Ирон адæмæн хъæздыг истори æмæ традицитæ ис. Мах, канд уырыссаг адæмæй нæ, фæлæ бирæ цæмæйдæрты хицæн кæнæм Кавказы иннæ адæмтæй дæр. Уыдонæй сæйрагдæр у сабырдзинад кæй уарзæм, нæхи Уæрæсейæ æнæфæхицæнгæнгæ хай кæй хонæм, уый. Уыцы хъуыддаг æмбарынц уырыссаг адæм дæр æмæ нын аргъ кæнынц.  Æз никуы хъуыды кæнын æмæ, Петербурджы кæнæ Хъырымы уæвгæйæ, искæмæн «ирон дæн» загътон æмæ йын æхсызгон нæ уыди.

Ныр ссæдз азы дæргъы Петербурджы Автовойы муниципалон зылды Культурæйы хæдзары кусы ирон, вокалон-инструменталон ансамбль «Ирыстон СПб».  Уый раджы сси канд уымы цæрæг ирон адæмы нæ, фæлæ æндæр адæмты культурæйы артдзæст. Уал азы йын разамынд дæтты Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг æмæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæг Æлдаттаты Фатимæ.

Æрæджы ансамбль уæрæхæй сбæрæг кодта йæ сырæзты ссæдз азы. Юбилейон концерт-мæ æрбацыдысты канд Петербурджы ирон адæм нæ, фæлæ бирæ æндæр адæмыхæттытæ, кæцытæн уал азы дæргъы ирон ансамбль сси æввахс æмæ уарзон. Автовойы Культурæйы хæдзары адæмæй къухбакæнын нæ уыд.

Петербурджы ирон диаспорæйы минæвар Хъесаты Алан бирæ зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загъта ансамблы тыххæй:

«Ссæдз азы стыр фæндаг у. Уал азы ансамбль ирон культурæйы хæзнадонмæ цы бирæ хуынтæ бахаста, уыдонæн банымайæн нæй. Сымах ирон аивадимæ æндæр адæмты кæй зонгæ кæнут, уымæн стыр нысаниуæг ис æмæ уе ‘нтыстытæ фылдæр кæнæд, ирон ном куыд никуы фæчъизи кæнат, афтæ».

Хъесайы-фырт ма зæрдæбын арфæ ракодта Æлдаттаты Фатимæйæн дæр ирон аивадмæ, стæй нациты æмæ конфесситы ‘хсæн бастдзинæдтæ фидар кæнынмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй æмæ йæ схорзæхджын кодта Автовойы муниципалон зылды Кады грамотæйæ.

Бынæттон советы депутат И. Иванов дæр йæ рады ансамблæн балæвар кодта Автовойы зæрдылдарæн нысан, йæ зæрдæ сын загъта стыр сфæлдыстадон æнтыстытæ. «Ацы  коллектив уал азы нæ Культурæйы хæдзары кусгæйæ, махæн сси тынг зынаргъ. Йæ диссаджы кæфтытæй, музыкалон номыртæй ирдæй æвдисы таурæгъон ирон адæмы истори, традицитæ, культурæ. Йæ архайджытæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц ирæтты культурæ дард Уæрæсейы зæххыл».

Автовойы зылды Культурæйы хæдзары директор Олег Богомазов куыд загъта, афтæмæй ацы ран, 20 азы размæ, аивады фæндæгтыл афæндараст кодта ансамблы æмæ нæ фæфæсмон кодта. Йæ диссаджы концертон номыртæ систы ансамблы цæсгом, бынат ссардтой петербургаг адæмы зæрдæты æмæ сæм цæуынц æхсызгонæй.

Уый фæстæ Богомазов бакаст Цæгат Ирыстоны Хицауад æмæ бынæттон администрацийы арфæйы телеграммæ. Уым дзырдæуы: «Фатимæ, зæрдæбын бузныг дын зæгъæм дæ æввæллайгæ куыстæн, Ирыстонæй дард уæвгæйæ, нæ традицитæ нымайыны, национ-культурон хæзнатæ хъахъхъæнын æмæ фылдæр кæныны тыххæй. Дарддæры æнтыстытæ уын нæ цæст уарзы».  Æлдаттаты-чызг ма хорзæхджын æрцыд РЦИ-Аланийы Культурæйы министрады Кады грамотæйæ.

Цас цин, цас æнкъарæнтæ уыд бакæсæн ацы бон ансамблы разамонæджы цæстыты. Хæрз æрыгон чызгæй йæ къах æрæвæрдта Петербурджы зæххыл æмæ дзы нал фæцух. Фæлæ йæм уый фаг нæ фæкаст. Тынг æй фæндыд ирон æрдæхæрæны аивадимæ петербургаг адæмы базонгæ кæнын. Æмæ уый йæ къухы бафтыд. Ссæдз азы дæргъы, ансамблæн йæ сырæзтæй абоны онг йæ разамонæг у уый.

Цас рæсугъд, курдиатджын фæсивæдæн уыд ацы ансамбль сæ аивадмæ фæндаджы райдайæн, уыдонæн банымайæн нæй. Ныртæккæ дæр йе сконды ис иу сæдæ адæймаджы. Стæй канд ирæттæ нæ, фæлæ алы адæмыхæттытæй. Уый тыххæй сæрбæрзондæй хæссы йæ кадджын ном «Адæмон коллектив».  Йæ хорз номы тыххæй йыл, мыдыбындзытæ мыдыл куыд æмбырд кæной, афтæ æмбырд кæнынц фæсивæд. Æмæ дзы алкæмæн дæр ис бынат.

Ансамблы разамонæгæн стыр ныфс æмæ сæрыстыры хос сты ахæм аивады дæснытæ, куыд Дзанайты Алан, Чысиаты Руслан, Бестауты Наташæ, Дзуццаты Зæринæ, фаззæттæ Плиты Хетæг æмæ Георги, Туаты Фатимæ, Гæззаты Каринæ, Хетъеты Мæдинæ, Дзиойты Зауыр, Бузойты Тигран, Канан Намазов, Анна Сахно, Зæнджиаты Эдуард…   Ахуыргæнджытæ  Пагæты Аслан, Курбанова Аида, Джиоты Хазби, Цæкуылты Арсен  æмæ иннæтæ.

Ансамблы цæсгом сты ирон æнæмæлгæ Симд, Хохаг Кафт, Туаллаг кафт, Чызджыты кафт, Хонгæ… Арæх бацæттæ кæнынц ирон цардимæ баст инсценировкæтæ, уыимæ хæстон темæйыл дæр æмæ сын кæддæриддæр вæййы стыр æнтыст.

Ансамблæй стыр аивадмæ сæ фыццаг къахдзæфтæ акодтой культурæйы зынгæ архайджытæ Лалыты Хъазыбег, Челдыты Вадим, Цæллагты Рамазан…

Уымæн фæзæгъынц, хорздзинад ракæнын дæ куы фæнда, уæд æй кæм фæндыдæр скæндзынæ. Уый бæрæг у Æлдаттаты Фатимæйы цæвиттонæй. Ссæдз азы дæргъы цас цинтæ æмæ хъыгтæ бавзæрста, цас къуылымпытæ йæ куысты, фæлæ йыл никуы сыстырзæрдæ ис. Йæ царды нысан у ирон аивадимæ æндæр адæмты зонгæ кæнын æмæ йын уый у сæйрагдæр.

Æлдаттаты Фатимæ Петербургæй зæрдæбын арфæтæ æрвиты, нæ республикæйы Хицауадæн, администрацийы разамындæн, Культурæйы министрадæн, йæ куыстæн ын ахæм стыр аргъ кæй кæнынц, уый тыххæй.

Куыд ма фехъусын кодта, афтæмæй æнхъæлмæ кæсы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны аивад уарзаг фæсивæды ног фæлтæрмæ. Ансамблы дуæрттæ сын кæддæриддæр уыдзысты гом…

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.