæдивджытæ Сланты Аслан æмæ Бутаты Эльзæ, хистæр уацхæсджытæ Дедегкаты Зæлинæ, Саутæты Тамилæ æмæ Хъойбайты Галинæ.

Уыдонæй уæлдай, республикæйы Сæргълæууæджы арфæтæ райстой: телерадиокомпани “Алани”-йы кусджытæ – оператор Гайты Хетæг, уацхæссæг Хъалæгаты Надеждæ, сæрмагонд уацхæссæг Наталья Фрейбер, шеф-редактор Черчесты Зæринæ, шофыр Абайты Таймураз; национ телеуынынад “ОсетияИрыстон”-ы кусджытæ – рауагъды службæйы хицау Дзестелты Мария, шеф-редактортæ Хъуылаты Юри æмæ Гуыбаты Людмилæ, уацхæсджытæ Гæззаты Иринæ, Федор Сухарников æмæ Скъиаты Ларисæ, газет “Северная Осетия”-йы кусджытæ – уацхæсджытæ Гæцойты Наталья, Гуыбыраты Зæлинæ, Махъоты Мæдинæ, Всеволод Рязанов æмæ къамисæг Татьянæ Шеходанова; фæсивæдон газет “Слово”-йы кусджытæ – оператор Цагъаты Ларисæ, корректор Чъерджиаты Ларисæ, стæй уацхæсджытæ Бæззаты Алинæ, Сусаннæ Айвазян æмæ Хъæцмæзты Зæлинæ.

Газ. «Рæстдзинад»-æй

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.