Абон адæмы кæцыдæр хай наркотиктæ, психотропон æмæ токсикон препараттæй кæй пайда кæны, уый æрмæст иугай адæймæгты нæ, фæлæ æппæт дунеон æхсæнады проблемæ у. Наркотикон æмæ токсикон препараттæй пайда кæнын гоймаджы кæны моралон цауддзинадмæ, физиконæй халы организмы æмæ йæ кæрон цæуы мæлæтмæ. Наркомани, куыд æнæниздзинад хъахъхъæнынады, афтæ æхсæнады ахсджиагдæр æмæ риссагдæр фарстатæй  сæ иу у.

1909 азы Китайы горæт Шанхайы фыццаг хатт арæзт æрцыд наркотикты ныхмæ тох кæныны  фæдыл сæрмагонд  къамис. Йæ куысты архайдтой 13 паддзахады, уыдонимæ – Уæрæсе дæр. Цæмæй сæм азиаг бæстæтæй наркотиктæ ласт мауал цæуой, уымæн гæнæнтæ агуырдтой. Æнусæй фылдæр рацыд, фæлæ уыцы гæнæнтæ абон дæр нæма ссардтой.

Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблея 1987 азы рахаста уынаффæ, цæмæй алы аз дæр 26 июны бæрæг кæной наркотикты æмæ се ‘нæзакъонон зилдухы ныхмæ тох кæныны æппæтдунеон бон.

Наркотиктæй иудадзыг пайда кæныны аххосæй адæймаг психиконæй фæнизджын вæййы. Уавæр афтæ у, æмæ наркотиктæ æвзæрæрдæм фæзынынц сæры магъзы чырæгтыл. Фæстæдæр та фæивы йæ зондахасты æнахуыр æнкъарæнтæ: хъæлдзæг ахаст, лæмæгъдзинад, адæймагæй йæ зындзинæдтæ æрбайрох вæййынц, цæстытæ тарытæ фæкæнынц æмæ бирæ æндæр æнахуыр диссæгтæ.

Наркотикты тыххæй дунеон статистикæ ахæм у – дунейы алы ссæдзæм адæймаг (250 милуаны онг) бафæлвæрдта наркотикон препараттæ. Уыдонæй 78 проценты сты наркомантæ.

Уæрæсейы алы 100 мин адæймагæй 200 сты наркомантæ. Фæстаг статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ наркотиктæй алы аз дæр мæлы 70 мины онг адæймаг.

2020 азы пандемийы аххосæй зындзинæдтæ бавзæрс-той экономикæйы алы сферæ дæр. Ацы уавæрæй пайдагæнгæйæ, наркобазаргæнджытæн фадат фæци наркотикон фæрæзты фылдæрбæрцæй реализаци кæнынæн. Иумæйаг тыхстдзинад, æвзæнгты æмæ æнахъомты дистанцион ахуырад, кусæн бынæттæ фæкъаддæр кæнын  æмæ бафæлварын наркотикон буарадтæ апарахат кæныны фæрцы æфтиæгтæ райсын – æппæт ацы фактортæ фæфылдæр кодтой наркотикты зилдух куыд Уæрæсейы, афтæ æппæт дунейы дæр.

«Наркотикты тыххæй æппæтдунеон доклад – 2021»-ы дзырдæуы: 2020 азы наркотиктæй пайда кодта 275 милуан адæймаджы бæрц, 2019 азы амард 494 адæймаджы, наркотиктæй пайдагæнгæйæ.

Наркомани у низ, æгъатыр низ

Æппынæдзух наркотиктæй чи пайда кæны, уыцы адæймæгтæ фæрынчын вæййынц наркоманийæ. Уыдонæй сæ фылдæрмæ афтæ кæсы, æмæ наркомани у æрмæстдæр цайдагъдзинад, фæлæ уый афтæ нæу.

Адæймаг æппæты фыццаг наркотик куы бавзары, гъе, уæд уымæй райдайы наркомани. Наркоманы куы бафæрсай, цæмæн райдыдтай наркотиктæй пайда кæнын, зæгъгæ, уæд уыцы фарстмæ алкæмæ дæр разындзæн хицæн дзуапп. Наркоманты ацы æвзæр хъуыддагмæ æркæнынц алыхуызон аххосæгтæ, æрцæуынц æм алыхуызон фæндæгтыл, фæлæ сæ кæрон у иу…

Хъылмайы ахæсты чи бахауы, уыдоны нымæц азæй-азмæ фылдæр кæны. Ныртæккæ уæлдай парахатдæр кæнынц наркотикты фæлмæн хуызтæ (куыд марихуана, афтæ). Адон адæймаджы æрцахуыр кæнынц зондахасты дæлбардзинадыл. Фылдæр тæссагдзинад æмбæхсынц  афтæхуыйнæг «спастæ» кæнæ дымыны хæццæтæ. Фыццаг хатт сæ ад чи бавзары, уымæ фæзыны низы хуызæн дæлбардзинад. Дарддæр «фæлмæн» наркотиктæй тагъд рахизы тыхджындæр æмæ тæссагдæр буарадтæм (кокаин) кæнæ венæты судзин аразынмæ (героин) æмæ уыдон практикон æгъдауæй æркæнынц физикон дæлбардзинадмæ. Дунейы паддзахадтæн сæ фылдæр, уыдонимæ – Уæрæсе дæр, наркотикыл нымайынц героин, метадон, ЛСД, гæнæй конд препараттæ, экстази æмæ адæймаджы æнæниздзинадæн æндæр ахæм зианхæссæг буарадтæ.

Наркомантæн сæ фылдæр мæлынц героинæй. Ацы карз наркотик тугдадзинмæ кæй бауадзынц, уымæ гæсгæ наркомантæ æнцонæй фæрынчын вæййынц æртæ уæззау низæй – СПИД, сифилис æмæ гепатитæй. Наркоманæн фехалы йæ игæр, зæрдæ, рæуджытæ æмæ сæрымагъз, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм адæймагæн бирæ цæрæн бонтæ нæ вæййы. Наркомантæ фыдбылызы баппарынц сæхи, сæ хæстæджыты æмæ ма сæ байзæттæгты дæр. Уымæн æмæ сæ сывæллæттæ зондахастæй æмæ физикон æгъдауæй дæр вæййынц лæмæгъ.

Адæймагæн æнæ уæлдæф, дон æмæ хæринаг фæ-цæрын куыд нæу, афтæ наркоманæн дæр æнæ наркотикæй цæрын йæ бон нал вæййы. Наркоманæн йæ «хос» куынæуал уа, уæд æм цæрын дæр нал фæцæуы, райдайы уазал кæнын, бахæцы йыл гуыбынниз, йæ зæрдæ æппынæдзух кæны хæццæ, адæймаг бынтон слæмæгъ вæййы, йæ буар æмæ йе стæджытæ риссынц. Ахæм уавæрæй йæ фервæзын кæны æрмæстдæр наркотикы ног дозæ. Æмæ афтæ иу хаттæй – иннæмæ…

Наркомани райдайы, адæймаг фыццаг хатт наркотик куы бавзары, уæд  уымæй. Бирæтæ йæ фыццаг хатт бавзарынц  æнæнхъæлæджы, царды  исты уæззау уавæры куы бахауынц, уæд. Уæд сæм афтæ фæкæсы, цыма наркотикы фæрцы сæ цард фенцондæр уыдзæн, цы уавæр сæ тыхсын кæны, уымæн та æнцондæрæй алыггæнæн уыдзæн. Иннæтæ йæ фыццаг хатт бавзарынц уымæн, æмæ сæ нæ фæнды се ‘мбæлттæй истæмæй хицæн кæнын, цæмæй сæхи се ‘мрæнхъ æнкъарой. Æртыккæгтæ та – сæ фырæнæмæтæй, фырæвæлладæй, уæгъд рæстæг сын бирæ кæй ис кæнæ, уый «модæ» у, зæгъгæ, кæй хъуыды кæнынц, уый тыххæй. Фæлæ кæд «модæ» дæ зæрдæмæ афтæ хæстæг у, уæд ацу æмæ дæхицæн балхæн ног дзаума. Кæд дæ исты маст бацыд, истæуыл хъуырдухæн кæныс, уæд та аныхас кæн де ‘мбæлттимæ, раргом сын кæн дæ зæрдæйы катай. Сæрибар рæстæг бирæ кæмæн ис, уыцы адæймаг та йæ рæстæг цæуылнæ хардз кæны культурон, спортивон кæнæ æндæр исты пайда хъуыддæгтыл? Бирæтæ зæгъдзысты, уыдæттæн алцæмæн дæр æхца хъæуы, зæгъгæ. Æмæ наркотиктæ аслам сты, уыдонæн æхца нæ хъæуы? Уыдон канд æхца нæ, фæлæ ма нын нæ цард дæр куы байсынц. Наркотиктæ гыццылгай бацахсынц адæймагæн йæ алфæмблай дуне. Наркоманы ницыуал æндавы, алцыдæр æй ферох вæййы иунæг хъуыддагæй дарддæр…

Наркотиктæй пайда кæнын куы райдайы, уый фæстæ ма наркоман ацæры иу 7-10 азы. Ис ахæм наркомантæ æмæ рæстæгæйрæстæгмæ, сæхи адзæбæх кæнгæйæ, 15, 20 æмæ уымæй фылдæр азтæ чи ахæссы. Фæлæ ис, фыццаг дозæйæ дæр чи амæлы кæнæ ма хæрзцыбыр рæстæг, иу 6–8 мæйы чи ацæры, ахæмтæ дæр.

Наркотиктæй чи фæпайда кæны, уыдон та арæхдæр сты  30 азы онг ка-ры. Наркотикон дæлбардзинады лæппутæ æмæ чызджытæ дæр бахауынц сæхи аххосæй æмæ зонгæ-зонын. Уыдон вæййынц 15-16-аздзыд æвзæнгтæ. Фылдæр хатт наркотиктæй пайда кæнынц дискотекæты, æндæр æхсæнадон æмæ сусæггонд бынæтты дæр.

Кæд дызæрдыг кæнут, уæ сывæллон наркотиктæй пайда кæны, ууыл, уæд ын зонд ма амонут, стæй йæм æрдхъирæн дæр ма кæнут æмæ йæ ма ‘фхæрут. Хуыздæр у йæ фарсмæ æрбалæууын, йæ хъысмæтыл ын ахъуыды кæнын. Цас тагъддæр бацагурат сæрмагонд æххуыс, уыйас уыдзæн хуыздæр.

Зæрдыл дарын хъæуы: наркотиктыл къух сисынæй адæймаг, фыццаджыдæр, бахъахъхъæндзæн йе ‘нæниздзинад, хорз ахастдзинæдтæ йæ хæстæджытимæ æмæ йе ‘мбæлттимæ, йæ сывæллæттæ гуырдзысты æнæнизæй, адæймаг та йæхæдæг ал-кæддæр уыдзæн сæрибар.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.