ИРОН ЖУРНАЛИСТИКÆ – НОГ ÆМВÆЗАДЫЛ

7 октябры Сочийы йæ куыст райдыдта нырыккон журналистикæйы форум “Вся Россия – 2018”.  Ахæм стыр æмвæзадыл форумы архайыны кадджын хæс фыццаг хатт æрхаудта республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзтæм. Мадзалмæ цы 1200 журналисты фæхуыдтой, уыдонæй 25 сты Цæгат Ирыстонæй. Форум арæзт цæуы Уæрæсейы журналистикæйыл сæдæ азы сæххæсты фæлгæтты.

Мадзалы архайынц Уæрæсейы Журналистты цæдисы сæрдар Владимир Соловьев, стæй нæ бæстæйы федералон телеканалты æмæ газетты зындгонд журналисттæ, стыр æхсæнадон архайджытæ, хицауады алы æмвæзады минæвæрттæ. Се ‘ппæтмæ дæр æнхъæлмæ кæсы мидисджын программæ: пресс-конференцитæ, мастер-къласстæ, семинартæ æмæ алыхуызон ерыстæ. Æдæппæт 100 бæрц мадзалы. Зынгæ курдиатджын журналисттæ лекцитæ кæсдзысты æмæ сæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ цæстуарзонæй амондзысты кæстæр фæлтæрæн.

Программæйы домæнтæм гæсгæ, регионалон дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ сæ журналистон куыстытæ презентацийы хуызы рахæсдзысты форумы архайджыты размæ.  Къамис æвзардзæн уæлахиздзауты. Уыдонæн лæвæрд цæудзæн Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

“Ахæм стыр мадзалы архайыны фадат нын фæцис республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы руаджы. Уый æппæт хæрдзтæ дæр райста йæхимæ, цæмæй Ирыстоны делегаци форумы архайой. Уый  ахъаз у алыхуызон ахуырадон æмæ сфæлдыстадон программæтæ царды уадзынæн, æмæ йын не ‘ппæты номæй дæр стыр бузныг зæгъын. Ацы форум у ноджыдæр иу стыр къахдзæф Фыдыбæстæйы журналистикæйы рæзтмæ”, – загъта Уæрæсейы Журналистты цæдисы Цæгат Ирыстоны регионалон хайады сæрдар Хъуысаты Тимур.

Хæстæгдæр номыртæй иуы фехъусын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстонæй форумы чи архайдта æмæ уæлахиздзау чи ссис, уыдоны нæмттæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.